YouVersion Logo
Search Icon

Апостолты хъуыддӕгтӕ 7

7
Стефаны ныхас
1Уӕд ӕй алчер бафарста: «Цы дӕ дзурынц, уый ӕцӕг у?»
2Стефан загъта: «Ме ’фсымӕртӕ ӕмӕ хистӕртӕ! Байхъусут мӕм. Нӕ фыдӕл Авраам Хараны нӕма ӕрцард, афтӕ йӕм Месопотамийы Йӕ кады тӕмӕны раргом ис Хуыцау 3ӕмӕ йын загъта: „Ныууадз дӕ бӕстӕ ӕмӕ дӕ хӕстӕджыты ӕмӕ ацу, Ӕз дын цы зӕхх бацамонон, уырдӕм“. 4Уыйадыл Авраам ныууагъта халдейаг зӕхх ӕмӕ ӕрцарди Хараны. Йӕ фыды мӕлӕты фӕстӕ йӕ Хуыцау ӕрцӕрын кодта, ныр сымах кӕм цӕрут, уыцы зӕххыл. 5Хуыцау дзы Авраамӕн уылынджы йас дӕр не схай кодта, фӕлӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта, „йӕхи ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты кӕй бауыдзӕн“, уымӕй, кӕд ӕмӕ Авраамӕн уӕд зӕнӕг нӕма уыди, уӕддӕр. 6Хуыцау ын загъта: „Дӕ байзӕддӕгтӕ цыппарсӕдӕ азы кӕйдӕр зӕххыл ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕмӕ цагъартӕ уыдзысты ӕмӕ ӕфхӕрд ӕййафдзысты.#Гал 3:17. 7Фӕлӕ Ӕз, цагъары ӕфсондз сыл чи сӕвӕра, уыцы адӕмӕн стӕрхон кӕндзынӕн, — загъта Хуыцау, — ӕмӕ уый фӕстӕ рацӕудзысты уырдыгӕй ӕмӕ Мын ацы бынаты кувдзысты“. 8Хуыцау Авраамимӕ сарӕзта фидыд; уыцы фидыд домдта сунӕт кӕнын. Ӕмӕ Авраамӕй Исаак куы райгуырд, уӕд ын ӕстӕм бон скодта сунӕт; Исаакӕн райгуырд Йаков, Йаковӕн та — дыууадӕс фырты, нӕ рагфыдӕлтӕ.
9Уыцы рагфыдӕлтӕ сӕ хӕлӕгӕй Йосефы ауӕй кодтой Мысырмӕ. Фӕлӕ Хуыцау йемӕ уыд 10ӕмӕ йын ӕххуыс кодта йӕ алы зынты. Балӕвар ын кодта зонд, стӕй, Мысыры ӕмӕ йӕ йе ’ппӕт галуаны сӕргъы чи сӕвӕрдта, уыцы фараоны, Мысыры паддзахы, хорзӕх. 11Уый фӕстӕ ӕппӕт Мысыры ӕмӕ Ханааны зӕххыл скодта стонг рӕстӕг, адӕм хъизӕмарӕй мардысты, хойраг нал уыди нӕ фыдӕлтӕм. 12Мысыры хор кӕй ис, уый фехъусгӕйӕ, Йаков нӕ фыдӕлты уырдӕм арвыста фыццаг хатт. 13Дыккаг хатт куы ацыдысты, уӕд Йосеф йӕхи раргом кодта йе ’фсымӕртӕн, ӕмӕ фараон базыдта Йосефы хиуӕтты тыххӕй. 14Йосеф арвыста хонӕг йӕ фыд Йаков ӕмӕ йе ’ппӕт хиуӕттӕм — фынддӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз адӕймагмӕ. 15Йаков ӕрбацыди Мысырмӕ, ӕмӕ уым амардысты йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ дӕр. 16Сӕ мӕрдтӕ сын рахастой Шехеммӕ ӕмӕ, Авраам Хаморы байзӕддӕгтӕй ӕвзистӕй цы зӕппадз балхӕдта, уым сӕ бавӕрдтой.
17Хуыцау Авраамӕн, сомы ракӕнгӕйӕ, цы зӕрдӕвӕрд радта, уымӕн йӕ сӕххӕст кӕныны афон куыд ӕввахсдӕр кодта, афтӕ Мысыры фылдӕрӕй-фылдӕр ӕфтыд нӕ адӕмы нымӕцыл. 18Афтӕ уыди, цалынмӕ, Йосефы хабар чи нӕ зыдта, ӕндӕр ахӕм паддзах бӕстӕйы сӕргъы не ’рлӕууыд, уӕдмӕ. 19Уый нӕ адӕмыл цыди хинӕй, ӕфхӕрдта нын нӕ фыдӕлты; сӕ сабиты сын ӕппарын кодта, цӕмӕй сӕфтмӕ ӕрцӕуой. 20Уыцы рӕстӕг райгуырди Моисей; уый уыди рӕсугъд ӕмӕ Хуыцауӕн фӕндиаг сывӕллон. Фыццаг ӕртӕ мӕйы йӕ хастой йӕ фыды хӕдзары.#Дзут 11:23. 21Хӕдзарӕй йӕ куы рахастой ӕмӕ йӕ куы ныууагътой, уӕд ӕй ссардта фараоны чызг ӕмӕ йӕ схаста йӕхи фыртау. 22Моисейы сахуыр чындӕуыд, мысыраг куырыхонтӕ цы зыдтой, ӕппӕт уыдӕттыл, уый уыдис тыхджын ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр.
