Апостолты хъуыддӕгтӕ 8
8
Савл ӕфхӕры уырнджыты
1Стефаны кӕй амардтой, уый Савл растыл нымадта. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Йерусалимы аргъуаны уӕнгты тынг ӕфхӕрын райдыдтой, ӕмӕ, апостолтӕй фӕстӕмӕ, се ’ппӕт дӕр ныххӕлиу сты Иудей ӕмӕ Самарийы алы къуымты.#Хъуыд 11:19. 2Стефаны та баныгӕдтой Хуыцауыл ӕнувыд лӕгтӕ ӕмӕ йыл тынг фӕкуыдтой. 3Савл карз тох райдыдта аргъуаны ныхмӕ, хӕдзӕрттыл зылди, уырнӕг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты ахста ӕмӕ-иу сӕ ахӕстоны бакодта.#Хъуыд 9:1; 22:4; 26:10; 1 Кор 15:9; Гал 1:13.
Филиппы уацамынд Самарийы
4Чи ныххӕлиу, уыцы уырнджытӕ та уыцы рӕстӕг, кӕдӕмдӕриддӕр цыдысты, уым хъусын кодтой Фарны Уац. 5Филипп ацыди самариаг сахармӕ ӕмӕ адӕмӕн дзырдта Чырыстийы тыххӕй. 6Филипп цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдоны тыххӕй адӕм хъусгӕ дӕр кодтой ӕмӕ сӕ цӕстӕй дӕр уыдтой, уымӕ гӕсгӕ йӕм хъуыстой лӕмбынӕг. 7Бирӕ хӕйрӕджджынтӕй ӕнӕзӕгъинӕгтӕ рацыдысты хъӕргӕнгӕ, ӕндзыгнизӕй чи хъӕрзыд, уыдонӕй бирӕтӕ ӕмӕ цӕнкуылтӕ сӕнӕниз сты.#Мк 16:17. 8Ӕмӕ сахары цӕрджыты цинӕн кӕрон нал уыд.
9Сахары царди иу адӕймаг, йӕ ном — Симон. Уый раздӕр уыди кӕлӕнгӕнӕг ӕмӕ самариӕгты дисы ӕфтыдта йӕ кӕлӕнтӕй; йӕхицӕй стыр цыдӕр арӕзта. 10Хъуыстой йӕм стырӕй, чысылӕй ӕмӕ дзырдтой: «Ацы адӕймагмӕ ис Хуыцауы тых, стыр кӕй хуындӕуы, уый». 11Хъусгӕ та йӕм уымӕн кодтой, ӕмӕ сӕ бирӕ рӕстӕджы дӕргъы йӕ кӕлӕнтӕй стыр дисы ӕфтыдта. 12Фӕлӕ сын Филипп Хуыцауы Паддзахады ӕмӕ Йесо Чырыстийы номы тыххӕй уац куы фехъусын кодта, уӕд ыл баууӕндыдысты, ӕмӕ саргъуыдӕуыд нӕлгоймӕгтыл дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтыл дӕр.#Хъуыд 6:5. 13Симон йӕхӕдӕг дӕр баууӕндыд, аргъуыд райста ӕмӕ иудадзыг уыди Филиппимӕ; дис кодта, цы стыр ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ федта, уыдоныл.
14Апостолтӕ Йерусалимы куы фехъуыстой, самариӕгтӕ Хуыцауы Дзырдыл баууӕндыдысты, зӕгъгӕ, уӕд сӕм арвыстой Петр ӕмӕ Иоанны. 15Петр ӕмӕ сӕм Иоанн куы ӕрбацыдысты, уӕд бакуывтой, цӕмӕй самариӕгтӕ схайджын уой Сыгъдӕг Удӕй. 16Уымӕн ӕмӕ дзы иу дӕр Сыгъдӕг Удӕй нӕма схайджын — ӕрмӕстдӕр сыл саргъуыдӕуыд Бардарӕг Йесойы номыл. 17Петр ӕмӕ сыл Иоанн ӕрӕвӕрдтой сӕ къухтӕ ӕмӕ уыдон Сыгъдӕг Удӕй схайджын сты.#Хъуыд 6:6. 18Апостолты къухты ӕрӕвӕрдӕй Сыгъдӕг Удӕй кӕй схайджын сты, уый Симон куы федта, уӕд апостолтӕн ӕхца ӕрбахаста 19ӕмӕ загъта: «Раттут мӕнӕн дӕр тых, цӕмӕй-иу, ӕз дӕр мӕ къухтӕ кӕуыл ӕрӕвӕрон, уый схайджын уа Сыгъдӕг Удӕй».
20Петр ын дзуапп радта: «Де ’хца демӕ фесӕфӕд, уымӕн ӕмӕ ды афтӕ ӕнхъӕл дӕ, цыма Хуыцауы хорзӕхӕн ӕхцайӕ балхӕнӕн ис.#Мт 10:8. 21Ахӕм куысты бацӕуыны аккаг нӕ дӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы раз дӕ зӕрдӕ раст нӕу. 22Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕн дӕ ацы тӕригъӕдыл, кув Бардарӕгмӕ, ӕмӕ дын, чи зоны, дӕ зӕрдӕйы фыдвӕнд ныххатыр кӕна. 23Уымӕн ӕмӕ ӕз уынын: ды маргӕй дзаг дӕ, тӕригъӕды уацары бахаудтӕ».
