Уымӕ гӕсгӕ ӕз мӕхи дӕр нӕ банымадтон Дӕумӕ фӕцӕуыны аккагыл. Фӕлӕ Дӕ дзыхӕй ӕрмӕст ныхас рацӕуӕд, ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнӕг сдзӕбӕх уыдзӕн. Уымӕн ӕмӕ ӕз мӕхӕдӕг дӕр дӕлбар лӕг дӕн, ӕмӕ мӕ дӕлбар дӕр ис ӕфсӕддонтӕ. Иуӕн дзы фӕзӕгъын: „Ацу уырдӕм“, ӕмӕ ацӕуы; иннӕмӕн: „Ардӕм рацу“, ӕмӕ ӕрбацӕуы. Мӕ цагъарӕн фӕзӕгъын: „Уый бакӕн“, ӕмӕ йӕ бакӕны». Йесо уый куы фехъуыста, уӕд бадис кодта, разылди, Йӕ фӕдыл цы бирӕ адӕм цыдис, уыдонмӕ ӕмӕ загъта: «Зӕгъын уын, Израилы дӕр Ӕз ахӕм уырнындзинад нӕ федтон».