Сахартӕй иуы Йесо фембӕлд, йӕ буар ӕнӕхъӕнӕй дӕр хъотырӕй кӕмӕн нал зынди, ахӕм лӕгыл. Уый Йесойы куы федта, уӕд Йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом ис ӕмӕ Йын лӕгъстӕ кодта: «Бардарӕг, Дӕу куы бафӕнда, уӕд мӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕ». Йесо Йӕм Йӕ къух бадардта, бандзӕвыд ыл ӕмӕ загъта: «Фӕнды Мӕ, ссыгъдӕг у». Ӕмӕ рынчын уайтагъд йӕ хъотырӕй сдзӕбӕх ис.