Лука 15

15
1Хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ иууылдӕр цыдысты Йесомӕ байхъусынмӕ. 2Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ та Йӕм мӕсты кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ай тӕригъӕдджынты суазӕг кӕны ӕмӕ ӕмвынг у семӕ». 3Уӕд сын Йесо ракодта ацы фӕсномыг ныхас: 4«Зӕгъӕм, сымахӕй искӕмӕ сӕдӕ фысы ис ӕмӕ йын дзы иу фесӕфти. Ау, уӕд нӕуӕдз фараст фысы ӕдзӕрӕг быдыры нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ уыцы сӕфты фӕдыл нӕ ацӕудзӕн ӕмӕ йӕ нӕ агурдзӕн, цалынмӕ йӕ ссара, уӕдмӕ? 5Ӕмӕ йӕ куы ссара, уӕд ӕй, цингӕнгӕ, сисдзӕни йӕ уӕхскмӕ, 6ӕрцӕудзӕни хӕдзармӕ, ӕрбахондзӕн йӕ хӕлӕртты, йӕ сыхӕгты ӕмӕ сын зӕгъдзӕни: „Цин кӕнут мемӕ — мӕ сӕфт фысы ссардтон“. 7Зӕгъын уын, фӕсмоны сӕр кӕй нӕ хъӕуы, ахӕм нӕуӕдз фараст рӕстгӕнӕгӕй иу фӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджыны тыххӕй фылдӕр цин уыдзӕни уӕлӕрвты.
8Кӕнӕ райсӕм, йӕ дӕс драхмӕйӕ иу кӕмӕн фесӕфт, уыцы сылгоймаджы. Ау, цырӕгътӕ не ссудздзӕн ӕмӕ хӕдзар мӕрзын нӕ райдайдзӕн, ӕмӕ йӕ цалынмӕ не ссара, уӕдмӕ йӕ зӕрдиагӕй нӕ агурдзӕн? 9Ӕмӕ йӕ куы ссара, уӕд фӕдзурдзӕни йе ’мбал сылгоймӕгтӕм ӕмӕ йӕ сыхӕгтӕм ӕмӕ сын зӕгъдзӕни: „Цин кӕнут мемӕ — мӕ сӕфт драхмӕ ссардтон“. 10Зӕгъын уын, раст афтӕ фӕцин кӕнынц Хуыцауы зӕдтӕ иу фӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджыны тыххӕй дӕр».
11Йесо дзырдта дарддӕр: «Иу лӕгӕн уыди дыууӕ фырты. 12Кӕстӕр йӕ фыдӕн загъта: „Мӕ фыд, дӕ исбонӕй мӕм цы хауы, уый мын ратт“. Ӕмӕ фыд йӕ мулк байуӕрста се ’хсӕн. 13Цалдӕр боны фӕстӕ кӕстӕр фырт, цыдӕриддӕр ӕм уыд, уый бамбырд кодта ӕмӕ йӕхи дард бӕстӕм айста. Уым ӕнӕуаг цард кодта ӕмӕ йӕ бынтӕ бахордта. 14Куы ницыуал ӕм баззад, уӕд уыцы бӕстӕйы стонг заман скодта, ӕмӕ хъуаг ӕййафын райдыдта. 15Уӕд бынӕттон цӕрджытӕй иумӕ ӕххуырсты бацыд, ӕмӕ йӕ уый йӕ быдыртӕм хуытӕ хизынмӕ арвыста. 16Лӕппу суанг хуыты хойрагӕй дӕр йӕ гуыбын бафсадыныл разы уыдаид, фӕлӕ йын уый дӕр ничи лӕвӕрдта.
