YouVersion Logo
Search Icon

Иоанн 14

14
Йесо — Уӕларвон Фыдмӕ Фӕндаг
1Мацӕуыл мӕт кӕнут. Ӕууӕндут Хуыцауыл ӕмӕ Мӕныл дӕр ӕууӕндут. 2Мӕ Фыды хӕдзары бирӕ бынӕттӕ ис. Афтӕ куы нӕ уаид, уӕд уын нӕ загътаин: „Ӕз цӕуын бынат уын ӕрцӕттӕ кӕнынмӕ“. 3Куы ацӕуон ӕмӕ уын бынат куы ӕрцӕттӕ кӕнон, уӕд та уӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уӕ райсдзынӕн Мӕхимӕ, цӕмӕй сымах дӕр уат, Ӕз кӕм дӕн, уым.#Ин 17:24; 1 Фес 4:17. 4Ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм сымах фӕндаг зонут».
5Уӕд Ӕй Фома бафарста: «Хицау, кӕдӕм цӕуыс, уый нын зындгонд куынӕ у, уӕд ӕм фӕндаг куыд хъуамӕ зонӕм?» 6Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ ничи ӕрцӕудзӕн, Мӕ фӕрцы куы не ’рцӕуа, уӕд.#Ин 1:14,17; 6:33,40; 8:32; 10:28; 11:25; 1 Ин 5:20; Эф 1:13. 7Сымах Мӕн куы зониккат, уӕд Мӕ Фыды дӕр зониккат. Ӕмӕ Йӕ нырӕй фӕстӕмӕ зонгӕ дӕр кӕнут ӕмӕ Йӕ уынгӕ дӕр фӕкодтат».
8Филипп Ын загъта: «Хицау, равдис нын Дӕ Фыды, ӕмӕ нын уый фаг уыдзӕни». 9Йесо йын загъта: «Уый бӕрц рӕстӕг уемӕ дӕн, ӕмӕ Мӕ нӕ зоныс, Филипп? Мӕн чи федта, уый федта Фыды. Уӕд ды афтӕ куыд зӕгъыс: „Равдис нын Дӕ Фыды“? 10Ау, Ӕз Мӕ Фыдимӕ иу кӕй дӕн ӕмӕ Мӕ Фыд Мемӕ иу кӕй у, уый дӕ нӕ уырны? Ӕз уын цы зӕгъын, уый Мӕхи номӕй нӕ дзурын — Мемӕ иу Чи у, Уыцы Фыд аразы Йӕ хъуыддӕгтӕ.
11Ӕууӕндут Мыл: Ӕз Мӕ Фыдимӕ иу дӕн, Мӕ Фыд та Мемӕ иу у. Науӕд та Мыл Мӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ ӕууӕндут.
12Ӕцӕг уын зӕгъын, ӕцӕг: Мӕныл чи ӕууӕнды, уый араздзӕн, Ӕз кӕй аразын, ахӕм хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ йын ноджы стырдӕр хъуыддӕгтӕ саразын дӕр бантысдзӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз цӕуын Мӕ Фыдмӕ. 13Ӕмӕ, Мӕ ном ссаргӕйӕ, цыдӕриддӕр ракурат, уый уын ратдзынӕн, цӕмӕй Фырты фӕрцы Фыды кад раргом уа.#Мт 7:7; Мк 11:24; Лк 11:9; Ин 15:7; 16:23; Йак 1:6. 14Мӕ ном ссаргӕйӕ, цы ракурат, уын уый Ӕз ратдзынӕн.
Фыд рарвитдзӕн Рӕвдауӕджы
15Кӕд Мӕ уарзут, уӕд ӕххӕст кӕндзыстут Мӕ фӕдзӕхстытӕ. 16Ӕз Мӕ Фыдӕн балӕгъстӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ уын Уый ратдзӕнис, мыггагмӕ уемӕ чи уыдзӕни, ахӕм ӕндӕр Рӕвдауӕджы — 17Ӕцӕгады Уды. Дунейы бон Ӕй райсын нӕу, уымӕн ӕмӕ Йӕ нӕ уыны ӕмӕ нӕ зоны. Сымах та Йӕ зонут, уымӕн ӕмӕ Уый уемӕ ис ӕмӕ уӕ зӕрдӕты цӕрдзӕни.#Ин 16:13; 1 Кор 2:14.
18Сидзӕрӕй уӕ нӕ ныууадздзынӕн — фӕстӕмӕ уӕм ӕрыздӕхдзынӕн. 19Чысыл ма хъӕуы, ӕмӕ дуне нал фендзӕни Мӕн, сымах та Мӕ фендзыстут, уымӕн ӕмӕ Ӕз цӕрын, ӕмӕ сымах дӕр цӕрдзыстут.#Ин 11:25; 1 Фес 4:14. 20Уыцы бон базондзыстут, Ӕз Мӕ Фыдимӕ иу кӕй дӕн, сымах Мемӕ иу кӕй стут ӕмӕ Ӕз уемӕ иу кӕй дӕн, уый. 21Мӕ фӕдзӕхстытӕ кӕй зӕрдӕйы сты ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый Мӕ уарзы. Мӕн чи уарзы, уый та Мӕ Фыд бауарздзӕн, стӕй йӕ Ӕз дӕр бауарздзынӕн ӕмӕ йын Мӕхи раргом кӕндзынӕн».
22Иудӕ Йын (Искариот нӕ, фӕлӕ иннӕ) загъта: «Хицау, дунейӕн нӕ, фӕлӕ махӕн Дӕхи раргом кӕнынмӕ кӕй хъавыс, уый цы нысан кӕны?» 23Йесо йын дзуапп радта: «Чи Мӕ уарзы, уый сӕххӕст кӕндзӕн Мӕ ныхас, ӕмӕ йӕ Мӕ Фыд бауарздзӕн. Мах ӕм ӕрцӕудзыстӕм ӕмӕ йемӕ ӕрцӕрдзыстӕм.#1 Кор 3:16; Ӕрг 3:20. 24Мӕн чи нӕ уарзы, уый Мӕ ныхӕстӕ не ’ххӕст кӕны. Сымах цы ныхас хъусут, уый та Мӕнӕй нӕ, фӕлӕ Мӕ рарвитӕг Фыдӕй у.#Ин 12:49.
Сыгъдӕг Уд рарвитынӕй зӕрдӕбавӕрд
25Адӕттӕ уын загътон, цалынмӕ ма уемӕ дӕн, уӕдмӕ. 26Мӕ Фыд уӕм Мӕ номыл Кӕй рарвитдзӕн, уыцы Рӕвдауӕг, Сыгъдӕг Уд, сымах алцӕуыл дӕр сахуыр кӕндзӕн ӕмӕ уын, Ӕз цы дзырдтон, уыдӕттӕ уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн.#Ин 15:26.
27Фарн уын уадзын Мӕ фӕстӕ, Мӕ фарн уын дӕттын. Дуне куыд дӕтты, Ӕз уын ӕй афтӕ нӕ дӕттын. Мацӕуыл тыхсут ӕмӕ мацӕмӕй тӕрсут.#Флп 4:7. 28Сымах фехъуыстат, Ӕз уын цы загътон, уый: „Ӕз цӕуын, фӕлӕ та уӕм ӕрыздӕхдзынӕн“. Куы Мӕ уарзиккат, уӕд, Фыдмӕ кӕй цӕуын, ууыл цин кӕниккат, уымӕн ӕмӕ Мӕ Фыд Мӕнӕй уӕлдӕр у. 29Уыдӕттӕ нӕма ӕрцыдысты, фӕлӕ уын сӕ Ӕз ныридӕгӕн зӕгъын, цӕмӕй, куы ӕрцӕуой, уӕд Мыл баууӕндат.
30Уемӕ Мын бирӕ дзурыны рӕстӕг нал ис, уымӕн ӕмӕ ӕрбаввахс ис ацы дунейы ӕлдар. Мӕныл йӕ бар нӕ цӕуы,#Ин 12:31; 16:11. 31фӕлӕ, Ӕз Фыды кӕй уарзын ӕмӕ Мын Фыд куыд бафӕдзӕхста, афтӕ кӕй кӕнын, уый дуне хъуамӕ базона. Ныр сыстут, ӕмӕ ардыгӕй ацӕуӕм.#Ин 10:18; Дзут 10:7.

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in