YouVersion Logo
Search Icon

Райдиан 20:6-7

Райдиан 20:6-7 ОССВЗЧ

Фыны йын Хуыцау загъта: «Ӕз дӕр ӕй зонын, ацы хъуыддаджы дӕ цӕсгом сыгъдӕг кӕй у, уый ӕмӕ дӕ уымӕ гӕсгӕ Мӕхӕдӕг баурӕдтон тӕригъӕд ракӕнынӕй Мӕ разы — уымӕ гӕсгӕ дӕ нӕ бауагътон ацы сылгоймагмӕ бавналын. Ныр сылгоймаджы фӕстӕмӕ йӕ мойӕн ратт. Уый пехуымпар у ӕмӕ дын скувдзӕни, цӕмӕй сӕрӕгасӕй баззайай. Йӕ мойӕн ӕй куынӕ раттай, уӕд та уый зон, ӕмӕ уе сӕфт ӕрцыди дӕуӕн дӕр ӕмӕ дӕ адӕмӕн дӕр».