YouVersion Logo
Search Icon

Иоанн 3

3
Йесойы ныхас Никодимимӕ
1Фарисейты ӕхсӕн уыдис иу адӕймаг, йӕ ном — Никодим, иудейаг хицӕуттӕй иу.#Ин 7:50; 19:39. 2Уый ӕхсӕвы ӕрбацыди Йесомӕ ӕмӕ Йын загъта: «Равви, мах зонