YouVersion Logo
Search Icon

Лука 4

4
1Йесо, Сыгъдӕг Удӕй хайджынӕй, ӕрбаздӕхти Иорданӕй, ӕмӕ Йӕ Сыгъдӕг Уд акодта ӕдзӕрӕг быдырмӕ. 2Уым Ӕй хӕйрӕг дыууиссӕдз боны фӕлвӕрдта. Уыцы бонты Йесо ницы хордта ӕмӕ фӕстагмӕ тынг сыстонг ис. 3Хӕйрӕг Ын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд зӕгъ ацы дурӕн, ӕмӕ дзул феста». 4Йесо йын дзуапп радта: «Фыст ис: „Айдагъ дзулӕй нӕ цӕры адӕймаг, фӕлӕ Хуыцауы алы дзырдӕй“».
5Уӕд Ӕй хӕйрӕг бӕрзонд ранмӕ скодта, цӕсты фӕныкъуылдмӕ Йын дунейы паддзахӕдтӕ иууылдӕр февзӕрын кодта Йӕ разы 6ӕмӕ Йын загъта: «Ӕз Дын ратдзынӕн ӕппӕт ацы паддзахӕдтӕ сӕ кад ӕмӕ сӕ хъомысимӕ, уымӕн ӕмӕ мӕнӕн лӕвӕрд сты, ӕмӕ сӕ раттын, кӕмӕн мӕ бафӕнды, уымӕн. 7Уӕдӕ мӕм куы бакувай, уӕд иууылдӕр уыдзысты Дӕу». 8Йесо йын дзуапп радта: «Фыст ис: „Кув дӕ Хицау Хуыцаумӕ ӕмӕ лӕггад кӕн ӕрмӕстдӕр Уымӕн“».
9Уӕд Ӕй хӕйрӕг акодта Йерусалиммӕ, Кувӕндоны уӕлхӕдзарыл Ӕй ӕрлӕууын кодта ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд Дӕхи ардыгӕй фехс дӕлӕмӕ, 10уымӕн ӕмӕ фыст ис: „Йӕ зӕдтӕн бафӕдзӕхсдзӕни Дӕу бахъахъхъӕнын“; 11ноджыдӕр ма: „Сӕ къухтыл Дӕ ахӕсдзысты, ӕмӕ Дӕ къах дурыл дӕр не скъуырдзынӕ“». 12Йесо йын дзуапп радта: «Загъд у: „Ма фӕлвар дӕ Хицау Хуыцауы“». 13Хӕйрӕг Йесойы алы хуызы дӕр куы бафӕлвӕрдта, уӕд Ӕй рӕстӕгмӕ Йӕхи бар ныууагъта.
14Йесо ӕрбаздӕхти Галилеймӕ Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ хайджынӕй, ӕмӕ Йӕ кой айхъуыстис ӕппӕт бӕстӕйыл. 15Адӕмы ахуыр кодта сӕ синагогӕты, ӕмӕ Йын уыдон иууылдӕр кад кодтой.
16Йесо ацыди, кӕм схъомыл ис, уыцы Назаретмӕ. Куыд ахуыр уыди, афтӕ сабаты синагогӕмӕ бацыд ӕмӕ слӕууыд Сыгъдӕг Фыстӕй бакӕсынмӕ. 17Пехуымпар Исайайы чиныг Ӕм радтой. Байгом ӕй кодта ӕмӕ ссардта мӕнӕ ацы ныхӕстӕ:
18«Мӕныл ис Дунедарӕджы Уд, уымӕн ӕмӕ Мӕ Хуыцау байсӕрста мӕгуыртӕн Фарны Уац фехъусын кӕнынмӕ: уацайрӕгтӕ кӕй ссӕрибар уыдзысты, куырмытӕ кӕй ракӕсдзысты сӕ цӕстӕй, ӕфхӕрд адӕм сӕ хъизӕмарӕй кӕй фервӕздзысты ӕмӕ 19Дунедарӕгӕн Йӕ хорзӕхы аз кӕй ралӕууыд». 20Йесо сӕхгӕдта чиныг, радта йӕ лӕггадгӕнӕгмӕ ӕмӕ ӕрбадти. Синагогӕйы чидӕриддӕр уыди, уыдон Дзы сӕ цӕстытӕ нал истой. 21Ӕмӕ сын Уый райдыдта дзурын: «Ацы пехуымпар ныхас сӕххӕст абон — куы йӕм хъуыстат, уӕд».
22Иууылдӕр Йемӕ разы уыдысты, Йӕ фӕрнӕйдзаг ныхӕстӕ сӕ дисы ӕфтыдтой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Йосифы фырт нӕу, ӕви?» 23Йесо сын загъта: «Сымах Мын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм ӕмбисонд ӕрхӕсдзыстут: „Дохтыр, Дӕхи уал сдзӕбӕх кӕн“. Ноджы ма Мын зӕгъдзыстут: „Мах фехъуыстам, Капернаумы цытӕ сарӕзтай, уый, ӕмӕ ахӕм диссӕгтӕ ам, Дӕхи сахары дӕр, сараз“. 