Апостолты хъуыддӕгтӕ 10
10
Петр ӕмӕ Корнелий
1Кесарийы уыдис иу лӕг, йӕ ном — Корнелий, Италиаг кӕй хуыдтой, уыцы ӕфсӕддон хайы сӕдӕйыхицау. 2Йе ’ппӕт хӕдзаронтимӕ нымадта Хуыцауы ӕмӕ Дзы тарсти, мӕгуыр адӕмӕн бирӕ ӕххуыс кодта ӕмӕ иудадзыг куывта Хуыцаумӕ. 3Иу хатт, фарӕстӕм сахатмӕ хӕстӕг, Корнелимӕ Хуыцауы зӕд раргом ис. Зӕд ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Корнелий!»
4Корнелий зӕды куы федта, уӕд фӕтарст ӕмӕ бафарста: «Цы, Бардарӕг?» Зӕд ын дзуапп радта: «Дӕ куывдтытӕ ӕмӕ дӕ хорз хъуыддӕгтӕ нӕ ферох сты Хуыцауӕй. 5Арвит Яффомӕ адӕмы ӕмӕ ӕрхон, Петр кӕй хонынц, уыцы Симоны. 6Уый уазӕгуаты ис ӕрмгуыстгӕнӕг Симонмӕ; йӕ хӕдзар денджызы был ис. [Уый дын зӕгъдзӕн, ды ӕмӕ де ’ппӕт хӕдзаронтӕ кӕй фӕрцы фервӕздзысты, ахӕм ныхӕстӕ.]»#Хъуыд 9:43.
7Йемӕ чи ныхас кодта, уыцы зӕд куы ацыд, уӕд Корнелий фӕдзырдта йӕ фӕсдзӕуинтӕй дыууӕмӕ, стӕй йӕ цумагӕнӕн ӕфсӕддонтӕй иумӕ, Хуыцауыл ӕнувыд лӕгмӕ. 8Цы ӕрцыди, уый сын радзырдта ӕмӕ сӕ арвыста Яффомӕ.
9Дыккаг бон, уыдон ма фӕндагыл куы уыдысты ӕмӕ сӕ сахармӕ бирӕ куынӕуал хъуыд, уӕд Петр ӕмбисбонмӕ хӕстӕг бакувынмӕ схызти хӕдзары сӕрмӕ. 10Уалынджы тынг сыстонг ис ӕмӕ йӕм хӕрын ӕрцыд. Цалынмӕ хӕринаг цӕттӕ кодтой, уӕдмӕ федта цӕстылуайӕн: 11арвы дуар байгом ис, ӕмӕ зӕхмӕ ӕрцӕйцыди цыдӕр, стыр кӕттаджы хуызӕн, йӕ цыппар тигъӕй йӕ ӕрцӕйуагъдӕуыд. 12Уыди дзы алыхуызон цыппӕркъахыг цӕрӕгойтӕ, хилджытӕ ӕмӕ уӕларвон мӕргътӕ. 13Петрмӕ ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Сыст, Петр, аргӕвд ӕмӕ бахӕр». 14Фӕлӕ Петр загъта: «Уый нӕ уыдзӕн, Бардарӕг! Ӕлгъаг ӕмӕ чъизи цы у, ӕз ахӕмӕй никуы ницы бахордтон». 15Уӕд ӕм дыккаг хатт ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Хуыцау цы ссыгъдӕг кодта, уый ды ӕлгъагыл ма нымай».#Мт 15:11; Ром 14:14; 1 Тим 4:4; Тит 1:15. 16Афтӕ уыдис ӕртӕ хатты, стӕй кӕттаг систӕуыд уӕларвмӕ.