23Дыууиссӕдз азы йыл куы цыди, уӕд ӕм фӕзындис йе ’фсымӕрты, Израилы адӕмы, бабӕрӕг кӕныны фӕнд. 24Моисей федта, иу мысыраг дзуттаджы куыд ӕфхӕрдта, уый ӕмӕ дзуттаджы фарс рахӕцыд, амардта мысыраджы ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ маст райста. 25Ӕнхъӕл уыди, Хуыцау сӕ йӕ фӕрцы цагъарадӕй кӕй ирвӕзын кӕны, уый йе ’фсымӕртӕ бамбардзысты, зӕгъгӕ, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ бамбӕрстой. 26Дыккаг бон дзуттӕгты кӕрӕдзийы нӕмгӕ куы федта, уӕд сӕм бацыд ӕмӕ сӕ фидауын кодта: „Ӕфсымӕртӕ куы стут, кӕрӕдзийы хъыджы цӕмӕн цӕут?“ 27Фӕлӕ хионы ӕфхӕрӕг фесхуыста Моисейы ӕмӕ йын загъта: „Чи дӕ сӕвӕрдта махӕн хицау ӕмӕ тӕрхоны лӕгӕй? 28Знон мысыраджы куыд амардтай, мӕн дӕр афтӕ амарынмӕ хъавыс, ӕви?“ 29Моисей уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд алыгъд ӕмӕ ӕрцард ӕцӕгӕлон мидианаг бӕстӕйы. Ам ын райгуырди дыууӕ фырты.
30Дыууиссӕдз азы фӕстӕ йӕм Синайы хохмӕ хӕстӕг ӕдзӕрӕг быдыры, судзгӕ сындзкъутӕры арты ӕвзӕгты, фӕзынди зӕд. 31Моисей йӕ куы федта, уӕд дисы бафтыди. Ӕмӕ йӕм, дзӕбӕхдӕр ӕй фенон, зӕгъгӕ, куы фӕцӕйцыд, уӕд ын Хуыцау загъта: 32„Ӕз дӕн дӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы, Исаакы ӕмӕ Йаковы Хуыцау“. Моисей фыр тӕссӕй скӕсын дӕр нӕ уӕндыд. 33Хуыцау ын загъта: „Дӕ дзабыртӕ ралас дӕ къӕхтӕй, уымӕн ӕмӕ, цы бынаты лӕууыс, уый у уаз зӕхх. 34Ӕз федтон, Мӕ адӕмы Мын Мысыры куыд ӕфхӕрынц, уый, фехъуыстон сын сӕ хъӕрзын ӕмӕ ӕрцыдтӕн се ссӕрибар кӕнынмӕ. Уӕдӕ ацу, Ӕз дӕ Мысырмӕ ӕрвитын“.
35Дӕу махӕн хицау ӕмӕ тӕрхоны лӕгӕй чи сӕвӕрдта, зӕгъгӕ, уыцы ныхӕстимӕ сӕхи кӕуыл атигъ кодтой, уыцы Моисейы ныр Хуыцау рарвыста хицау ӕмӕ тӕрхонгӕнӕгӕй, сындзкъутӕрӕй йӕм цы зӕд раргом ис, уый фӕрцы. 36Уыцы Моисей адӕмы ракодта Мысырӕй; Мысыры, Сырх денджызы ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры дыууиссӕдз азы дӕргъы арӕзта диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ. 37Уыцы Моисей загъта Израилы адӕмӕн: „Мӕн куыд сӕвӕрдта, афтӕ уын уе ’фсымӕртӕй иуы Хуыцау скӕндзӕни Пехуымпар“.#Хъуыд 3:22. 38Уыцы Моисей уыди ӕдзӕрӕг быдыры, Израилы адӕм кӕм ӕрӕмбырд сты, уым. Уый уыди, Синайы хохыл йемӕ цы зӕд дзырдта, уыимӕ, стӕй нӕ фыдӕлтимӕ, ӕмӕ райста царддӕттӕг ныхӕстӕ, цӕмӕй сӕ махмӕ фӕхӕццӕ кӕна.#Гал 3:19. 39Фӕлӕ нӕ фыдӕлты нӕ бафӕндыди Моисейы коммӕ кӕсын, сӕхи йыл атигъ кодтой ӕмӕ сӕ зӕрдӕ ӕхсайдта Мысырмӕ. 40Уыдон загътой Ааронӕн: „Нӕ разӕй чи цӕуа, ахӕм хуыцӕуттӕ нын сараз, уымӕн ӕмӕ нӕ Мысырӕй чи ракодта, уыцы Моисейыл цы ӕрцыд, уый нӕ зонӕм“. 41Ӕмӕ сарӕзтой сыгъзӕрин род, уыцы гуымирыйӕн ӕрхастой нывонд ӕмӕ, сӕхи къухӕй кӕй сарӕзтой, уый раз бӕрӕгбон скодтой. 42Хуыцау сӕ Йе ’ргом аздӕхта, цӕмӕй кувой, арвыл цы ис, уыдонмӕ, пехуымпартӕм куыд фыст ис, афтӕ:
„Израилы адӕм,
ӕдзӕрӕг быдыры дыууиссӕдз азы дӕргъы
кусӕрттӕ Мӕнӕн кодтат
ӕмӕ нывӕндтӕ Мӕнӕн хастат?
