1
Лука 9:23
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
Уый фӕстӕ се ’ппӕтӕн дӕр загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, алы бон дӕр йӕ дзуар йӕ къухы хӕссӕд ӕмӕ цӕуӕд Мӕ фӕдыл.
Compare
Explore Лука 9:23
2
Лука 9:24
Уымӕн ӕмӕ йӕ цард бахъахъхъӕнын кӕй фӕнды, уый йӕ фесафдзӕни; йӕ цард Мӕ сӕрвӕлтау чи фесафа, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕни.
Explore Лука 9:24
3
Лука 9:62
Фӕлӕ йын Йесо дзуапп радта: «Гутоныл хӕцгӕйӕ, фӕстӕмӕ чи кӕсы, уый Хуыцауы Паддзахадӕн нӕ бӕззы».
Explore Лука 9:62
4
Лука 9:25
Адӕймаг ӕгас дуне йӕхи куы бакӕна, йӕхи та куы фесафа кӕнӕ куы фӕсахъат кӕна, уӕд ын уый цы пайда у?
Explore Лука 9:25
5
Лука 9:26
Мӕн ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕ йӕхицӕн ӕгадыл чи банымайа, уый Адӕймаджы Фырт дӕр Йӕхицӕн банымайдзӕн ӕгадыл, Йӕхи, Йӕ Фыды ӕмӕ сыгъдӕг зӕдты кадимӕ куы ’рцӕуа, уӕд.
Explore Лука 9:26
6
Лука 9:58
Йесо йын дзуапп радта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, уӕларвон мӕргътӕн — ахстӕттӕ. Адӕймаджы Фыртӕн та, Йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй».
Explore Лука 9:58
7
Лука 9:48
ӕмӕ сын загъта: «Ацы сывӕллоныл, Мӕ сӕр хъуыдыгӕнгӕйӕ, ӕнувыд чи уа, уый Мӕныл у ӕнувыд; Мӕныл ӕнувыд чи уа, уый та Мӕ Рарвитӕгыл у ӕнувыд. Уе ’хсӕн ӕппӕты къаддӕр чи у, уый у уе ’ппӕты стырдӕр».
Explore Лука 9:48
Home
Bible
Plans
Videos