Равдисут-ма Мын, хъалон цы ӕхцайӕ фидынц, уый». Уыдон Ӕм ӕрбахастой динар. Уӕд сӕ Уый бафарста: «Кӕй ныв ӕмӕ йыл кӕй ном ис?»
Уыдон Ын дзуапп радтой: «Кесӕры». Уӕд сын Йесо загъта: «Уӕдӕ кесӕры цы у, уый дӕттут кесӕрӕн, Хуыцауы цы у, уый та — Хуыцауӕн».