1
Матфей 26:41
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
ИрББЛ2022
Ма бафынӕй ут ӕмӕ кувут, цӕмӕй фӕлварӕны ма бахауат. Уд фидар у, буар та — ӕдых».
Compare
Explore Матфей 26:41
2
Матфей 26:38
Ӕмӕ сын загъта: «Мӕ уд мӕлӕтон хъынцъым кӕны; фӕлӕуут ам Мӕ фарсмӕ, ма-иу бафынӕй ут».
Explore Матфей 26:38
3
Матфей 26:39
Йӕхӕдӕг иу чысыл ӕддӕдӕр ацыд, зӕххыл ныддӕлгом ис ӕмӕ куывта: «Мӕ Фыд, кӕд гӕнӕн ис, уӕд Мӕ ацы хъизӕмӕртты кӕхцӕй бахиз. Ӕниу, Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ Дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд».
Explore Матфей 26:39
4
Матфей 26:28
уымӕн ӕмӕ уый Мӕ Туг у — уымӕй фидаргонд цӕуы Ног Фидыд, ӕмӕ бирӕтӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ныббарыны сӕраппонд ныккӕлдзӕн.
Explore Матфей 26:28
5
Матфей 26:26
Хӕргӕ ма куы кодтой, уӕд Йесо райста дзул, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, асаста йӕ, ахуыргӕнинӕгтӕм ӕй алӕвӕрдта ӕмӕ загъта: «Айсут ӕмӕ хӕрут — уый Мӕ Буар у».
Explore Матфей 26:26
6
Матфей 26:27
Уый фӕстӕ райста сӕны кӕхц, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, алӕвӕрдта сӕм ӕй ӕмӕ загъта: «Уе ’ппӕт дӕр дзы бануазут
Explore Матфей 26:27
7
Матфей 26:40
Йесо бацыди Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сӕ фынӕйӕ куы баййӕфта, уӕд Петрӕн загъта: «Ау, ӕнӕ фынӕйӕ иу сахат куыд нӕ бафӕрӕзтат Мемӕ?
Explore Матфей 26:40
8
Матфей 26:29
Зӕгъын уын, амӕй фӕстӕмӕ нал бануаздзынӕн ацы сӕнӕфсиры сӕнӕй, цалынмӕ Мӕ Фыды Паддзахады уемӕ ног сӕн бануазон, уӕдмӕ».
Explore Матфей 26:29
9
Матфей 26:75
ӕмӕ Петры зӕрдыл ӕрлӕууыд, Йесо йын цы загъта, уый: «Уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи». Петр ӕддӕмӕ рацыд ӕмӕ судзаг цӕссыгӕй ныккуыдта.
Explore Матфей 26:75
10
Матфей 26:46
Сыстут ӕмӕ ацӕуӕм. Мӕнӕ Мӕ уӕйгӕнӕг ӕрбаввахс ис».
Explore Матфей 26:46
11
Матфей 26:52
Уӕд ын Йесо загъта: «Дӕ кард йӕ кӕрддзӕмы нывӕр — кард чи сиса, уый йӕ мӕлӕт кардӕй ссардзӕн.
Explore Матфей 26:52
Home
Bible
Plans
Videos