YouVersion Logo
Search Icon

Рацыд 4

4
1Фӕлӕ Моисей загъта: «Куынӕ мыл баууӕндой ӕмӕ мӕм куынӕ байхъусой, уӕд та? Зӕгъдзысты, Дунедарӕг дӕм нӕ раргом ис, зӕгъгӕ». 2Дунедарӕг ӕй бафарста: «Уый та дӕ къухы цы ис?» Моисей дзуапп радта: «Лӕдзӕг». 3Дунедарӕг ын загъта: «Аппар ӕй зӕхмӕ». Моисей йӕ аппӕрста. Лӕдзӕг калм фестадис, ӕмӕ Моисей лидзынмӕ фӕци. 4«Йӕ къӕдзилӕй йӕ ацахс», — загъта Дунедарӕг. Моисей калмы къӕдзилмӕ февнӕлдта, ӕмӕ калм йӕ къухы лӕдзӕг фестад. 5Дунедарӕг загъта: «Уый уымӕн афтӕ у, цӕмӕй сӕ бауырна: Дунедарӕг, сӕ фыдӕлты Хуыцау — Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау, Йаковы Хуыцау — дӕумӕ ӕргом рацыд».
6Дунедарӕг ма ноджы загъта: «Дӕ къух дӕ роны акӕн». Моисей йӕ къух йӕ роны акодта. Фӕстӕмӕ йӕ куы райста, уӕд къух хъотырӕй митау урс фестад. 7«Ногӕй йӕ дӕ роны акӕн», — загъта та йын Дунедарӕг. Моисей ногӕй йӕ къух йӕ роны акодта. Куы йӕ райста, уӕд фӕстӕмӕ йӕ хуыз райста.
8Дунедарӕг загъта: «Фыццаг диссаг куы ницӕмӕ ӕрдарой ӕмӕ дыл куынӕ баууӕндой, уӕддӕр сӕ дыккаг диссаг баууӕндын кӕндзӕн. 9Уыцы дыууӕ диссаджы фӕстӕ дӕр куынӕ баууӕндой ӕмӕ дӕм куынӕ байхъусой, уӕд та-иу Нилы донӕй сис, зӕххыл ӕй акал, ӕмӕ уыцы дон сур зӕххыл туг фестдзӕн».
10Моисей Дунедарӕгӕн загъта: «О Бардарӕг! Ӕз дзурынмӕ дӕсны нӕ дӕн. Амӕй размӕ дӕр нӕ уыдтӕн ӕмӕ ныр дӕр, Ды мемӕ, Дӕ цагъаримӕ, куы ныхас кӕныс, уӕд дӕр. Къӕзӕнӕг дӕн, ме ’взаг мӕ дзыхы дзӕбӕх нӕ тасы».
11Дунедарӕг ын загъта: «Адӕймагӕн ӕвзаг чи радта? Гоби кӕнӕ йӕ къуырма чи скӕны? Чи йӕ кӕны куырм кӕнӕ цӕстджын? Ӕз, Дунедарӕг! 12Цу уӕдӕ! Ӕз демӕ уыдзынӕн, куы дзурай, уӕд. Цы зӕгъын хъӕуы, уый дын Ӕз Мӕхӕдӕг бацамондзынӕн». 13«О Бардарӕг! — загъта Моисей. — Дӕ хорзӕхӕй, ӕндӕр искӕй арвит». 14Дунедарӕг смӕсты ис Моисеймӕ ӕмӕ йын загъта: «Аарон-левит де ’фсымӕр нӕу? Йӕ дзыхарӕхст ын Ӕз хорз зонын! Ныридӕгӕн дӕ размӕ рацӕуы. Куы дӕ фена, уӕд ныццин кӕндзӕн, 15ӕмӕ-иу ын зӕгъ, цы дзурын хъӕуы, уый. Ӕз Мӕхӕдӕг уемӕ уыдзынӕн, куы дзурат, уӕд. Ӕз уын Мӕхӕдӕг бацамондзынӕн, цы гӕнгӕ уын у, уый. 16Дӕ бӕсты Аарон дзурдзӕн адӕмимӕ ӕмӕ сӕм хӕццӕ кӕндзӕн дӕ ныхӕстӕ, ды та йын Хуыцауы хуызӕн уыдзынӕ. 17Айс демӕ ацы лӕдзӕг — уый ӕххуысӕй диссӕгтӕ сараздзынӕ».
