Петр ын загъта: «Ананиа, сайтаны дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн бауагътай — Сыгъдӕг Удӕн мӕнг цӕмӕн загътай ӕмӕ, дӕ зӕххӕй цы ӕхцатӕ райстай, уыдонӕй цӕмӕн басусӕг кодтай? Мыййаг, дӕ мулк дӕхи нӕ уыд, зӕхх ауӕй кӕнынӕй цы райстай, ууыл дӕ бар нӕ цыди? Цӕмӕн дӕм фӕзынд асайыны хъуыды? Ды асайдтай адӕмы нӕ, фӕлӕ Хуыцауы». Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, Ананиа дзыхъмард фӕци ӕмӕ адӕргъ ис зӕххыл. Уыцы хабар чи фехъуыста, уыдоны стыр тас бацыди.