Лука 10
10
1Уый фӕстӕ ма Йесо ноджыдӕр ӕвдай дыууӕ ахуыргӕнинаджы равзӕрста ӕмӕ сӕ дыгӕйттӕй арвыста Йӕ разӕй, цӕуинаг кӕдӕм уыди, уыцы сахартӕ ӕмӕ хъӕутӕм. 2Загъта сын: «Кӕрдинаг — бирӕ, фӕлӕ хуымгӕрдджытӕ нӕ фаг кӕны. Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй Йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита кӕрдынмӕ. 3Цӕугӕут! Мӕнӕ уӕ Ӕз уӕрыччытау бирӕгъты ’хсӕнмӕ ӕрвитын. 4Уемӕ фӕндагмӕ ма райсут нӕдӕр ӕхцайы чыссӕ, нӕдӕр хордзен, нӕдӕр дзабыртӕ, стӕй салам дӕттынмӕ дӕр макӕмӕ ӕрлӕуут. 5Цы хӕдзармӕ бацӕуат, уым уал-иу фыццаг зӕгъут: „Фарн ацы хӕдзары!“ 6Ӕмӕ дзы фарны аккаг адӕймаг куы уа, уӕд ыл уӕ арфӕ ӕрцӕудзӕн; куынӕ дзы уа, уӕд уӕ арфӕ фӕстӕмӕ раздӕхдзӕн уӕхимӕ. 7Баззайут-иу уыцы хӕдзары ӕмӕ сӕм цы ис, уымӕй хӕрут ӕмӕ нуазут сымах дӕр, уымӕн ӕмӕ кусӕг у йӕ куыстӕн хӕрзиуӕг райсыны аккаг; хӕдзари-хӕдзар-иу ма зилут.
8Цы сахармӕ бацӕуат, уым уӕ куы суазӕг кӕной, уӕд хӕрут, цы уын ӕрӕвӕрой, уый. 9Сӕ рынчынты сын дзӕбӕх кӕнут ӕмӕ адӕмӕн дзурут: „Ӕрӕввахс уӕм ис Хуыцауы Паддзахад“. 10Искӕцы сахармӕ куы бацӕуат ӕмӕ уӕ уым куынӕ суазӕг кӕной, уӕд-иу, уынгты цӕугӕйӕ, дзурут: 11„Уӕ сахары нӕ къӕхтыл цы рыг ӕрбадти, уый дӕр ӕрцагътам ӕмӕ уын ӕй уӕхицӕн уадзӕм. Фӕлӕ зонут, Хуыцауы Паддзахад уӕм кӕй ӕрӕввахс ис, уый“. 12Зӕгъын уын, Тӕрхоны Бон Содомыл уыцы сахарӕй хуыздӕр бон акӕндзӕн.
13Сар дӕ сӕр, Хоразин! Сар дӕ сӕр, Вифсаидӕ! Уымӕн ӕмӕ, сымахмӕ цы диссӕгтӕ равдыстӕуыд, уыдон Тир ӕмӕ Сидоны куы ӕрцыдаиккой, уӕд уымы цӕрджытӕ, сӕ уӕлӕ сӕхъистӕ скӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕнычы сбадгӕйӕ, сӕ тӕригъӕдтыл раджы ӕрфӕсмон кодтаиккой. 14Фӕлӕ Тир ӕмӕ Сидонӕн Тӕрхоны Бон сымахӕй ӕнцондӕр уыдзӕн. 15Ӕмӕ дӕу дӕр, Капернаум, ӕнхъӕлыс, уӕларвмӕ систӕуыдзӕн? Нӕ, дӕлдзӕхмӕ ныххаудзынӕ!
16Сымахмӕ чи хъусы, уый Мӕнмӕ хъусы. Сымахыл йӕхи чи атигъ кӕны, уый Мӕныл атигъ кӕны. Мӕныл йӕхи чи атигъ кӕны, уый та — Мӕ Рарвитӕгыл».
17Ӕвдай дыууӕ ахуыргӕнинаджы фӕстӕмӕ зӕрдӕрухсӕй ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ дзырдтой: «Хицау, Дӕ номӕй куы фӕзӕгъӕм, уӕд дӕлимонтӕ дӕр нӕ коммӕ бакӕсынц». 18Йесо сын загъта: «Ӕз федтон сайтаны уӕларвӕй ӕрвӕрттывдау ӕрхаугӕ. 19Ӕз уын радтон калм ӕмӕ къӕдздымы уӕ къӕхты бын ссӕндыны, стӕй знаджы ӕппӕт тыхтыл уӕлахиз кӕныны хъомыс, ӕмӕ уын знаггад ницы ракӕндзӕн. 20Дӕлимонтыл уӕ бон кӕй цӕуы, ууыл ма цин кӕнут — уӕ нӕмттӕ уӕлӕрвты фыст кӕй сты, ууыл цин кӕнут».
21Уыцы тӕккӕ уысм Ын Сыгъдӕг Уд Йӕ зӕрдӕ байдзаг кодта цинӕй, ӕмӕ Йесо загъта: «Мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Дунедарӕг! Стауын дӕ, Ды адӕттӕ куырыхонтӕй ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй кӕй басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн кӕй раргом кодтай, уый тыххӕй! О, Мӕ Фыд, Дӕу афтӕ бафӕндыд! 22Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр. Фырт чи у, уый ничи зоны Фыдӕй дарддӕр; Фыд чи у, уый дӕр ничи зоны Фыртӕй дарддӕр ӕмӕ йӕ Фырт кӕмӕн раргом кӕны, уый йеддӕмӕ».
23Йесо Йе ’ргом разылдта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ, ӕрмӕстдӕр Ӕй уыдон куыд хъусой, афтӕ сын загъта: «Тӕхудиаг сты, сымах цы уынут, уый уынӕг цӕстытӕ! 24Ӕз уын зӕгъын: бирӕ пехуымпартӕ ӕмӕ паддзӕхты фӕндыд, сымах цы уынут, уый фенын, фӕлӕ йӕ нӕ федтой ӕмӕ, сымах цы хъусут, уый фехъусын, фӕлӕ йӕ нӕ фехъуыстой».
25Уӕд иу динамонӕг сыстад ӕмӕ Йесойы бафӕлварыны тыххӕй загъта: «Ахуыргӕнӕг, мыггагмӕйы цард райсынӕн мӕ цы бакӕнын хъӕуы?» 26Йесо йӕ бафарста: «Ӕгъдауы цы фыст ис? Уым цы кӕсыс?» 27Уый Йын дзуапп радта: «„Уарз дӕ Бардарӕг Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт хъаруйӕ ӕмӕ ӕппӕт зондӕй“. Ноджы ма: „Уарз хионы, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ“». 28Йесо йын загъта: «Раст дзуапп радтай. Афтӕ кӕн ӕмӕ мыггагмӕ цӕрдзынӕ». 29Фӕлӕ уый фӕндыд йӕхи сраст кӕнын ӕмӕ та Йесойы бафарста: «Хион та чи у?» 30Йесо йын дзуапп радта: «Иу лӕг Йерусалимӕй фӕцӕйцыди Йерихонмӕ ӕмӕ абырджыты къухмӕ бахауд. Уыдон ын раластой йӕ дарӕс, тынг ӕй фӕнадтой ӕмӕ йӕ ӕрдӕгмардӕй ныууагътой. 31Афтӕ рауад, ӕмӕ уыцы фӕндагыл иу сауджын фӕцӕйцыди. Лӕджы федта, фӕлӕ йӕ иувӕрсты аивгъуыдта. 32Левит дӕр афтӕ: ууылты фӕцӕйцыд, федта йӕ ӕмӕ дарддӕр йӕ цыды кой кодта. 33Уалынмӕ уыцы фӕндагыл иу самариаг фӕцӕйцыди. Лӕгмӕ куы бахӕстӕг ис ӕмӕ йӕ куы федта, уӕд ын фӕтӕригъӕд кодта. 34Бацыди йӕм, йӕ хъӕдгӕмттӕ йын сӕнӕй цӕхсадта, оливӕйы сойӕ сӕ байсӕрста, бабаста йын сӕ, стӕй йӕ сӕвӕрдта хӕрӕгыл, фысымуатмӕ йӕ баласта ӕмӕ ма йӕм уым дӕр базылди. 35Дыккаг бон дыууӕ динары систа, фысымуаты хицаумӕ сӕ радта ӕмӕ йын загъта: „Дӕ цӕст ӕм фӕдар, ӕмӕ ма кӕд адонӕй уӕлдай бахардз кӕнай, уӕд дын сӕ, фӕстӕмӕ куы раздӕхон, уӕд бафиддзынӕн“. 36Абырджыты къухмӕ чи бахауд, уымӕн, дӕумӕ гӕсгӕ, уыцы ӕртӕйӕ хион чи уыди?» 37Уый дзуапп радта: «Чи йын батӕригъӕд кодта, уый». Уӕд ын Йесо загъта: «Ацу ӕмӕ ды дӕр афтӕ кӕн».
38Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ дарддӕр Йӕ фӕндаг кодта ӕмӕ иу хъӕумӕ бафтыди. Уым Ӕй, Марфӕ, зӕгъгӕ, иу сылгоймаг йӕ хӕдзармӕ бахуыдта. 39Марфӕйӕн уыди хо, йӕ ном — Мариа. Уый Йесойы дӕлфӕдтӕм сбадти ӕмӕ Йӕм лӕмбынӕг хъуыста. 40Марфӕйӕн та йӕ мӕт ӕгасӕй дӕр уыди, куыд хуыздӕр Ӕй суазӕг кӕна, ууыл. Бацыди Йесомӕ ӕмӕ Йын загъта: «Бардарӕг, мӕ хо мӕ иунӕгӕй лӕггадгӕнгӕ куыд ныууагъта, уый нӕ уыныс? Зӕгъ-ма йын, ӕмӕ мӕм фынг ӕвӕрынмӕ фӕкӕса». 41Йесо йын дзуапп радта: «Марфӕ, Марфӕ, ды бирӕ цӕуылдӕртыл мӕт кӕныс ӕмӕ тыхсыс, 42хъӕугӕ та ӕрмӕстдӕр иунӕг хъуыддаг кӕны. Мариа равзӕрста хуыздӕр хай, ӕмӕ йын ӕй ничи байсдзӕни».
Currently Selected:
Лука 10: ОссБ
Highlight
Share
Copy
Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.