YouVersion Logo
Search Icon

Апостолты хъуыддӕгтӕ 6

6
Авд лӕггадгӕнӕджы
1Ахуыргӕнинӕгты нымӕцыл куы ӕфтыд, уӕд бердзенаг ӕвзагыл дзурӕг дзуттӕгтӕ райдыдтой хъуыр-хъуыр кӕнын бынӕттон дзуттӕгтыл, ӕрвылбоны ӕххуыс куы фӕуарынц, уӕд сын сӕ идӕдз сылгоймӕгты хъулон кӕнынц, зӕгъгӕ. 2Уӕд дыууадӕс апостолы ахуыргӕнинӕгты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ загътой: «Махӕн не ’мбӕлы Хуыцауы ныхас амонын ныууадзын ӕмӕ фынгӕвӕрдтыл тыхсын. 3Уымӕ гӕсгӕ, ӕфсымӕртӕ, уӕхицӕй равзарут, Сыгъдӕг Удӕй хайджын, дзырддзӕугӕ ӕмӕ куырыхон авд лӕджы, ӕмӕ сӕ бафтауӕм уыцы куыстыл, 4нӕхӕдӕг та иудадзыг кувдзыстӕм ӕмӕ кусдзыстӕм Хуыцауы Дзырд парахат кӕныныл».
5Уыцы фӕндон фӕцыди се ’ппӕты зӕрдӕмӕ дӕр, ӕмӕ сӕвзӕрстой Стефаны, уырнындзинад ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй хайджын лӕджы, Филиппы, Прохоры, Никаноры, Тимоны, Пармены, стӕй муртаттӕгтӕй иудейаг динмӕ ӕрцӕуӕг антиохиаг Никколайы.#Хъуыд 21:8. 6Ӕркодтой сӕ апостолтӕм. Уыдон сын бакуывтой ӕмӕ сыл сӕ къухтӕ авӕрдтой.#Хъуыд 13:3; 1 Тим 4:14.
7Парахат кодта Хуыцауы ныхас, Йерусалимы дзӕвгар ӕфтыд ахуыргӕнинӕгты нымӕцыл; сауджынтӕй дӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты Чырыстийыл.
Стефаны ӕрцахстой
8Стефан та, Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ хъаруйӕ хайджынӕй, адӕмы раз арӕзта стыр диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ. 9Цавӕрдӕр киренӕгтӕ ӕмӕ александриӕгтӕ сӕрибар райсджыты Синагогӕ кӕй хуыдтой, уырдӕм цӕуджытӕ, стӕй ма Килики ӕмӕ Асийӕ чидӕртӕ быцӕу кӕнын райдыдтой Стефанимӕ. 10Фӕлӕ сӕ бон нӕ уыди йӕ зонды ныхмӕ, стӕй Кӕй фӕрцы дзырдта, уыцы Сыгъдӕг Уды ныхмӕ фӕлӕууын.#Лк 21:15. 11Уӕд кӕйдӕрты сардыдтой, ӕмӕ уыдон загътой: «Мах фехъуыстам, Моисей ӕмӕ Хуыцауы куыд фаудта, уый». 12Афтӕмӕй сызмӕстой адӕмы, хистӕрты ӕмӕ динамонджыты, ӕмӕ уыдон балӕбурдтой, ӕрцахстой Стефаны ӕмӕ йӕ акодтой синедрионмӕ. 13Цы мӕнгӕвдисӕнтӕ ӕрбахуыдтой, уыдон дзырдтой: «Ацы адӕймаг иудадзыг дзуры рухс Кувӕндон ӕмӕ Моисейы Ӕгъдауы ныхмӕ. 14Мах, цы дзырдта, уый фехъуыстам: ацы Назаретаг Йесо, дам, ныппырх кӕндзӕн ацы бынат ӕмӕ аивдзӕн, Моисейы фӕрцы кӕй райстам, уыцы ӕгъдӕуттӕ».
15Синедрионы чи бадти, уыдон се ’ппӕт дӕр Стефанмӕ кастысты ӕмӕ уыдтой: йӕ цӕсгом уыди зӕды цӕсгомау.

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

Video for Апостолты хъуыддӕгтӕ 6