YouVersion Logo
Search Icon

Марк 9

9
1Загъта ма сын: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ нӕ амӕлдзысты, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад хъомысджынӕй ӕрцӕугӕ феной, уӕдмӕ».
2Ӕхсӕз боны фӕстӕ Йесо Йемӕ рахуыдта Петр, Йаков ӕмӕ Иоанны, скодта сӕ бӕрзонд хохмӕ, ӕмӕ уым уыдысты хибарӕй. Сӕ разы Йӕ хуыз аивта. 3Йӕ дарӕс сӕрттывта ӕмӕ Йын митау урс-урсид фестади — зӕххыл иу адӕймагӕн дӕр хъуымац афтӕ сурс кӕнын йӕ бон нӕ бауыдзӕн.
4Фӕзындысты Илийа ӕмӕ Моисей ӕмӕ ныхас кодтой Йесоимӕ. 5Уӕд Петр загъта Йесойӕн: «Равви, мӕнӕ нын цы хорз у ам! Цӕй ӕмӕ ацы ран ӕртӕ халагъуды скӕнӕм: иу — Дӕуӕн, иу — Моисейӕн, иу — Илийайӕн». 6Уымӕн ӕмӕ, цы загътаид, уый нӕ зыдта — афтӕ тынг фӕтарстысты.
7Уалынмӕ фӕзындис ӕврагъ, ӕрӕмбӕрзта сӕ, ӕмӕ ӕврагъӕй райхъуысти: «Ай Мӕ уарзон Фырт у. Хъусут Ӕм». 8Ӕмӕ ӕваст сӕ алыварс куы акастысты, уӕд дзы Йесойы йеддӕмӕ никӕйуал федтой.
9Хохӕй куы ’рцӕйцыдысты, уӕд сын Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй, цы федтой, уый, цалынмӕ Адӕймаджы Фырт мӕрдтӕй райгас уа, уӕдмӕ макӕмӕн радзурой. 10Йесойы фӕдзӕхст сӕ зӕрдыл бадардтой, фӕлӕ кӕрӕдзийы фарстой, «мӕрдтӕй райгас уӕвын» цы амоны, зӕгъгӕ. 11Ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Уӕдӕ динамонджытӕ афтӕ цӕмӕн дзурынц, Чырыстийы размӕ уал, дам, Илийа хъуамӕ ӕрцӕуа?» 12Йесо сын дзуапп радта: «Раст у, раздӕр хъуамӕ Илийа ӕрцӕуа ӕмӕ ӕппӕт дӕр банывыл кӕна. Сыгъдӕг Фысты уӕдӕ афтӕ загъд цӕмӕн ис, Адӕймаджы Фырт хъуамӕ бирӕ удхӕрттӕ бавзара ӕмӕ хынджылӕггаг суа, зӕгъгӕ? 13Фӕлӕ уын зӕгъын: Илийа дӕр ныридӕгӕн ӕрцыдис, ӕмӕ сӕ цы фӕндыди, уый йын бакодтой, фыст куыд ис, афтӕ».
14Иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕм куы ӕрыздӕхтысты, уӕд сын сӕ алыварс ӕрӕййӕфтой бирӕ адӕм, стӕй динамонджыты — семӕ цӕуылдӕр быцӕу кодтой. 15Адӕм Йесойы куы ауыдтой, уӕд иууылдӕр стыр дисы бафтыдысты, Йӕ размӕ згъордтой ӕмӕ Йын салам лӕвӕрдтой. 16Йесо сӕ бафарста: «Цӕуыл у уӕ быцӕу?» 17Адӕмӕй Йын иу дзуапп радта: «Ахуыргӕнӕг, ӕз Дӕм ӕрбакодтон мӕ фырты, ӕнӕзӕгъинаг ӕй багомыг кодта. 18Кӕм ӕй ӕрцахсы, уым ӕй зӕххыл ныццӕвы, ӕмӕ лӕппуйӕн йӕ комы фынк акӕлы, йӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс ссӕуы ӕмӕ фӕсур вӕййы. Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загътон, цӕмӕй дӕлимоны расурой, фӕлӕ сӕ бон нӕ баци». 19Йесо дзуапп радта: «Ӕнӕуырнӕг фӕлтӕр! Цас ма уыдзынӕн уемӕ? Кӕдмӕ ма уын быхсдзынӕн? Ӕрбакӕнут Мӕм ӕй». 20Ӕмӕ Йӕм ӕй ӕрбакодтой. Дӕлимон куыддӕр Йесойы ауыдта, афтӕ лӕппуйы йӕ гӕндзӕхтӕ цӕгъдыныл бафтыдта; лӕппу зӕххыл адӕргъ ис ӕмӕ, йӕ комы фынк калгӕйӕ, ратул-батул кодта. 21Уӕд ын Йесо йӕ фыды бафарста: «Рагӕй афтӕ у?» Уый Йын дзуапп радта: «Йӕ чысылӕй нырмӕ. 22Дӕлимон ӕй бирӕ хӕттыты хъавыди фесафынмӕ: куы арты, куы та йӕ доны ӕппӕрста. Фӕлӕ кӕд Дӕ бон исты саразын у, уӕд нын фӕтӕригъӕд кӕн ӕмӕ нын баххуыс кӕн». 23Йесо йын загъта: «Кӕд Дӕ бон у, зӕгъыс? Чи ӕууӕнды, уымӕн йӕ бон алцыдӕр у».
24Уӕд лӕппуйы фыд [цӕссыгкалгӕ] уыциу хъӕр фӕкодта: «Уырны мӕ! Кӕд мӕ уырнындзинад фидар нӕу, уӕд мын ыл бафтау».