24Фӕлӕ уын, ӕцӕг цы у, уый зӕгъын: иунӕг пехуымпарӕн дӕр йӕ фыдыбӕстӕйы кад нӕ вӕййы. 25Ӕцӕг уын зӕгъын, ӕцӕг: Илийайы заманы бирӕ идӕдз сылгоймӕгтӕ уыдис Израилы. Уӕд арвӕй ӕртӕ азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы дӕргъы къӕвдайы ӕртах не ’рхауд, ӕмӕ ӕппӕт бӕстӕйы дӕр стонг рӕстӕг скодта. 26Фӕлӕ уыдонӕй иумӕ дӕр Илийа ӕрвыст нӕ уыди — сидойнаг Сарептӕйы цы идӕдз сылгоймаг уыд, уымӕ уыдис ӕрвыст. 27Бирӕ хъотырджынтӕ уыди пехуымпар Елисейы заман Израилы, фӕлӕ дзы иу дӕр не ссыгъдӕг ис — ӕрмӕстдӕр сириаг Нееман ссыгъдӕг ис». 28Уыцы ныхӕстӕм, синагогӕйы цы адӕм уыди, уыдон се ’ппӕт дӕр тынг смӕсты сты. 29Сӕ бынӕттӕй фестадысты ӕмӕ Йӕ, сӕ сахар цы хохыл уыди, уый сӕрмӕ акодтой, цӕмӕй йӕ рындзӕй аппарой. 30Фӕлӕ Йесо йӕхи айста се ’хсӕнты ӕмӕ уырдыгӕй ацыди.
31Ӕрцыд галилейаг сахар Капернауммӕ ӕмӕ сабаты ахуыр кодта адӕмы. 32Дисы сӕ ӕфтыдта Йӕ ахуырад, уымӕн ӕмӕ барджынӕй дзырдта. 33Синагогӕйы уыди хӕйрӕджджын адӕймаг. Уый ныхъхъӕр кодта: 34«Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Назаретаг Йесо? Ды нӕ фесафынмӕ ӕрбацыдтӕ! Ӕз зонын, Чи дӕ, уый — Ды Хуыцауы Сыгъдӕг дӕ». 35Йесо дӕлимонӕн тызмӕгӕй загъта: «Банцай ӕмӕ ӕддӕмӕ рахиз». Дӕлимон, кӕй мидӕг уыди, уыцы адӕймаджы синагогӕйы астӕу зӕххыл ныццавта ӕмӕ дзы рацыд, ницы зиан ын ракодта, афтӕмӕй. 36Адӕм иууылдӕр дисы бафтыдысты ӕмӕ дзырдтой кӕрӕдзийӕн: «Цавӕр хъомыс ӕмӕ тых ис Йӕ ныхасы? Ӕнӕзӕгъинӕгтӕ Йӕ бардзырдмӕ гӕсгӕ хӕйрӕджджынты ныууадзынц ӕмӕ ӕддӕмӕ рахизынц». 37Ӕмӕ Йесойы кой айхъуысти Капернаумы алфамбылай.
38Йесо синагогӕйӕ ацыди Симоны хӕдзармӕ. Симоны усы мад тынг тыхсти тӕвднизӕй, ӕмӕ Йесомӕ бахатыдысты, цӕмӕй йӕ сдзӕбӕх кӕна. 39Йесо йӕ цуры ӕрлӕууыд, низӕн йӕ тых басаста, ӕмӕ рынчын сдзӕбӕх ис. Уыйадыл сылгоймаг сыстади ӕмӕ сын лӕггад кӕнын райдыдта.
40Исты низӕй рынчын йӕ хӕдзары кӕмӕндӕриддӕр уыди, — хурныгуылдыл Ӕм сӕ ӕрбалӕууын кодтой. Уый та-иу сыл Йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта ӕмӕ-иу сдзӕбӕх сты. 41Бирӕты фервӕзын кодта дӕлимонты ахӕстӕй, хӕйрӕджытӕ-иу, хъӕргӕнгӕ, ӕддӕмӕ рацыдысты: «Ды Хуыцауы Фырт дӕ!» Фӕлӕ сын Йесо дзурыны бар нӕ лӕвӕрдта, уымӕн ӕмӕ уыдон зыдтой, Чырысти кӕй у, уый.
42Куы ӕрбабон ис, уӕд Йесо сахарӕй рацыд ӕмӕ хибар ранмӕ Йӕхи айста. Адӕм Ӕй ӕрцагуырдтой ӕмӕ Йӕм бацыдысты, лӕгъстӕ Йын кодтой, цӕмӕй семӕ баззайа. 43Уый сын загъта: «Ӕз хъуамӕ иннӕ сахартӕн дӕр Хуыцауы Паддзахады Фарны Уац фехъусын кӕнон, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн». 44Ӕмӕ Фарны Уац дарддӕр хъусын кодта Иудейы синагогӕты.

Currently Selected:

Лука 4: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in