43Сымах уемӕ Молохы цатыр
ӕмӕ Рефаны стъалы хастат —
цы фӕлгонцтӕ сарӕзтат,
уыдонӕн кувынӕн.
Уымӕ гӕсгӕ уӕ Ӕз
Вавилонӕй дарддӕр уацары акӕнын кӕндзынӕн“.
44Нӕ фыдӕлтӕм ӕдзӕрӕг быдыры уыди Уаз Цӕрӕн. Моисей йӕ сарӕзта Хуыцауы амындтытӕм ӕмӕ, цы хуызӕг ын равдыста, уыдонмӕ гӕсгӕ.#Дзут 8:5.
45Нӕ фыдӕлтӕ йӕ райстой ӕмӕ йӕ Нуны фырт Йешуаимӕ бахастой, нӕ фыдӕлты цурӕй Хуыцау кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмы бӕстӕм. Ӕмӕ уым фӕци Давиды заманы онг. 46Давид ссардта Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ Дзы куырдта Йаковы Хуыцауӕн хӕдзар саразыны бар. 47Хӕдзар та Йын Соломон сарӕзта.
48Фӕлӕ Иууылбӕрзонд къухӕйконд хӕдзӕртты нӕ цӕры! Уый фӕдыл пехуымпар зӕгъы:#Хъуыд 17:24.
49„Уӕларв — Мӕ бадӕн,
зӕхх — Мӕ къӕхтӕвӕрӕн.
Цавӕр хӕдзар Мын хъуамӕ саразат сымах,
кӕм ис Мӕн аккаг ӕрӕнцайӕн бынат? — зӕгъы Дунедарӕг. —
50Ӕппӕт уыдӕттӕ
Мӕхи къухӕй не сфӕлдыстон, ӕви?“
51Хиваст адӕм! Сымахӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъустӕ сунӕтгонд не сты#7:51 Уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъустӕ сунӕтгонд не сты — метафорӕ, ома, Хуыцауы ныхмӕ чи лӕууы, ахӕм адӕм.! Сымах стут уӕ фыдӕлты хуызӕн — кӕддӕриддӕр Сыгъдӕг Уды ныхмӕ лӕуут. 52Уӕ фыдӕлтӕ пехуымпартӕй кӕцыйы не ’фхӕрдтой? Уыдон амардтой, Рӕстгӕнӕджы ӕрцыды тыххӕй рагагъоммӕ чи загъта, уыцы адӕймӕгты. Сымах та ныр Рӕстгӕнӕгӕн Йӕхиуыл рацыдыстут гадзрахатӕй ӕмӕ Йӕ амардтат!#Мт 23:34; 1 Фес 2:15. 53Ӕгъдау райстат зӕдты фӕрцы, ӕмӕ йӕ нӕ сӕххӕст кодтат».#Гал 3:19.
Стефаны мӕлӕт
54Уыдӕттӕ хъусгӕйӕ, синедрионы уӕнгтӕ мӕстӕй тъӕппытӕ хаудтой ӕмӕ йӕм сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс цыди. 55Стефан та — Сыгъдӕг Удӕй йемыдзаг, афтӕмӕй — скасти арвмӕ, федта Хуыцауы кад ӕмӕ Йесойы, Хуыцауы рахизфарс лӕугӕ.#Хъуыд 6:5,10. 56«Мӕнӕ уынын, — загъта, — арвы дуар гомӕй ӕмӕ Адӕймаджы Фырты Хуыцауы рахизфарс лӕугӕ».
57Уӕд уыдон иууылдӕр иумӕ ныхъхъӕр кодтой, сӕ хъустӕ ахгӕдтой ӕмӕ йыл ӕмхуызонӕй сӕхи ныццавтой. 58Ракодтой йӕ фӕссахармӕ ӕмӕ йыл дурадзагъдӕй ралӕууыдысты. Ӕвдисӕнтӕ та сӕ пӕлӕзтӕ ныууагътой, йӕ ном Савл кӕмӕн уыд, уыцы лӕппуимӕ.#Хъуыд 22:20. 59Стефаныл цавтой дуртӕ, уый та куывта: «Бардарӕг Йесо, мӕ уд Де уазӕг».#Лк 23:46.
60Стӕй ӕрхауди йӕ зонгуытыл ӕмӕ хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Дунедарӕг, ныббар сын ацы тӕригъӕд». Уыцы ныхӕстимӕ Стефан амард.#Мт 5:44; Лк 23:34; 1 Кор 4:12.

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in