YouVersion Logo
Search Icon

Апостолты хъуыддӕгтӕ 1

1
Сыгъдӕг Уды рарвитынӕй зӕрдӕбавӕрд
1Мӕ фыццаг чиныджы, Феофил, ӕз ныффыстон, Йесо цы куыста ӕмӕ цӕуыл ахуыр кодта, ӕппӕт уыдӕттӕ сӕ райдианӕй#Лк 1:3., 2суанг, Йе ’взӕрст апостолтӕн Сыгъдӕг Уды фӕрцы бардзырдтӕ куы радта ӕмӕ уӕлӕрвтӕм куы ссыди, уыцы боны онг.#Мк 16:15; Ин 20:21.
3Йӕ хъизӕмӕртты фӕстӕ Йесо бирӕ хӕттыты фӕзындис апостолтӕм ӕмӕ сын бирӕ ӕвдисӕйнӕгтӕй равдыста, ӕцӕг кӕй райгас, уый. Йӕхи сын уынын кодта дыууиссӕдз боны дӕргъы ӕмӕ сын дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй.#Мт 28:7; Мк 16:14.
4Иуахӕмы сӕ ӕрӕмбырд кодта#1:4 Кӕнӕ: «Иуахӕмы сын, семӕ сихор хӕргӕйӕ…» ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Йерусалимӕй макӕдӕм ацӕут, фӕлӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, Фыд уын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ уын Ӕз цӕй тыххӕй дзырдтон, уымӕ.#Лк 24:49; Ин 14:26.
5Уымӕн ӕмӕ Иоанн аргъуыдта донӕй, сымах та цалдӕр боны фӕстӕ аргъуыд ӕрцӕудзыстут Сыгъдӕг Удӕй».#Мт 3:11; Мк 1:8.
Йесойы систӕуыд уӕлӕрвтӕм
6Апостолтӕ иумӕ куы ӕрбамбырд сты, уӕд Ӕй бафарстой: «Бардарӕг, Израилы паддзахад ногӕй ныр сфидар кӕндзынӕ?»
7Уый сын загъта: «Сымахӕн не ’мбӕлы, Мӕ Фыд Йӕ бартӕм гӕсгӕ цы афонтӕ ӕмӕ ӕмгъуыдтӕ снысан кодта, уыдон зонын.
8Фӕлӕ Сыгъдӕг Удӕй куы схайджын уат, уӕд уӕм фӕзындзӕни тых, ӕмӕ Мын ӕвдисӕнтӕ уыдзыстут Йерусалимы ӕмӕ ӕгас Иудейы, Самарийы ӕмӕ суанг арвы кӕрӕттӕм».#Лк 24:49; Хъуыд 2:32.
9Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесойы систӕуыд уӕлӕрвтӕм, ӕмӕ йӕ ӕврагъ бамбӕхста.#Мк 16:19; Лк 24:51. 10Нал сӕм зынди, фӕлӕ ма уӕддӕр арвмӕ кастысты ӕдзынӕг. Ӕваст сӕ разы февзӕрдысты дыууӕ лӕджы, урс-урсид дарӕсы, 11ӕмӕ загътой: «Галилейӕгтӕ, цы лӕуут ӕмӕ арвмӕ цы кӕсут? Сымахӕй уӕлӕрвтӕм Кӕй систӕуыд, Уыцы Йесо уӕ цӕсты раз уӕларвмӕ куыд ссыд, фӕстӕмӕ дӕр афтӕ ӕрыздӕхдзӕн».#Мт 25:31; 26:64; 1 Фес 1:10; Ӕрг 1:7.
Матфийы сӕвзӕрстой апостолӕй
12Уыйадыл апостолтӕ уырдыгӕй, Елеоны хохӕй, фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ ӕрбаздӕхтысты; уыцы хох Йерусалиммӕ хӕстӕг у — сабаты бонцау#1:12 Сабаты бонцау — иу километры бӕрц. Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, уый бӕрц ацӕуыны бар уыди дзуттӕгтӕн сабаты..
13Куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд уӕллаг уатмӕ ссыдысты ӕмӕ уым баззадысты — Петр ӕмӕ Иоанн, Йаков ӕмӕ Андрей, Филипп ӕмӕ Фома, Варфоломей ӕмӕ Матфей, Алфейы фырт Йаков, Симон Зилот ӕмӕ Йаковы ӕфсымӕр Иудӕ.#Мт 10:2. 14Се ’ппӕт дӕр, семӕ — сылгоймӕгтӕ, Йесойы мад Мариа ӕмӕ Йе ’фсымӕртӕ — иудадзыг ӕмзӕрдӕйӕ куывтой.
15Уыцы бонты Петр ӕрлӕууыд ӕфсымӕрты раз 16(ӕртӕсӕдӕ дыууын адӕймаджы бӕрц ӕрӕмбырд ис) ӕмӕ загъта: «Ӕфсымӕртӕ! Хъуамӕ сӕххӕст уыдаид Сыгъдӕг Фыст — Сыгъдӕг Уд Иудӕйы тыххӕй развӕлгъау Давиды уылты цы загъта, уый: Иудӕ, Йесойы фӕдыл чи зылд, уыдоны йӕ фӕдыл кӕй ӕрбакӕндзӕн.#Ин 13:18; 18:3. 17Афтӕмӕй уый уыдис махӕй ӕмӕ архайдта нӕ лӕггады.
18Йӕ фыдракӕндӕн цы ӕхца райста, уымӕй зӕхх балхӕдта, фӕлӕ сӕрбынмӕ ӕрхауди, ӕмӕ йӕ гуыбын атыдта, йӕ хуылфыдзаумӕттӕ ракалдысты ӕддӕмӕ.#Мт 27:5. 19Хабар Йерусалимы цӕрджытыл айхъуыст, ӕмӕ уыцы бынат схуыдтой „Акелдама“, ома „Тугӕйдзаг зӕхх“. 20Псаломты чиныджы та фыст ис:
„Йӕ цӕрӕнуат гӕныстон фӕуӕд,
цӕрӕг дзы мауал баззайӕд“.
Ӕмӕ ма ноджы:
„Йӕ бынат ын бацахсӕд ӕндӕр“.
21Уӕдӕ нӕ равзарын хъӕуы, Бардарӕг Йесо не ’хсӕн куы царди, уӕд — 22Иоанны аргъуыды заманӕй Йесойы уӕлӕрвтӕм систы онг — иудадзыг немӕ чи уыд, уыцы лӕгтӕй иуы. Уый дӕр махау хъуамӕ ӕвдисӕн уа Йесойы райгасӕн».
23Бахастой фӕндон дыууӕйы — фӕсномыгӕй Варсавӕ кӕнӕ Иуст кӕй хуыдтой, уыцы Йосефы, ӕмӕ Матфийы тыххӕй. 24Ӕмӕ скуывтой: «Бардарӕг, Ды алкӕй зӕрдӕ дӕр зоныс. Равдис нын, сӕ дыууӕйӕ ацы лӕггадӕн кӕй равзӕрстай, уый, 25цӕмӕй, чи йӕ ныууагъта ӕмӕ йе ’цӕг дунемӕ чи ацыд, уыцы Иудӕйы бӕсты суа Дӕ апостол».
26Хӕлттӕ сӕппӕрстой, Матфийы хал схаудта, ӕмӕ иуӕндӕс апостолимӕ бамбал ис.

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in