17Петр йӕхинымӕр куыд хъуыды кодта, уӕдӕ уыцы цӕстылуайӕн цы нысан кӕны, зӕгъгӕ, афтӕ Корнелийы ӕрвыст лӕгтӕ ӕрлӕууыдысты кулдуары цур. Адӕмӕй базыдтой, Симоны хӕдзар кӕм ис, уый, 18бахъӕр кодтой ӕмӕ бафарстой: «Петр кӕй хонынц, уыцы Симон сымахмӕ ис?» 19Ныр Петрӕн та йӕ хъуыдытӕ уыдысты, цы федта, ууыл. Сыгъдӕг Уд ын загъта: «Ӕртӕ лӕджы дӕ агурынц дӕлӕ. 20Сыст, ӕрхиз ӕмӕ ацу семӕ. Мисхалы бӕрц дӕр гуырысхо ма кӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ Ӕз рарвыстон».#Хъуыд 15:7. 21Петр ӕрхызти Корнелийы ӕрвыст лӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Сымах кӕй агурут, уый ӕз дӕн. Цы хъуыддаджы фӕдыл ӕрбацыдыстут?»
22Уыдон загътой: «Сӕдӕйыхицау Корнелий раст адӕймаг у, тӕрсы Хуыцауӕй, ӕппӕт иудейаг адӕм ӕй нымайынц. Сыгъдӕг зӕд ын бафӕдзӕхста дӕу йӕ хӕдзармӕ ӕрхонын ӕмӕ дын дӕ ныхӕстӕм байхъусын».
23Уӕд сӕ Петр бахуыдта ӕмӕ сӕ суазӕг кодта, дыккаг бон та семӕ араст ис; йемӕ ма рацыд яффойаг ӕфсымӕртӕй цалдӕр.#Хъуыд 11:12. 24Иннӕ бон ӕрхӕццӕ сты Кесаримӕ.
Корнелий ӕрбахуыдта йӕ къабӕзты, хӕстӕг хӕлӕртты, ӕмӕ сӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты. 25Петр мидӕмӕ куы бахызт, уӕд Корнелий рацыд йӕ размӕ ӕмӕ йӕхи Петры къӕхтӕм ӕрӕппӕрста.
26Петр ыл схӕцыд ӕмӕ загъта: «Сыст, ӕз дӕр ӕрмӕстдӕр адӕймаг дӕн».#Хъуыд 14:15; Ӕрг 19:10; 22:9.
27Корнелиимӕ ныхӕстӕ кӕнгӕйӕ, Петр бацыди хӕдзармӕ, баййӕфта дзы бирӕ адӕм 28ӕмӕ сын загъта: «Сымах хорз зонут, иудейагӕн кӕй нӕй муртаттагимӕ ӕмбӕлыны кӕнӕ йын йӕ хӕдзармӕ бацӕуыны бар. Фӕлӕ мын Хуыцау раргом кодта, ӕз иу адӕймаджы дӕр ӕлгъаг ӕмӕ чъизийыл куыд нӕ нымайон, афтӕ.#Мк 9:11; Ин 4:9. 29Ӕмӕ мӕм куы фӕдзырдтат, уӕд ӕз ӕрбацыдтӕн ӕнӕ уӕлдай ныхасӕй. Ныр уӕ фӕрсын: цы хъуыддаджы фӕдыл мӕм арвыстат?»
30Корнелий загъта: «Ӕртӕ боны размӕ, ацафон, фарӕстӕм сахатыл, ӕз куывтон мӕ хӕдзары. Уӕд мӕ разы ӕрттивгӕ дарӕсы февзӕрд иу лӕг 31ӕмӕ мын загъта: „Корнелий, дӕ куывд дын фехъуыстӕуыд, дӕ хорз хъуыддӕгтӕ нӕ ферох сты Хуыцауӕй. 32Арвит Яффомӕ ӕмӕ ӕрхон, Петр кӕй хонынц, уыцы Симоны. Уый уазӕгуаты ис цӕрмгуыстгӕнӕг Симоны хӕдзары, денджызы был“. 33Уайтӕккӕ дӕм арвыстон, ӕмӕ, кӕй ӕрбацыдтӕ, уымӕй хорз бакодтай. Ныр мах иууылдӕр лӕууӕм Хуыцауы раз, цӕмӕй байхъусӕм, Бардарӕг дын цы бафӕдзӕхста, ӕппӕт уыдӕттӕм».
