1
Иоанн 1:12
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
Фӕлӕ Йӕ чи айста ӕмӕ Йыл чи баууӕндыд, уыдонӕн та радта Хуыцауы хъӕбултӕ суӕвыны бар.
Compare
Explore Иоанн 1:12
2
Иоанн 1:1
Райдианы уыди Дзырд, ӕмӕ Дзырд уыди Хуыцаумӕ, ӕмӕ Дзырд уыди Хуыцау.
Explore Иоанн 1:1
3
Иоанн 1:5
Рухс талынджы рухс кӕны, ӕмӕ йыл талынг нӕ фӕтых ис.
Explore Иоанн 1:5
4
Иоанн 1:14
Дзырд сси Адӕймаг ӕмӕ царди не ’хсӕн, хорзӕх ӕмӕ ӕцӕгадӕй ӕххӕстӕй. Ӕмӕ Йын мах федтам Йӕ кад — Фыдӕй иунӕг Фыртӕн цы кад ис, уый.
Explore Иоанн 1:14
5
Иоанн 1:3-4
Ӕппӕт дӕр Уый фӕрцы сфӕлдыстӕуыд, ӕмӕ, цыдӕриддӕр ис, уыдонӕй ӕнӕ Уымӕй ницы сфӕлдыстӕуыд. Уый уыди царддӕттӕг, ӕмӕ уыцы цард адӕмӕн уыди сӕ рухс.
Explore Иоанн 1:3-4
6
Иоанн 1:29
Дыккаг бон Иоанн кӕсы, ӕмӕ йӕм Йесо ӕрбацӕуы, ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ Хуыцауы Уӕрыкк, дунейы тӕригъӕдтӕ Чи ахӕсдзӕни, Уый.
Explore Иоанн 1:29
7
Иоанн 1:10-11
Уый уыдис, Йӕ фӕрцы чи фӕзынди, уыцы дунейы, фӕлӕ Йӕ дуне нӕ базыдта. Ӕрцыд йӕхионтӕм, ӕмӕ Йӕ йӕхионтӕ нӕ айстой.
Explore Иоанн 1:10-11
8
Иоанн 1:9
Уыцы Рухс уыди ӕцӕг, дунемӕ ӕрцӕуджытӕй алкӕй дӕр Чи срухс кӕны, ахӕм.
Explore Иоанн 1:9
9
Иоанн 1:17
уымӕн ӕмӕ нын Ӕгъдау Моисейы фӕрцы лӕвӕрд уыд, Хуыцауы хорзӕх, фарн ӕмӕ ӕцӕгад та нын раргом кодта Йесо Чырысти.
Explore Иоанн 1:17
Home
Bible
Plans
Videos