24Уӕд Симон дзуапп радта: «Бакувут мӕн тыххӕй Бардарӕгмӕ, ӕмӕ, цы загътат, ахӕмӕй мыл мацы ӕрцӕуа».
Филипп ӕмӕ евнух
25Петр ӕмӕ Иоанн уым Йесойы тыххӕй уацамынд куы фӕкодтой ӕмӕ Бардарӕджы Ныхас куы фӕцамыдтой, уӕд фӕстӕмӕ ацыдысты Йерусалиммӕ. Сӕ фӕндагыл бирӕ самариаг хъӕуты хъусын кодтой Фарны Уац.
26Филиппӕн та Хуыцауы зӕд загъта: «Бавдӕл ӕмӕ ацу хуссармӕ, Йерусалимӕй Газӕмӕ цы фӕндаг ис, цӕуӕг кӕуыл нӕй, уырдӕм».
27Ӕмӕ Филипп араст ис. Уыцы рӕстӕг сӕхимӕ здӕхти эфиопаг евнух, Кандакийы, ома эфиопаг ус-паддзахы, фӕсдзӕуин#8:27 Евнух — ӕрдызт; ахӕм лӕгтӕн рагзаманы иуӕй-иу бӕстӕты лӕвӕрдтой бӕрнон паддзахадон куыст. Моисейы Ӕгъдау дзуттӕгтӕн нӕ лӕвӕрдта адӕймаджы ӕрдузыны бар., стыр хицау — йӕ хӕзнадар. Хуыцаумӕ бакувыны тыххӕй уыди Йерусалимы. 28Йӕ къареты бадти ӕмӕ касти пехуымпар Исайайы чиныг. 29Сыгъдӕг Уд Филиппӕн загъта: «Баййаф уыцы къарет ӕмӕ цу йӕ фарсмӕ».
30Филипп къареты цурмӕ куы базгъордта, уӕд фехъуыста, эфиопаг пехуымпар Исайайы чиныг куыд касти, уый. Уӕд ӕй бафарста: «Цы кӕсыс, уый ӕмбарыс?»
31Уый дзуапп радта: «Исчи мын ӕй куынӕ бацамона, уӕд ӕй куыд хъуамӕ бамбарон?» Ӕмӕ ӕрхатыди Филипмӕ, цӕмӕй схиза къаретмӕ ӕмӕ сбада йӕ фарсмӕ. 32Сыгъдӕг Фысты эфиопаг касти мӕнӕ уыцы бынат:
«Фысау Ӕй акодтой ӕргӕвдынмӕ,
ӕмӕ, уӕрыччы куы фелвынынц,
уӕд куыд ныссабыр вӕййы,
афтӕ Уый дӕр ӕдзӕмӕй лӕууыди.
33Бафхӕрдтой Йӕ,
раст тӕрхон Ын нӕ рахастой.
Йӕ байзӕддӕгты тыххӕй Йын
чи цы зоны,
кӕд ӕмӕ Йын айстой Йӕ цард зӕххӕй?».
34Евнух бафарста Филиппы: «Курын дӕ, ӕмӕ мын зӕгъ: пехуымпар афтӕ кӕй тыххӕй зӕгъы? Йӕхи ӕви ӕндӕр искӕй тыххӕй?»
35Филипп бавнӕлдта амонынмӕ. Райдыдта Сыгъдӕг Фысты уыцы бынатӕй ӕмӕ йын радзырдта Фарны Уац Йесойы тыххӕй. 36Сӕ фӕндаг дардтой, афтӕмӕй ӕрбахӕццӕ сты донмӕ. Евнух загъта: «Мӕнӕ — дон, саргъауынӕн мӕ цы къуылымпы кӕны?»
37[Филипп ын дзуапп радта: «Кӕд зӕрдиагӕй ӕууӕндыс, уӕд дыл саргъауӕн ис». Евнух загъта: «Ӕууӕндын, Йесо Чырысти Хуыцауы Фырт кӕй у, ууыл».]#Мк 16:16.
38Евнух радта къарет бауромыны бардзырд. Сӕ дыууӕ дӕр, Филипп ӕмӕ евнух, ныххызтысты донмӕ, ӕмӕ йыл Филипп саргъуыдта. 39Донӕй куы рахызтысты, уӕд Филиппы фелвӕста Хуыцауы Уд, ӕмӕ йӕ евнух нал федта. Зӕрдӕрухсӕй дарддӕр цыди йӕ фӕндагыл. 40Филипп та февзӕрди Азоты ӕмӕ, йӕ фӕндагыл цӕугӕйӕ, ӕппӕт сахарты хъусын кодта Фарны Уац, цалынмӕ Кесаримӕ бахӕццӕ, уӕдмӕ.
Currently Selected:
Апостолты хъуыддӕгтӕ 8: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy
Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022