YouVersion Logo
Search Icon

Рацыд 6

6
1Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Фендзынӕ, Ӕз фараонӕн цытӕ бакӕндзынӕн, уый. Мӕ къухы уӕз ыл ӕруадздзынӕн, ӕмӕ уӕд уый ауадздзӕнис израилӕгты. Мӕ хъомысджын къухы бын сӕ суанг сургӕ дӕр фӕкӕндзӕни йӕ зӕххӕй».
2Хуыцау Моисейӕн загъта: «Ӕз Дунедарӕг дӕн! 3Аврааммӕ, Исаакмӕ ӕмӕ Йаковмӕ Ӕз раргом дӕн Ӕппӕтхъомыс Хуыцауӕй, фӕлӕ сын, „Дунедарӕг“, зӕгъгӕ, уыцы номимӕ Мӕхи нӕ раргом кодтон. 4Семӕ сарӕзтон фидыд ӕмӕ сын зӕрдӕ бавӕрдтон, ӕрцӕуӕггаг кӕм уыдысты, уыцы Ханааны бӕстӕ сын кӕй ратдзынӕн. 5Ныр Ӕз фехъуыстон, израилӕгтӕ Мысыры ӕфсондзы бын куыд дзыназынц, уый, ӕмӕ Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыди Мӕ фидыд. 6Мӕ номӕй зӕгъ израилӕгтӕн: „Ӕз — Дунедарӕг, ракӕндзынӕн уӕ Мысыры ӕфсондзы бынӕй, суӕгъд уӕ кӕндзынӕн цагъары къӕлӕтӕй. Ме стыр хъомысы фӕрцы уӕ фервӕзын кӕндзынӕн, уе ’фхӕрджыты та уын бафхӕрдзынӕн. 7Скӕндзынӕн уӕ Мӕ адӕм ӕмӕ уыдзынӕн уӕ Хуыцау. Ӕмӕ базондзыстут, Мысыры ӕфсондзы бынӕй уӕ Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау — кӕй ракодтон, уый. 8Авраамӕн, Исаакӕн ӕмӕ Йаковӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтон, уыцы зӕхмӕ уӕ бакӕндзынӕн ӕмӕ уын ӕй ратдзынӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн. Ӕз — Дунедарӕг!“»
9Моисей уыцы ныхӕстӕ израилӕгтӕн рафӕзмыдта, фӕлӕ йӕм уыдон нӕ байхъуыстой — иуӕй сӕ тӕппуды, иннӕмӕй та, куыстӕфхӕрд кӕй уыдысты, уый аххосӕй.
10Дунедарӕг загъта Моисейӕн: 11«Бацу фараонмӕ, Мысыры паддзахмӕ, ӕмӕ йын зӕгъ, израилӕгтӕн дӕ бӕстӕйӕ ацӕуыны бар ратт». 12Моисей дзуапп радта Дунедарӕгӕн: «Израилӕгтӕ мӕм куы нӕ хъусынц, уӕд мӕм фараон куыд байхъусдзӕн, дзурынмӕ куы нӕ арӕхсын, уӕд?»
13Фӕлӕ Дунедарӕг загъта Моисей ӕмӕ Ааронӕн израилӕгтӕ ӕмӕ фараоны, Мысыры паддзахы тыххӕй, цӕмӕй израилӕгты Мысырӕй ракӕной.
14Мӕнӕ Израилы хистӕр хӕдзарвӕндӕгты фыдӕлтӕ. Израилы хистӕр зӕнӕг Рувимы фырттӕ: Ханох, Паллу, Хецрон, Карми. Адонӕй рацыдысты Рувимы артӕй уӕрст мыггӕгтӕ.
15Симеоны фырттӕ: Йемуел, Йамин, Охад, Йахин, Цохар, Саул — ханаанаг хӕрӕфырт. Адонӕй рацыдысты Симоны артӕй уӕрст мыггӕгтӕ.
16Мӕнӕ Левийы фырттӕ куыд хистӕрӕй: Гершон, Кехат, Мерари. Левий фӕцарди сӕдӕ ӕртын авд азы. 17Гершоны фырттӕ: Ливни ӕмӕ Шими сӕ байзӕддӕгтимӕ. 18Кехаты фырттӕ: Амрам, Ицхар, Хеврон, Уззиел. Кехат фӕцарди сӕдӕ ӕртын ӕртӕ азы. 19Мерарийы фырттӕ: Махли ӕмӕ Муши. Уый — Левийы артӕй уӕрст мыггӕгтӕ куыд хистӕрӕй.
20Амрам ракуырдта йӕ фыды хо Йохеведы, ӕмӕ йын уый ныййардта Аарон ӕмӕ Моисейы. Амрам фӕцарди сӕдӕ ӕртын авд азы. 21Ицхары фырттӕ: Корах, Нефег, Зихри. 22Уззиелы фырттӕ: Мишаел, Елцафан, Ситри.
23Аарон ракуырдта Аминадавы чызг Елишевайы, Нахшоны хойы. Уый йын ныййардта Надавы, Авигуйы, Елеазары ӕмӕ Итамары. 24Корахы фырттӕ: Ассир, Елкана, Авиасаф. Адонӕй рацыдысты Корахы артӕй уӕрст мыггӕгтӕ. 25Аароны фырт Елеазар ракуырдта Путиелы чызджытӕй иуы, ӕмӕ йын уый ныййардта Пинхасы. Уый — Левийы артӕй уӕрст мыггӕгты хистӕртӕ.
26Аарон ӕмӕ Моисей — уыдон та сты, Дунедарӕг афтӕ кӕмӕн загъта: «Израилы адӕмы Мысыры зӕххӕй ракӕнут — ӕфсады иу къорд иннӕйы фӕдыл цӕуӕд». 27Аарон ӕмӕ Моисей дзырдтой фараонӕн, Мысыры паддзахӕн, израилӕгты Мысырӕй ракӕныны тыххӕй.
28Дунедарӕг Моисеимӕ куы дзырдта Мысыры, уӕд ын загъта: 29«Ӕз — Дунедарӕг! Цыдӕриддӕр дын зӕгъын, уыдон рафӕзм фараонӕн, Мысыры паддзахӕн». 30Моисей Йын дзуапп радта: «Дзурынмӕ куы нӕ арӕхсын, уӕд мӕм куыд байхъусдзӕни фараон?»

Currently Selected:

Рацыд 6: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in