18Моисей хӕдзармӕ куы бафтыди, уӕд йӕ каис Ифройӕн загъта: «Бар мын ратт, ӕмӕ Мысырмӕ аздӕхон, ме ’фсымӕртӕ ма ӕгас сты ӕви нӕ, уый бабӕрӕг кӕнон». Ифро йын загъта: «Цу фарнимӕ».
19Моисей ма Мидианы уыд, афтӕмӕй йын Дунедарӕг загъта: «Аздӕх Мысырмӕ. Марынмӕ дӕ чи хъавыд, уыдонӕй иу дӕр удӕгас нал у». 20Моисей йӕ ус ӕмӕ йӕ фыртты хӕрӕгыл сӕвӕрдта, Хуыцауы лӕдзӕг йемӕ райста ӕмӕ араст ис Мысырмӕ. 21Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Мысырмӕ куы баздӕхай, уӕд-иу, хъусыс, диссӕгтӕ саразыны тыххӕй дын цы хъару радтон, уый фараоны раз равдис. Ӕз та йын йӕ зӕрдӕ ныддур кӕндзынӕн, ӕмӕ адӕмы нӕ рауадздзӕн. 22Ӕмӕ-иу уӕд ды фараонӕн зӕгъ, афтӕ, дам, зӕгъы Дунедарӕг: „Израил Мӕ фырт у, Мӕ хистӕр зӕнӕг. 23Ӕз дын загътон, рауадз Мын Мӕ фырты, ӕмӕ Мӕм бакува. Ды йӕ нӕ рауагътай, ӕмӕ дын Ӕз дӕ хистӕр фырты амардзынӕн“».
24Фӕндагыл, ӕхсӕвиуат кӕм кодтой, уырдӕм Моисеймӕ фӕзынди Дунедарӕг ӕмӕ йӕ марынмӕ хъавыд. 25Уӕд Циппора райста ӕхсон цыргъаг, йӕ лӕппуйӕн скодта сунӕт, сунӕты лыггагӕй байсӕрста Моисейы къӕхтӕ ӕмӕ загъта: «Туджы фӕрцы дӕ мӕ мойаг».
26Уӕд Дунедарӕг ныууагъта Моисейы. (Йӕ лӕппуйӕн сунӕт кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ загъта Циппора Моисейӕн, туджы фӕрцы дӕ мӕ мойаг, зӕгъгӕ.)
27Дунедарӕг Ааронӕн загъта: «Ӕдзӕрӕг быдырмӕ Моисейы размӕ ацу». Уый фӕраст ис, фембӕлд ыл Хуыцауы хохы рӕбын ӕмӕ йын аба кодта. 28Моисей Ааронӕн радзырдта, Дунедарӕг ӕй цы ныхӕстимӕ рарвыста, цы диссӕгтӕ бакӕнын ын бафӕдзӕхста, уый. 29Ацыдысты Моисей ӕмӕ Аарон ӕмӕ ӕрӕмбырд кодтой Израилы адӕмы хистӕрты. 30Аарон сын рафӕзмыдта, Дунедарӕг Моисейӕн цыдӕриддӕр загъта, уыдӕттӕ. Моисей сын диссӕгтӕ равдыста, 31ӕмӕ баууӕндыдысты. Дунедарӕг сӕм кӕй ӕркаст ӕмӕ сын сӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй федта, уый куы фехъуыстой, уӕд зӕххыл ныддӕлгом сты ӕмӕ Йын скад кодтой.

Currently Selected:

Рацыд 4: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in