YouVersion Logo
Search Icon

Руф 1

1
1Фӕтӕгты заман иуахӕмы Израилы зӕххыл скодта ӕххормаг рӕстӕг. Ӕмӕ иудейаг Вифлеемӕй иу лӕг йӕ усимӕ ӕмӕ йӕ дыууӕ фыртимӕ ацӕрынмӕ ацыди Моавы быдырмӕ. 2Уыцы лӕг хуынди Елимелех, йӕ усы ном — Наоми, йӕ фырттӕ та хуындысты Махлон ӕмӕ Килеон; уыдысты иудейаг Вифлеемӕй, ефрафӕгтӕ#1:2 Ефрафӕгтӕ — Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй иу мыггаг.. Ӕрбацыдысты Моавы быдырмӕ ӕмӕ уым ӕрӕнцадысты. 3Уалынмӕ Наомийы лӕг Елимелех амарди, ӕмӕ ус баззади йӕ дыууӕ фыртимӕ. 4Лӕппутӕ ракуырдтой моаваг чызджыты, сӕ иуы ном уыди Орпа, иннӕйы ном та — Руф; ӕмӕ уым дӕс азы бӕрц фӕцардысты. 5Фӕлӕ уый фӕстӕ Наомийы фырттӕ дыууӕйӕ дӕр — Махлон ӕмӕ Килеон — амардысты, ӕмӕ сылгоймаг йӕ мой ӕмӕ йӕ фырттӕн сӕ быныл баззади.
6Наоми бавдӕлд ӕмӕ йӕ чындзытимӕ фӕстӕмӕ рараст ис Моавы быдырӕй, уымӕн ӕмӕ, куыд ӕрыхъуыста, афтӕмӕй Хуыцау ӕркасти йӕ адӕммӕ ӕмӕ сын хор радта. 7Наоми, кӕм царди, уырдыгӕй рацыди йӕ дыууӕ чындзимӕ. Иудеймӕ фӕндагыл 8Наоми йӕ чындзытӕн загъта: «Цӕут, алчидӕр уӕ йӕ цӕгатмӕ #1:8 Йӕ цӕгатмӕ; дзуттаг тексты: «йӕ мады хӕдзармӕ». аздӕхӕд. Сымах мӕ хъӕбултӕн ӕмӕ мӕнӕн цас хӕрзты бацыдыстут, Дунедарӕг уын уыйас хӕрзтӕ схай кӕнӕд! 9Дунедарӕг уын ахӕм арфӕ ракӕнӕд, ӕмӕ уӕ алчидӕр йӕ ног мойы хӕдзары ӕнцой куыд ссара». Ӕмӕ сын аба кодта, фӕлӕ чындзытӕ ӕрдиаг систой ӕмӕ, кӕугӕйӕ, загътой: 10«Нӕ! Мах дӕр демӕ цӕуӕм дӕ адӕммӕ». 11Наоми та сын загъта: «Аздӕхут, мӕ къонатӕ; цӕмӕн хъуамӕ ацӕуат мемӕ? Исты ма, мыййаг, сымахӕн мой чи суаид, ахӕм хъӕбултӕ ис мӕ гуыбыны? #1:11 Дзуттаг ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ӕфсымӕр хъуамӕ ракуырдтаид йе ’фсымӕры идӕдзы. 12Аздӕхут, мӕ къонатӕ, ацӕут; ӕз моймӕ фӕцӕуынӕн ӕгӕр базӕронд дӕн. Ӕниу, ӕз афтӕ дӕр куы зӕгъин: „Нырма мӕ ныфс ис“, ӕмӕ тӕккӕ ахсӕв лӕгимӕ куы фӕуин ӕмӕ мын уый фӕстӕ лӕппутӕ куы райгуырид, 13уӕд дӕр уыдоны ралӕгмӕ хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсиккат? Кӕдмӕ бадат, куыннӕ хъуамӕ смой кӕнат? Нӕ, мӕ къонатӕ, мӕ зӕрдӕ уыл тынг риссы, уымӕн ӕмӕ мӕ Дунедарӕг бафхӕрдта». 14Чындзытӕ та ногӕй нырдиаг кодтой ӕмӕ ныккуыдтой. Орпа аба кодта йе ’фсинӕн ӕмӕ аздӕхти йӕ адӕммӕ, Руф та баззади йемӕ.
15Наоми загъта Руфӕн: «Кӕсыс, дӕ файнуст йӕ адӕммӕ, йӕ хуыцӕуттӕм аздӕхт; ды дӕр дӕ файнусты фӕд-фӕд ацу». 16Фӕлӕ Руф загъта: «Ӕвӕндонӕй дӕ цӕмӕн хъуамӕ ныууадзон? Куыд хъуамӕ ацӕуон дӕуӕй? Фӕлтау, ды кӕдӕм ацӕуай, ӕз дӕр уырдӕм фӕцӕудзынӕн; ды кӕм ӕрӕнцайай, ӕз дӕр уым ӕрӕнцайдзынӕн; дӕ адӕм суыдзысты мӕ адӕм, дӕ Хуыцау та — мӕ Хуыцау. 17Ды кӕм амӕлай, уым ӕз дӕр амӕлдзынӕн, ӕмӕ мӕ уыцы ран баныгӕндзысты. Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй ма мын ноджы фыддӕртӕ фӕуӕд Дунедарӕг, адзалӕй дарддӕр мӕ исты куы фӕхицӕн кӕна дӕуӕй». 18Чындз фидарӕй йемӕ цӕуынвӕнд скодта, уый куы федта Наоми, уӕд уӕлдай ницыуал загъта. 19Ӕмӕ иумӕ суанг Вифлееммӕ фӕцыдысты. Вифлееммӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сахар ӕнӕхъӕнӕй дӕр сызмӕлыд, ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дзырдтой: «Уый Наоми уа?» 20Наоми сын загъта: «Наоми мӕ ма хонут, фӕлӕ мӕ хонут Мара#1:20 Наоми дзуттагау амоны «зӕрдӕмӕдзӕугӕ»; Мара — «судзаггаг»., уымӕн ӕмӕ мын Ӕппӕтхъомыс судзаггаг маст бавзарын кодта. 21Ардыгӕй дзагармӕй ацыдтӕн, фӕстӕмӕ та мӕ афтидӕй ӕрбаздӕхта Дунедарӕг. Цӕмӕн мӕ хъӕуы хонын Наоми, кӕд ӕмӕ мын Дунедарӕг хъизӕмӕрттӕ бавзарын кодта, кӕд ӕмӕ мӕ ралгъыста Ӕппӕтхъомыс».
22Афтӕ Наоми йӕ чындзимӕ, моаваг Руфимӕ, ӕрбаздӕхти Моавы бӕстӕй. Вифлееммӕ куы ӕрбахӕццӕ сты, уӕд уыди хъӕбӕрхор кӕрдыны афон.

Currently Selected:

Руф 1: ОссВЗч

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

Video for Руф 1