Лука 20

20
1Иу бон та Йесо адӕмы Кувӕндоны куы ахуыр кодта ӕмӕ сын Фарны Уац куы хъусын кодта, уӕд Ӕм алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ бацыдысты адӕмы хистӕртимӕ 2ӕмӕ Йӕ фарстой: «Зӕгъ-ма нын, ӕппӕт адӕттӕ цавӕр хъаруйӕ кӕныс? Дӕуӕн уыцы бар чи радта, уый чи у?» 3Йесо сын загъта: «Ӕз дӕр уӕ иу цӕмӕйдӕр бафӕрсдзынӕн. Зӕгъут-ма Мын, 4Иоанн цы аргъуыдӕй аргъуыдта, уый йын уӕларвӕй лӕвӕрд уыд ӕви адӕмӕй?» 5Уыдон сӕхимидӕг тӕрхӕттӕ кодтой: «Афтӕ куы зӕгъӕм: „Уӕларвӕй“, уӕд нӕ бафӕрсдзӕни: „Уӕдӕ цӕуылнӕ баууӕндыдыстут Иоанныл?“ 6„Адӕмӕй“ куы зӕгъӕм, уӕд та нӕ адӕм дуртӕй амардзысты, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕты дӕр уырны, Иоанн пехуымпар кӕй у, уый». 7Ӕмӕ дзуапп радтой: «Кӕцӕй, уый нӕ зонӕм». 8Уӕд сын Йесо загъта: «Уӕдӕ уын Ӕз дӕр нӕ зӕгъдзынӕн, цавӕр хъаруйӕ сӕ кӕнын, уый».
9Ӕмӕ адӕмӕн ӕрхаста ахӕм ӕмбисонд: «Иу лӕг сӕндон скодта, йӕ ӕххуырст кусджыты бар ӕй бакодта ӕмӕ дӕргъвӕтин рӕстӕгмӕ балцы ацыди. 10Сӕнӕфсир тоныны афон куы ралӕууыд, уӕд ӕххуырст кусджытӕм йӕ цагъары арвыста, цӕмӕй йын йӕ тыллӕджы хай раттой. Фӕлӕ йӕ уыдон фӕнадтой ӕмӕ йӕ афтидармӕй раздӕхтой. 11Арвыста сӕм ӕндӕр цагъары, ӕмӕ та уый дӕр фӕнадтой, фелгъыстой йӕ ӕмӕ йӕ афтидармӕй раздӕхтой. 12Арвыста сӕм ӕртыккаджы дӕр, фӕлӕ уый дӕр фӕцӕфтӕ кодтой ӕмӕ йӕ ратардтой. 13Уӕд сӕндоны хицау загъта: „Ныр куыд бакӕнон? Уӕд та сӕм мӕ уарзон фырты арвитон, кӕд уымӕй уӕддӕр фефсӕрмы уаиккой“. 14Фӕлӕ йӕ ӕххуырст кусджытӕ куы федтой, уӕд кӕрӕдзийӕн дзырдтой: „Ай йӕ бындар у. Амарӕм ӕй, ӕмӕ йӕ бынтӕ мах бауыдзысты“. 15Сӕндоны ӕдде йӕ фӕкодтой ӕмӕ йӕ амардтой. Ныр сын сӕндоны хицау цы бакӕндзӕн? 16Ӕрцӕудзӕн, уыцы ӕххуырст кусджыты ныццӕгъддзӕн ӕмӕ йӕ сӕндон ратдзӕн ӕндӕртӕн».
Уый чи фехъуыста, уыдон загътой: «Хуыцау бахизӕд!» 17Йесо сӕм бакаст ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ Сыгъдӕг Фысты мӕнӕ ацы ныхӕстӕ цы амонынц: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур“? 18Уыцы дурыл чидӕриддӕр ӕрхауа, уый ныппырх уыдзӕн, йӕхӕдӕг кӕуыл ӕрхауа, уый та ныцъцъӕл кӕндзӕни».
19Йесо ӕмбисонд уыдоны тыххӕй кӕй ӕрхаста, динамонджытӕ ӕмӕ алчертӕ уый бамбӕрстой, ӕмӕ Йӕ тӕккӕ уыцы сахат бӕргӕ ӕрцахстаиккой, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты.
20Уӕд Йесойы аивӕй хъахъхъӕнын райдыдтой ӕмӕ Йӕм, сӕхи рӕстгӕнджытӕй чи ӕвдыста, ахӕм мӕнгард лӕгты барвыстой, цӕмӕй Йӕ уыдон исты ныхасӕй ӕрцахсой — хицауады, ромаг бӕстыхицауы къухмӕ Йын раттӕн куыд уыдаид, афтӕ. 21Ӕмӕ Йӕ уыдон бафарстой: «Ахуыргӕнӕг, мах ӕй зонӕм: Ды раст дзурыс ӕмӕ ахуыр кӕныс, никӕй хъулон кӕныс, фӕлӕ ӕцӕгады фӕткыл амоныс Хуыцауы фӕндаг. 22Кесӕрӕн нын хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ?» 23Йесо сын бамбӕрста сӕ хинвӕнд ӕмӕ загъта: 24«Равдисут-ма Мӕм динар: кӕй ныв ӕмӕ йыл кӕй ном ис?» Уыдон дзуапп радтой: «Кесӕры». 25Уӕд сын загъта: «Уӕдӕ кесӕры цы у, уый дӕттут кесӕрӕн, Хуыцауы цы у, уый та — Хуыцауӕн». 26Ӕмӕ сын адӕмы раз Йӕ ныхӕстӕ Йӕхи ныхмӕ фӕцаразын нӕ бантысти. Йӕ дзуапп сӕ дисы бафтыдта, ӕмӕ ныхъхъус сты.
