Апостолты хъуыддӕгтӕ 3
3
Петр сдзӕбӕх кодта цӕнкуылы
1Кувыны афон, фарӕстӕм сахатыл, Петр ӕмӕ Иоанн фӕцӕйцыдысты Кувӕндонмӕ. 2Рӕсугъд кӕй хуыдтой, Кувӕндоны уыцы кулдуары раз бадти, мады гуыбынӕй цӕнкуыл чи рахаста, ахӕм лӕг. Алы бон дӕр-иу ӕй ӕрхастой ӕмӕ уым ныууагътой, цӕмӕй Кувӕндонмӕ цӕуджытӕй ӕхца кура. 3Петр ӕмӕ Иоанны куы федта Кувӕндонмӕ бацӕуӕны, уӕд уыдонмӕ дӕр лӕгъстӕгӕнгӕ бахатыд. 4Петр ӕмӕ йӕм Иоанн ӕдзынӕг ныккастысты, ӕмӕ йын Петр загъта: «Ӕрбакӕс-ма нӕм».
5Уый сӕм скасти, кӕд мын исты раттиккой, зӕгъгӕ. 6Фӕлӕ йын Петр загъта: «Ӕвзист ӕмӕ мӕм сыгъзӕрин нӕй, фӕлӕ дын дӕттын, цы мӕм ис, уый: Назаретаг Йесо Чырыстийы номыл сыст ӕмӕ райдай цӕуын». 7Петр ын рахӕцыд йӕ рахиз къухыл ӕмӕ йӕ слӕууын кодта. Уыцы тӕккӕ уысм тых бацыди рынчыны дыууӕ къахы фады ӕмӕ йӕ уӕрджыты, 8алӕууыд йӕ къӕхтыл ӕмӕ райдыдта цӕуын. Кувӕндонмӕ семӕ фӕраст ис ӕмӕ, Хуыцауы стаугӕйӕ, рауай-бауай ӕмӕ гӕппытӕ кодта. 9Куыд рауай-бауай кодта ӕмӕ Хуыцауӕн куыд кад кодта, уый адӕм иууылдӕр уыдтой. 10Базыдтой йӕ: Кувӕндоны Рӕсугъд дуары цур цы мӕгуыргур лӕг уыди, уый у. Цы йыл ӕрцыди, уый сӕ дисы бафтыдта.
Петры ныхас Соломоны тыргъы
11Чи сдзӕбӕх, уыцы цӕнкуыл Петр ӕмӕ Иоанны уӕгъд куынӕуал уагъта, уӕд сӕм ӕппӕт адӕм дисгӕнгӕ ӕрбазгъордтой, Соломоны тыргъ кӕй хуыдтой, уырдӕм. 12Петр уый куы федта, уӕд загъта адӕмӕн: «Израилӕгтӕ, цы йыл дис кӕнут ӕмӕ нӕм цы ныккастыстут, цыма, йӕ къӕхтыл кӕй цӕуы, уый нӕхи хъаруйӕ кӕнӕ, дингӕнджытӕ кӕй стӕм, уый руаджы бакодтам? 13Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковы Хуыцау, нӕ фыдӕлты Хуыцау, скадджын кодта Йӕ Лӕггадгӕнӕджы, сымах марынмӕ Кӕй радтат ӕмӕ, Пилаты Йӕ рауадзын куы бафӕндыд, уӕд йӕ разы уӕхи Кӕуыл атигъ кодтат, Уыцы Йесо Чырыстийы.#Хъуыд 5:31; Флп 2:9. 14Сыгъдӕгыл ӕмӕ Рӕстгӕнӕгыл уӕхи атигъ кодтат ӕмӕ бахатыдыстут, цӕмӕй уын суӕгъд кӕной лӕгмары,#Мт 27:20; Мк 15:11; Лк 23:18; Ин 18:40. 15Царддӕттӕджы та амардтат. Фӕлӕ Йӕ Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта — мах уымӕн ӕвдисӕн.#Хъуыд 2:24,32; 5:32; 13:30; 17:31. 16Йесойы ном, мӕнӕ кӕй уынут ӕмӕ хорз кӕй зонут, уыцы лӕгӕн хъару радта. Йесо цы уырнындзинад дӕтты, уый йӕ уӕ цӕсты раз бынтондӕр сӕнӕниз кодта.
17Ӕниу, ме ’фсымӕртӕ, ӕз зонын, уӕ хицӕуттау сымах дӕр Йесойӕн афтӕ уымӕн бакодтат, ӕмӕ, цы ми кӕнут, уый не ’мбӕрстат.#Лк 23:34; Ин 16:3; Хъуыд 13:27. 18Хуыцау пехуымпарты дзыхӕй Чырыстийы хъизӕмӕртты тыххӕй рагагъоммӕ куыд загъта, афтӕ Йӕ дзырд сӕххӕст кодта.#Лк 24:27; Хъуыд 26:22. 19Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕнут, раздӕхут Хуыцаумӕ, цӕмӕй уын барст ӕрцӕуой уӕ тӕригъӕдтӕ. 20Уӕд уын Дунедарӕг саккаг кӕндзӕн сног кӕныны рӕстӕджытӕ ӕмӕ уын рарвитдзӕни нысангонд Йесо Чырыстийы. 21Уый хъуамӕ уӕлӕрвты уа, Хуыцау незаманы Йӕ сыгъдӕг пехуымпарты дзыхӕй куыд загъта, афтӕ, цалынмӕ алцыдӕр сног кӕныны афон ралӕууа, уӕдмӕ.#Ин 10:16. 22Моисей загъта нӕ фыдӕлтӕн: „Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, мӕн куыд сӕвӕрдта, афтӕ уын уе ’фсымӕртӕй иуы скӕндзӕни Пехуымпар. Уый уын цыдӕриддӕр зӕгъа, уымӕ-иу хъусут.#Мт 17:5; Хъуыд 7:37. 23Уыцы Пехуымпармӕ чи нӕ байхъуса, уый йӕ адӕмы ’хсӕнӕй хъодыгонд ӕрцӕудзӕн“. 24Самуел ӕмӕ йӕ фӕстӕ иннӕ пехуымпартӕ дӕр иууылдӕр абоны тыххӕй дзырдтой. 25Сымах та пехуымпарты байзӕддаг ӕмӕ фидыды бындартӕ стут. Уыцы фидыд Хуыцау сарӕзта уӕ фыдӕлтимӕ. Уый загъта Авраамӕн: „Дӕ байзӕддаджы фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр“#Хъуыд 2:39; Ром 9:4; Гал 3:8.. 26Хуыцау Йӕ Фырты мӕрдтӕй куы райгас кодта, уӕд Ӕй фыццаг сымахмӕ арвыста, цӕмӕй уын Уый арфӕ ракӕна ӕмӕ уӕ алчидӕр йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадза».#Мт 10:6; Хъуыд 13:46.
Currently Selected:
Апостолты хъуыддӕгтӕ 3: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy
Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022