25Йесо адӕмы ӕрбацӕйзгъоргӕ куы федта, уӕд ӕнӕзӕгъинагӕн карзӕй загъта: «Ӕгомыг ӕмӕ къуырма уд! Ӕз дын бардзырд дӕттын: рахиз дзы ӕмӕ йӕ мидӕг макуыуал бацу». 26Уӕд дӕлимон ныцъцъӕхахст кодта, тынг ныууыгъта лӕппуйы ӕмӕ дзы рацыди. Лӕппу мардау фӕцис, ӕмӕ бирӕтӕ фенхъӕлдтой, удӕгас нал у, зӕгъгӕ. 27Фӕлӕ йын Йесо йӕ къухыл ныххӕцыд, рабадын ӕй кодта, ӕмӕ лӕппу сыстади. 28Йесо хӕдзармӕ куы бацыди, уӕд Ӕй Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хибарӕй бафарстой: «Дӕлимоны расурын мах бон цӕуылнӕ баци?» 29Йесо сын загъта: «Адоны мыггагӕн ӕрмӕстдӕр кувын ӕмӕ ком дарыны фӕрцы ис фӕсурӕн».
30Рацыдысты уырдыгӕй ӕмӕ сӕ фӕндаг акодтой Галилейыл. Йесойы нӕ фӕндыди, цӕмӕй, уым кӕй ис, уый исчи базона. 31Уымӕн ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмбарын кодта ӕмӕ сын дзырдта: «Адӕймаджы Фырты ратдзысты адӕмы къухтӕм, амардзысты Йӕ, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн». 32Фӕлӕ Йын уыдон нӕ бамбӕрстой Йӕ ныхӕстӕ, бафӕрсын та Йӕ нӕ уӕндыдысты.
33Ӕрцыдысты Капернауммӕ. Хӕдзары куы уыдысты, уӕд сӕ Йесо бафарста: «Фӕндагыл та цӕуыл дзырдтат?» 34Уыдон ныхъхъус сты, уымӕн ӕмӕ фӕндагыл фӕбыцӕу сты, уӕлдӕр сӕ чи у, уый фӕдыл. 35Уӕд Йесо ӕрбадти, дыууадӕсмӕ дӕр фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Фыццаг уӕвын кӕй фӕнды, уый уӕд ӕппӕты фӕстаг ӕмӕ лӕггад кӕнӕд алкӕмӕн дӕр». 36Стӕй сын сӕ размӕ ӕрбахуыдта сывӕллоны, ӕрбахъӕбыс ӕй кодта ӕмӕ сын загъта: 37«Ахӕм сабитӕй иуы дӕр Мӕн тыххӕй чи суазӕг кӕна, уый Мӕн суазӕг кӕндзӕн; Мӕн чи суазӕг кӕна, уый та — Мӕ Рарвитӕджы».
38Уӕд Ын Иоанн афтӕ зӕгъы: «Ахуыргӕнӕг, мах федтам, Дӕ номӕй дӕлимонты чи суры, иу ахӕм адӕймаджы ӕмӕ йын карзӕй загътам, цӕмӕй афтӕ мауал кӕна, уымӕн ӕмӕ уый махӕй нӕу». 39Йесо йын дзуапп радта: «Ма йӕ хъыгдарут. Мӕ номӕй диссаг чи равдиса, уый ӕваст Мӕ фыдгой кӕнынмӕ нӕ фӕуыдзӕн. 40Нӕ ныхмӕ чи нӕу, уый нӕ фарс у. 41Чырыстийы кӕй стут, уый тыххӕй уын доны къус чи бадӕтта, уый, ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын, ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй нӕ баззайдзӕн.
42Фӕлӕ ацы кӕстӕртӕй — Мӕныл ӕууӕндджытӕй — иуы дӕр тӕригъӕды чи баппара, уымӕн йӕ бӕрзӕйыл куыройы фыд куы ӕрцауындзиккой ӕмӕ йӕ денджызмӕ куы баппариккой, уӕд ын хуыздӕр уаид.
43Дӕ къух дӕ рӕдийын кӕны, — ралыг ӕй кӕн: хуыздӕр дын у уӕнгхъуагӕй цӕрын, цӕйнӕфӕлтау дыууӕ къухимӕ зындоны ӕнӕхуысгӕ арты бахауай. 44[Уым сӕ къуыдыргалм нӕ мӕлы, ӕмӕ дзы арт нӕ хуыссы.]
45Дӕ къах дӕ рӕдийын кӕны, — ралыг ӕй кӕн: хуыздӕр дын у уӕнгхъуагӕй цӕрын, цӕйнӕфӕлтау дыууӕ къахимӕ зындонмӕ бахауай. 46[Уым сӕ къуыдыргалм нӕ мӕлы, ӕмӕ дзы арт нӕ хуыссы.]
47Дӕ цӕст дӕ куы рӕдийын кӕна, уӕд ӕй фелвас: хуыздӕр дын у иу цӕстимӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын, цӕйнӕфӕлтау дыууӕ цӕстимӕ зындоны арты бахауай. 48[Уым сӕ къуыдыргалм нӕ мӕлы, ӕмӕ дзы арт нӕ хуыссы.]
49Уымӕн ӕмӕ, Хуыцауӕн хаст нывонд цӕххӕй куыд ссыгъдӕг кӕнынц, афтӕ алчидӕр арты фӕрцы сыгъдӕггонд ӕрцӕудзӕни. 50Цӕхх хорз у, фӕлӕ йӕ тых куы фесӕфа, уӕд ма йӕ цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ? Ӕдзӕхх ма ут ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрут».

Currently Selected:

Марк 9: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in