1
Апостолты хъуыддӕгтӕ 7:59-60
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
Стефаныл цавтой дуртӕ, уый та куывта: «Бардарӕг Йесо, мӕ уд Де уазӕг». Стӕй ӕрхауди йӕ зонгуытыл ӕмӕ хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Дунедарӕг, ныббар сын ацы тӕригъӕд». Уыцы ныхӕстимӕ Стефан амард.
Compare
Explore Апостолты хъуыддӕгтӕ 7:59-60
2
Апостолты хъуыддӕгтӕ 7:49
„Уӕларв — Мӕ бадӕн, зӕхх — Мӕ къӕхтӕвӕрӕн. Цавӕр хӕдзар Мын хъуамӕ саразат сымах, кӕм ис Мӕн аккаг ӕрӕнцайӕн бынат? — зӕгъы Дунедарӕг.
Explore Апостолты хъуыддӕгтӕ 7:49
3
Апостолты хъуыддӕгтӕ 7:57-58
Уӕд уыдон иууылдӕр иумӕ ныхъхъӕр кодтой, сӕ хъустӕ ахгӕдтой ӕмӕ йыл ӕмхуызонӕй сӕхи ныццавтой. Ракодтой йӕ фӕссахармӕ ӕмӕ йыл дурадзагъдӕй ралӕууыдысты. Ӕвдисӕнтӕ та сӕ пӕлӕзтӕ ныууагътой, йӕ ном Савл кӕмӕн уыд, уыцы лӕппуимӕ.
Explore Апостолты хъуыддӕгтӕ 7:57-58
Home
Bible
Plans
Videos