17Йӕхи куы ӕрӕмбӕрста, уӕд загъта: „Мӕ фыдмӕ цас ӕххуырстытӕ ис, ӕмӕ хойрагӕй сӕ уӕлдай ныууадзынц, ӕз та ам стонгӕй мӕлын! 18Сыстон, фӕцӕуон мӕ фыдмӕ ӕмӕ йын зӕгъон: ‚Мӕ фыд, ӕз тӕригъӕд ракодтон уӕларв ӕмӕ дӕ разы 19ӕмӕ дӕ фырты ном хӕссыны аккаг нал дӕн, фӕлӕ мӕ де ’ххуырстытау исты куыстыл бафтау‘ “. 20Уыйадыл сыстад ӕмӕ ацыди йӕ фыдмӕ. Фыд ӕй дардмӕ ауыдта ӕмӕ йын фӕтӕригъӕд кодта. Разгъордта йӕм, йе ’фцӕгыл ын ныттыхсти ӕмӕ йын батӕ кодта. 21Фырт ын загъта: „Мӕ фыд, ӕз тӕригъӕд ракодтон уӕларв ӕмӕ дӕ разы ӕмӕ дӕ фырты ном хӕссыны аккаг нал дӕн“. 22Фыд йӕ цагъартӕм фӕсидти: „Рӕвдздӕр! Рахӕссут ӕппӕты хуыздӕр дарӕс ӕмӕ йыл ӕй скӕнут, къухдарӕн ын бакӕнут йӕ къухыл, йӕ къӕхтыл ын дзабыртӕ скӕнут. 23Хӕрзхаст род ӕрбакӕнут ӕмӕ йӕ аргӕвдут, цин ӕмӕ минас кӕндзыстӕм. 24Уымӕн ӕмӕ мын ацы фырт уыди мард ӕмӕ ныр райгас ис, уыди мын сӕфт ӕмӕ фӕзынди“. Уыйадыл стыр куывд скодтой.
25Хистӕр фырт та уыцы рӕстӕг уыди быдыры ӕмӕ, уырдыгӕй ӕрбацӕйцӕугӕйӕ, хӕдзармӕ куы ӕрбахӕстӕг, уӕд фехъуыста фӕндыры зӕлтӕ ӕмӕ кафты уынӕр. 26Фӕсдзӕуинтӕй иумӕ фӕдзырдта ӕмӕ йӕ, цы хабар у, зӕгъгӕ, бафарста. 27Уый йын дзуапп радта: „Де ’фсымӕр ӕрбацыд, ӕмӕ йын дӕ фыд, йӕ хӕдзарыл сӕрӕгасӕй кӕй сӕмбӕлд, уый тыххӕй хӕрзхаст род аргӕвста“. 28Хистӕр фырт смӕсты ис, ӕмӕ йӕ мидӕмӕ бацӕуын нал фӕндыд. Уӕд ӕм фыд рацыд ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕнын райдыдта. 29Фӕлӕ йын уый дзуапп радта: „Ныр дын уал азы цагъары куыст кӕнын, дӕ ныхасы сӕрты никуы ахызтӕн, ды та мын мӕ хӕлӕрттимӕ фӕминас кӕнынӕн сӕныкк дӕр никуы рауӕлдай кодтай. 30Фӕлӕ дын хъахбайтимӕ дӕ мулк чи бахордта, дӕ уыцы фырт та дӕм куыддӕр фӕзынди, афтӕ йын хӕрзхаст род аргӕвстай“. 31Фыд ын загъта: „Лӕппу, ды кӕддӕриддӕр мемӕ дӕ, ӕмӕ мӕм цыдӕриддӕр ис, уый дӕу у. 32Фӕлӕ цины бӕрӕгбон саразын ӕмбӕлд, уымӕн ӕмӕ де ’фсымӕр уыди мард ӕмӕ райгас ис, уыди сӕфт ӕмӕ фӕзынди“».

Цяпер абрана:

Лука 15: ОссБ

Пазнака

Падзяліцца

Капіяваць

None

Хочаце, каб вашыя адзнакі былі захаваны на ўсіх вашых прыладах? Зарэгіструйцеся або ўвайдзіце