27Уӕд та Йӕм бацыдысты саддукейтӕй чидӕртӕ — уыдон дзурынц, мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ, — ӕмӕ Йӕ бафарстой: 28«Ахуыргӕнӕг, Моисей ныффыста: „Искӕмӕн йӕ усджын ӕфсымӕр ӕнӕзӕнӕгӕй куы амӕла, уӕд ын хъуамӕ йӕ идӕдзы ракура ӕмӕ дзы йе ’фсымӕры номыл цот рауадза“. 29Уыди авд ӕфсымӕры. Хистӕр ус ӕрхаста ӕмӕ ӕнӕзӕнӕгӕй амарди. 30Йӕ идӕдзы йын ракуырдта дыккаг ӕфсымӕр ӕмӕ уый дӕр ӕнӕзӕнӕгӕй амарди. 31Уый фӕстӕ йӕ ракуырдта ӕртыккаг, стӕй та — иннӕ ӕфсымӕртӕ. Иууылдӕр амардысты, зӕнӕг та нӕ ныууагътой. 32Се ’ппӕты фӕстӕ амарди сылгоймаг дӕр. 33Ныр мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд сӕ кӕцыйы ус уыдзӕни? Авды бинойнаг дӕр куы уыд».
34Йесо сын дзуапп радта: «Ацы дунейы адӕм курынц устытӕ ӕмӕ цӕуынц моймӕ. 35Ӕрцӕуинаг дунейы цӕрыны аккаг чи суа ӕмӕ мӕрдтӕй чи райгас уа, уыдон та нӕдӕр ус курдзысты, нӕдӕр мой кӕндзысты. 36Мӕлӕт дӕр сын нӕ уыдзӕни. Уыдзысты уӕларвон зӕдтау. Уыдон Хуыцауы хъӕбултӕ сты, уымӕн ӕмӕ сӕ Хуыцау райгас кодта. 37Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый та Моисей равдыста, судзгӕ сындзы къутӕры кой кӕнгӕйӕ, Хуыцауы „Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Йаковы Хуыцау“ куы схуыдта, уӕд. 38Хуыцау та мӕрдты Хуыцау нӕу, фӕлӕ удӕгӕсты, уымӕн ӕмӕ Йын иууылдӕр удӕгас сты».
39Уӕд Йесойӕн динамонджытӕй чидӕртӕ загътой: «Ахуыргӕнӕг, Ды хорз загътай».
40Ӕмӕ ма Йӕ истӕмӕй бафӕрсой, уымӕ сӕ ныфс нал хастой. 41Йесо та сӕ бафарста: «Чырыстийӕ, Давиды байзӕддаг у, зӕгъгӕ, цӕмӕн зӕгъынц? 42Давид йӕхӕдӕг Псаломты чиныджы афтӕ куы дзуры: „Дунедарӕг загъта мӕ Бардарӕгӕн: сбад Мӕ рахизфарс, 43ӕмӕ Дын Ӕз Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдзынӕн“. 44Уӕдӕ Йӕ кӕд Давид йӕ Бардарӕг хоны, уӕд Уый йӕ байзӕддаг куыд у?»
45Уый фӕстӕ, адӕм Ӕм иууылдӕр куы хъуыстой, уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: 46«Уӕхи хизут динамонджытӕй. Уыдон уарзынц даргъ дарӕсты цӕуын ӕмӕ сахарты фӕзты адӕмы арфӕтӕм хъусын; уарзынц синагогӕты раззаг бынӕтты ӕмӕ минасы фынгыл уӕле бадын; 47идӕдз устытӕн сӕ хӕдзӕрттӕ хӕрынц ӕмӕ уарзынц адӕмы цӕстмӕ кувын; уӕлдай карз ӕфхӕрд баййафдзысты уыдон».

Цяпер абрана:

Лука 20: ОссБ

Пазнака

Падзяліцца

Капіяваць

None

Хочаце, каб вашыя адзнакі былі захаваны на ўсіх вашых прыладах? Зарэгіструйцеся або ўвайдзіце