34Петр райдыдта дзурын: «Ныр ӕз ӕцӕг базыдтон, Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны, уый.#1 Пет 1:17; Ром 2:11; Эф 6:9. 35Фӕлӕ Дзы чи тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, уый цыфӕнды адӕмыхаттӕй куы уа, уӕддӕр Йӕ зӕрдӕйӕн адджын у. 36Хуыцау израилаг адӕмӕн рарвыста Йӕ ныхас — Йесо Чырыстийы руаджы адӕмимӕ кӕй фидауы, уыцы Фарны Уац. Чырысти та у ӕппӕт адӕмы Бардарӕг.#Эф 2:17; Флп 2:11. 37Иоанн саргъауынмӕ куы сидти, уӕд ӕппӕт Иудейы, Галилейӕ райдайгӕйӕ, цы ӕрцыд, уый сымахӕн зындгонд у.#Лк 4:14. 38Сымах зонут, Хуыцау Назаретаг Йесойы кӕй схайджын кодта Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ хъаруйӕ. Йесо цыди ӕмӕ алы ран дӕр арӕзта хорз хъуыддӕгтӕ, дзӕбӕх кодта хӕйрӕджджынты, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йемӕ уыд. 39Ӕмӕ мах ӕвдисӕн стӕм, Уый иудейаг бӕстӕйы ӕмӕ Йерусалимы цытӕ сарӕзта, ӕппӕт уыдӕттӕн. Хъӕдыл Ӕй ӕрцауыгътой#10:39 Кӕс Хъуыд 5:30. ӕмӕ Йӕ амардтой,#Хъуыд 5:32; 13:31. 40фӕлӕ Йӕ Хуыцау ӕртыккаг бон райгас кодта ӕмӕ Йын Йӕхи равдисын кодта адӕммӕ.#Хъуыд 2:24. 41Ӕрмӕст ӕппӕт адӕммӕ нӕ, фӕлӕ махмӕ — Хуыцау раздӕр кӕй сӕвзӕрста, Йесо мӕрдтӕй куы райгас, уый фӕстӕ Йемӕ чи хордта ӕмӕ нуӕзта, уыцы ӕвдисӕнтӕм.#Мт 28:7; Лк 24:30; Хъуыд 13:31.
42Ӕмӕ Йесо махӕн бафӕдзӕхста адӕммӕ Фарны Уац фӕхӕссын, Уый удӕгӕстӕн ӕмӕ мӕрдтӕн Хуыцауӕй ӕвӕрд Тӕрхонгӕнӕг кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн лӕууын. 43Ӕппӕт пехуымпартӕ Йесойӕн ӕвдисӕн сты, зӕгъгӕ, чидӕриддӕр Ыл баууӕнда, уымӕн Йӕ номы фӕрцы хатыр уыдзысты тӕригъӕдтӕ».#Хъуыд 15:9.
Муртаттӕгтӕ Сыгъдӕг Удӕй схайджын сты
44Петр уыдӕттӕ куы дзырдта, уӕд ӕм чидӕриддӕр хъуыста, уыдон схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй. 45Петримӕ чи ӕрцыд, уыцы уырнджытӕ сунӕтгӕндтӕ уыдысты; ӕмӕ муртаттӕгтӕ дӕр Сыгъдӕг Удӕй кӕй схайджын сты, уый сӕ дисы бафтыдта. 46Уымӕн ӕмӕ хъуыстой, ӕндӕр ӕвзӕгтыл куыд дзырдтой ӕмӕ Хуыцауӕн куыд кад кодтой, уый. Уӕд Петр загъта:#Мк 16:17.
47«Уый кӕй бон бауыдзӕн, ӕмӕ, махау Сыгъдӕг Удӕй чи схайджын ис, уыдонӕн сӕ размӕ цӕлхдур сӕвӕра, цӕмӕй донӕй ма саргъауой?»#Хъуыд 15:8.
48Ӕмӕ сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй аргъуыд райсой Йесо Чырыстийы номыл. Уый фӕстӕ фысымтӕ ӕрхатыдысты Петрмӕ, цӕмӕй ма сӕм иу цалдӕр боны бафӕстиат уа.
Currently Selected:
Апостолты хъуыддӕгтӕ 10: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy
Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022

: