YouVersion Logo
Search Icon

Лука 6

6
1Иу сабаты Йесо ӕфсирджын хоры хуымтыл фӕцӕйцыд. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ-иу ӕфсиртӕ ратыдтой, сӕ къухты-иу сӕ аууӕрстой ӕмӕ-иу сын сӕ нӕмгуытӕ ахордтой. 2Фарисейтӕй сын чидӕртӕ загътой: «Сабаты цы не ’мбӕлы, уый цӕмӕн кӕнут?» 3Йесо сын дзуапп радта: «Давид йе ’мбӕлттимӕ куы сыстонг ис, уӕд цы бакодта, уый тыххӕй нӕ кастыстут, ӕви? 4Бацыди Хуыцауы хӕдзармӕ ӕмӕ райста, ӕрмӕст сауджынтӕн кӕмӕй ӕмбӕлд хӕрын, уыцы кувӕггаг дзултӕй, ӕмӕ дзы йӕхӕдӕг дӕр бахордта, стӕй ма дзы йе ’мбӕлттӕн дӕр радта». 5Ноджы ма сын загъта: «Адӕймаджы Фырт сабатӕн йӕ хицау у».
6Иннӕ сабаты Йесо бацыди синагогӕмӕ ӕмӕ ахуыр кодта адӕмы. Уыдис дзы, йӕ рахиз къух хуыскъ кӕмӕн уыди, ахӕм лӕг. 7Динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ сӕ цӕст дардтой Йесомӕ, ома кӕд сабаты искӕй сдзӕбӕх кӕна, уӕд Ӕй фӕазымджын кӕндзыстӕм, зӕгъгӕ. 8Фӕлӕ сын Йесо зыдта сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ, йӕ къух хуыскъ кӕмӕн уыди, уыцы лӕгӕн загъта: «Сыст ӕмӕ адӕмы размӕ рацу». Уый сыстади ӕмӕ адӕмы размӕ рацыди. 9Уӕд сын Йесо загъта: «Ӕз уӕ фӕрсын, сабаты хорз кӕнын ӕмбӕлы ӕви ӕвзӕр? Уд фервӕзын кӕнын ӕви йӕ фесафын?» 10Йесо се ’ппӕтыл дӕр Йӕ цӕст ахаста, ӕмӕ цӕнкуылӕн загъта: «Ӕрбадар-ма Мӕм дӕ къух». Уый афтӕ бакодта, ӕмӕ йӕ къух адзӕбӕх ис.
11Динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕн сӕ маст фыхти Йесомӕ ӕмӕ уынаффӕтӕ кодтой, цы Йын бакӕной, ууыл.
12Иуахӕмы Йесо хохмӕ ссыди кувынмӕ, ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв уым, Хуыцаумӕ кувгӕйӕ, арвыста. 13Куы ӕрбабон ис, уӕд фӕдзырдта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, равзӕрста дзы дыууадӕсы ӕмӕ сӕ схуыдта апостолтӕ: 14Петр, зӕгъгӕ, кӕй схуыдта, уыцы Симоны ӕмӕ уый ӕфсымӕр Андрейы, уыдонимӕ ма — Йаковы, Иоанны, Филиппы, Варфоломейы, 15Матфейы, Фомайы, Алфейы фырт Йаковы, фӕсномыгӕй Зилот кӕй хуыдтой, уыцы Симоны, 16Йаковы фырт Иудӕйы ӕмӕ, Йесойыл фӕстӕдӕр гадзрахатӕй чи рацыди, уыцы Иудӕ Искариоты.
17Йесо семӕ хохӕй ӕрцыди ӕмӕ фӕзы ӕрлӕууыд. Уырдӕм ӕрӕмбырд сты Йӕ бирӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр, ноджы ма ӕгас Иудей ӕмӕ Йерусалимӕй, стӕй денджызы былгӕронӕй — Тир ӕмӕ Сидонӕй ӕрцӕуӕг адӕм. 18Уыдон Ӕм ӕрцыдысты байхъусынмӕ ӕмӕ сӕ низтӕй фервӕзынмӕ. Ӕнӕзӕгъинӕгты ахӕсты чи уыди, уыдон дӕр-иу сдзӕбӕх сты. 19Ӕмӕ адӕм иууылдӕр архайдтой Йесойыл бандзӕвыныл, уымӕн ӕмӕ, Уымӕй цы тых цыд, уый се ’ппӕты дӕр дзӕбӕх кодта.
20Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтыл Йӕ цӕст ахаста ӕмӕ райдыдта дзурын: «Тӕхудиаг стут, Хуыцауы сӕраппонд мӕгуыр чи у, — Хуыцауы Паддзахад сымах у.
21Тӕхудиаг стут, абоны ӕххормӕгтӕ, — Хуыцау уӕ бафсаддзӕн. Тӕхудиаг стут, абон кӕугӕ чи кӕны, уыдон, — сымах худдзыстут.
22Тӕхудиаг уыдзыстут, Адӕймаджы Фырты тыххӕй адӕмӕн ӕнӕуынон куы суат, хъоды уыл куы бакӕной, цъыф уыл куы калой ӕмӕ уын уӕ ном куы сӕгад кӕной, уӕд. 23Цин кӕнут уыцы бон ӕмӕ райут — уӕларвы уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хорзӕх: ацы адӕмӕн сӕ фыдӕлтӕ дӕр пехуымпартӕн афтӕ кодтой.
24Фӕлӕ сар уӕ сӕр, хъӕздгуытӕ, — сымах ныридӕгӕн уӕ хорзӕхы хай райстат.
25Сар уӕ сӕр, абоны фырӕфсӕстытӕ, — сымах сыстонг уыдзыстут. Сар уӕ сӕр, абоны цингӕнджытӕ, — сымах кӕудзыстут ӕмӕ дзыназдзыстут.
26Сар уӕ сӕр, адӕм иууылдӕр уӕ хорзы кой куы кӕной, уӕд: ацы адӕмы фыдӕлтӕ дӕр мӕнгпехуымпартӕй афтӕ ӕппӕлыдысты.
27Фӕлӕ Ӕз сымахӕн, Мӕнмӕ хъусджытӕ, зӕгъын: уарзут уе знӕгты, хорз кӕнут, сымахӕй йе сӕфт чи уыны, уыдонӕн, 28уе ’лгъитджытӕн хорзӕх курут Хуыцауӕй, уе ’фхӕрджыты тыххӕй кувут. 29Де ’хсӕрфарс дын чи ныццӕва, уымӕ бадар иннӕ дӕр. Ӕмӕ дын исчи дӕ пӕлӕз куы иса, уӕд ын ратт дӕ хӕдон дӕр. 30Чи дӕ кура, уымӕн ратт ӕмӕ, цы дӕ айсой, уый фӕстӕмӕ мауал агур.
31Адӕмӕй цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, уый-иу сын уӕхӕдӕг дӕр кӕнут.
32Чи уӕ уарзы, уыдоны куы уарзат, уӕд уый тыххӕй цавӕр хорзӕхы аккаг стут? Тӕригъӕдджынтӕ дӕр уарзынц, чи сӕ уарзы, уыдоны. 33Хорзы уын чи цӕуы, уыдонӕн хорздзинад куы кӕнат, уӕд уый тыххӕй цавӕр хорзӕхы аккаг стут? Тӕригъӕдджынтӕ дӕр афтӕ кӕнынц. 34Йӕ бафидынӕй уӕ ныфс кӕмӕй ис, кӕд ӕфстау уыдонӕн дӕттут, уӕд уый тыххӕй цавӕр хорзӕхы аккаг стут? Тӕригъӕдджынтӕ дӕр ӕфстау фӕдӕттынц тӕригъӕдджынтӕн, цӕмӕй, цас радтой, уый бӕрц фӕстӕмӕ райсой. 35Фӕлӕ уарзут уе знӕгты, хорз кӕнут ӕмӕ ӕфстау дӕттут, фӕстӕмӕ исты кӕй райсдзыстут, уымӕ ӕнхъӕлмӕ нӕ кӕсгӕйӕ. Уӕд уын уыдзӕни стыр хӕрзиуӕг, ӕмӕ уыдзыстут Иууылбӕрзонды хъӕбултӕ — Уый ӕбузныгтӕм дӕр ӕмӕ фыдзӕрдӕтӕм дӕр хорз цӕстӕй кӕсы. 36Уӕдӕ хӕрзгӕнӕг ут, уӕ Фыд хӕрзгӕнӕг куыд у, афтӕ.
37Тӕрхонгӕнӕг макӕмӕн ут, ӕмӕ уын Хуыцау дӕр не стӕрхон кӕндзӕн. Макӕй фаут, ӕмӕ уӕ Хуыцау дӕр нӕ рафаудзӕн. Хатыр кӕнут, ӕмӕ уын Уый дӕр ныххатыр кӕндзӕн. 38Дӕттут ӕмӕ райсдзыстут — уӕ фӕччийы уын ӕркалдӕуыдзӕн раст, хӕрзнад ӕмӕ йедзаг барӕнӕй — цы барӕнӕй барут, уыцы барӕнӕй сбарстӕуыдзӕн сымахӕн дӕр».
39Йесо сын фӕсномыг ныхас дӕр ракодта: «Куырм куырмӕн фӕндаг куыд амондзӕн? Сӕ дыууӕ дӕр дзыхъхъы нӕ ныххаудзысты, ӕви? 40Ахуыргӕнинаг йӕ ахуыргӕнӕгӕй уӕлдӕр нӕу; фӕлӕ йӕ ахуыр кӕронмӕ чи фӕуа, уый суыдзӕнис йӕ ахуыргӕнӕджы хуызӕн. 41Де ’фсымӕры цӕсты ӕрду куы уыныс, уӕд дӕхи цӕсты къала бӕлас цӕуылнӕ фиппайыс? 42Куыд дзурыс де ’фсымӕрӕн, ӕри-ма, дӕ цӕстӕй дын ӕрду райсон, зӕгъгӕ, кӕд ӕмӕ дӕхи цӕсты къала бӕлас нӕ уыныс, уӕд? Дыдзӕсгом! Дӕхи цӕстӕй уал къала бӕлас райс, цӕмӕй, де ’фсымӕры цӕстӕй ӕрду куыд райсын хъӕуы, уый фенай.
43Хорз бӕлас ӕвзӕр дыргъ нӕ дӕтты, стӕй хорз дыргъ дӕр низджын бӕласыл нӕ зайы. 44Алы бӕлас дӕр йӕ дыргъӕй бӕрӕг вӕййы: какон сындзӕй легъуи не ’ртондзынӕ, сындзкъутӕрӕй та — сӕнӕфсир. 45Хорз адӕймаг йӕ зӕрдӕйы хӕзнадонӕй ӕддӕмӕ хорзӕй исты рахӕссы, фыдзӕрдӕ адӕймаг та фыдӕхы къӕбицӕй — фыдӕх. Уымӕн ӕмӕ, зӕрдӕйы цы ис, дзыхӕй дӕр уый цӕуы.
46Цы уын зӕгъын, уый куы нӕ кӕнут, уӕд Мӕм „Хицау, Хицау!“ цӕмӕн дзурут? 47Мӕнмӕ ӕрцӕуджытӕй Мӕ ныхӕстӕм чи хъусы ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уыцы адӕймаг кӕй хуызӕн у, уый уын зӕгъдзынӕн. 48Уый у, арф дзыхъхъ чи скъахта ӕмӕ йӕ хӕдзар дурын бындурыл чи сӕвӕрдта, ахӕм хӕдзаргӕнӕджы хуызӕн. Дон раивылди ӕмӕ уыцы хӕдзарыл ахӕцыд, фӕлӕ йӕ фенкъуысын кӕнын нӕ бафӕрӕзта, уымӕн ӕмӕ йӕ бындур фидар уыд. 49Мӕ ныхӕстӕм чи хъусы ӕмӕ сӕ чи не ’ххӕст кӕны, уый та у, йӕ хӕдзар зӕххыл ӕнӕ бындурӕй чи сарӕзта, ахӕм адӕймаджы хуызӕн. Куыддӕр хӕдзарыл дон ахӕцыд, афтӕ ныккалди ӕмӕ дурты кӕри фестад».

Currently Selected:

Лука 6: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in