Хур, мӕй ӕмӕ стъалытыл ӕнахуыр диссӕгтӕ уындзысты, зӕххыл та адӕм сау катайы бафтдзысты, абухгӕ денджызы уынӕрӕй сӕргой фӕуыдзысты. Адӕм ӕрцӕуинаг бӕллӕхты тасӕй зӕрдӕдзӕф кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ нынкъуысдзысты уӕларвон тыхтӕ. Ӕмӕ уӕд „Адӕймаджы Фырты хъомыс ӕмӕ стыр кадимӕ фендзысты ӕврагъыл ӕрцӕйцӕугӕ“.