1
Марк 14:36
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
«Аввӕ, Мӕ Фыд, Дӕуӕн ӕппӕт дӕр у Дӕ бон. Ацы хъизӕмӕртты кӕхц Мын ма бадар. Фӕлӕ, Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ — Дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд».
Compare
Explore Марк 14:36
2
Марк 14:38
Уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ кувут, цӕмӕй фыдӕвзарӕны ма фӕцудат. Уд фидар у, буар та — лӕмӕгъ».
Explore Марк 14:38
3
Марк 14:9
Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Фарны Уац ӕгас дунейы кӕмдӕриддӕр айхъуыса, уым ацы сылгоймаджы ӕрымысынӕн, цы сарӕзта, уый тыххӕй загъдӕуыдзӕн».
Explore Марк 14:9
4
Марк 14:34
Уӕд сын загъта: «Мӕ уд мӕрдон хъынцъым кӕны; ам Мӕм фӕлӕуут, ма-иу бафынӕй ут».
Explore Марк 14:34
5
Марк 14:22
Фынджы уӕлхъус куы ӕрбадтысты, уӕд Йесо Йӕ къухмӕ райста дзул, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, ӕрсаста йӕ, алӕвӕрдта сӕм ӕй ӕмӕ загъта: «Айсут ӕмӕ хӕрут — уый Мӕ Буар у».
Explore Марк 14:22
6
Марк 14:23-24
Уый фӕстӕ райста сӕны кӕхц, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, алӕвӕрдта сӕм ӕй, ӕмӕ дзы се ’ппӕт дӕр бануӕзтой. Ӕмӕ сын загъта: «Уый Мӕ Туг у — уымӕй фидаргӕнгӕ у Ног Фидыд, ӕмӕ уый бирӕты сӕрвӕлтау ныккӕлдзӕни.
Explore Марк 14:23-24
7
Марк 14:27
Йесо сын загъта: «Ахсӕв Мӕ уе ’ппӕт дӕр ныууадздзыстут, уымӕн ӕмӕ фыст ис: „Ӕрцӕвдзынӕн фыййауы, ӕмӕ фысты дзуг ныххӕлиу уыдзӕн“.
Explore Марк 14:27
8
Марк 14:42
Сыстут ӕмӕ цӕуӕм! Уӕртӕ Мӕ уӕйгӕнӕг ӕрбаввахс ис».
Explore Марк 14:42
9
Марк 14:30
Йесо йын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: ахсӕв уасӕг дыууӕ хатты нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи».
Explore Марк 14:30
Home
Bible
Plans
Videos