YouVersion Logo
Search Icon

Рацыд 2

2
1Левийы хӕдзарвӕндагӕй иу лӕг ӕрхуыдта ус, уый дӕр — Левийы хӕдзарвӕндагӕй. 2Ус банхъӕлцау ис ӕмӕ ныййардта лӕппу. Лӕппу рӕсугъд у, уый федта ӕмӕ йӕ ӕртӕ мӕйы дӕргъы ӕмбӕхстӕй фӕдардта. 3Дарддӕр ын ӕмбӕхсӕн куынӕуал уыд, уӕд хъӕзӕй быд чыргъӕд писийӕ байсӕрста, сабийы дзы нывӕрдта ӕмӕ йӕ Нилы былгӕрон хъамылы ныууагъта. 4Сабийы хо дӕрддзӕфгомау лӕууыд ӕмӕ, дарддӕр цы уыдзӕн, уымӕ йӕ хъус дардта.
5Уалынмӕ фараоны чызг йӕ унӕуттимӕ Нилмӕ йӕхи найынмӕ рацыди. Чыргъӕдыл йӕ цӕст ӕрхӕцыдис хъамылы, ӕмӕ йӕ ӕрбахӕссын кодта. 6Байгом ӕй кодта, ӕмӕ дзы — саби. Сывӕллон куыдта, ӕмӕ йын фӕтӕригъӕд кодта. «Ай дзуттаг сывӕллон у», — загъта фараоны чызг. 7Сабийы хо йӕ бафарста: «Дзуттаг дыджызӕмӕ фӕдзурон, цӕмӕй дын ӕй схӕсса?» 8«Фӕдзур», — загъта фараоны чызг. Чызг ацыд ӕмӕ сабийы мады ӕрбакодта. 9Фараоны чызг ын загъта: «Ацы сабийы мын схӕсс, ӕмӕ дын бафиддзынӕн». Сылгоймаг райста сабийы ӕмӕ йӕ хӕссын райдыдта. 10Куы байрӕзт, уӕд ӕй бакодта фараоны чызгмӕ, ӕмӕ дзы уый йӕхицӕн лӕппу загъта, ном та йыл сӕвӕрдта Моисей. «Донӕй йӕ кӕй систон, уымӕ гӕсгӕ», — загъта чызг#2:10 Моисей йӕ мыртӕм гӕсгӕ у дзуттаг дзырдбаст «мешитиху»-йы («донӕй йӕ систон») ӕнгӕс..
11Рӕстӕг цыд, ӕмӕ Моисей ралӕг ис. Иуахӕмы бацыд йе ’фсымӕртӕм, израилӕгтӕм, ӕмӕ сын федта сӕ удхайраг куыст. Федта, мысыраг ын йе ’фсымӕртӕй иуы, дзуттаджы, фыр надӕй куыд мары, уый. 12Аракӕс-бакӕс кодта Моисей ӕмӕ, йӕ алыварс куы ничи уыд, уӕд амардта мысыраджы ӕмӕ йын йӕ мард змисы баныгӕдта.
13Дыккаг бон дӕр та сӕм бацыд, ӕмӕ дын мӕнӕ дыууӕ дзуттаджы хыл кӕнынц. Моисей ӕфхӕрӕджы фӕрсы: «Де ’мбалы цӕмӕн нӕмыс?» 14Уый йын афтӕ: «Чи дӕ баурӕдта махӕн хицау ӕмӕ тӕрхоны лӕгӕй? Мӕн дӕр, мысыраджы куыд амардтай, афтӕ марынмӕ хъавыс?»
Моисей фӕтарст, йӕхинымӕр загъта: «Бӕлвырд, уыцы хъуыддаг нӕ басусӕг ис».
15Фараон хабар куы базыдта, уӕд марынвӕнд скодта Моисейы. Фӕлӕ Моисей алыгъд ӕмӕ Мидианы зӕххыл ӕрбынат кодта.
Цъайы цур куыд бадт, 16афтӕ ӕрбацыдысты Мидианы сауджыны авд чызджы, цӕмӕй сӕ фыды дзугӕн тӕгӕнатӕм дон сисой. 17Уӕдмӕ фыййӕуттӕ фӕзындысты ӕмӕ сӕ хъуамӕ атардтаиккой. Моисей чызджыты сӕрыл рахӕцыд ӕмӕ сын сӕ фыстӕн дон бадардта.
18Чызджытӕ сӕ фыд Реуелмӕ куы баздӕхтысты, уӕд сӕ уый бафарста: «Абон цӕй тагъд уыдыстут?» 19Уыдон ын загътой: «Цавӕрдӕр мысыраг нӕ сӕрыл рахӕцыди фыййӕутты раз, суанг ма нын дон дӕр систа ӕмӕ бадардта нӕ фыстӕн». 20«Ӕмӕ цы фӕци? — бафарста уый йӕ чызджыты. — Цӕуылнӕ йӕ ӕрбахуыдтат? Фӕдзурут ӕм, ӕмӕ немӕ къӕбӕр бахӕра».
21Моисей сфӕнд кодта уыцы лӕгмӕ баззайын. Уый йын радта йӕ чызг Циппорайы. 22Лӕппу сын райгуырд, ӕмӕ йыл Моисей сӕвӕрдта ном Гершом#2:22 Гершом йӕ мыртӕм гӕсгӕ у мысыраг дзырд «гер»-ы («ӕрцӕуӕггаг») ӕнгӕс. ӕмӕ загъта: «Ацы ном нысан кӕны, ӕз ӕцӕгӕлон зӕххыл ӕрцӕуӕггаг кӕй дӕн, уый».
23Рацыди дзӕвгар рӕстӕг. Мысыры паддзах амарди. Израилӕгтӕ сӕ уӕззау куыстӕй ӕнцой нӕ зыдтой, ӕрдиаг кодтой, ӕххуысмӕ дзынӕзтой, ӕмӕ сӕ хъӕрзын Хуыцаумӕ фехъуысти. 24Фехъуыста сын Хуыцау сӕ хъӕрзын, ӕмӕ ӕрлӕууыд Йӕ зӕрдыл Йӕ фидыд Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковимӕ. 25Ӕркасти Хуыцау Израилы байзӕддӕгтӕм. Хуыцау сӕм Йе ’ргом раздӕхта.

Currently Selected:

Рацыд 2: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in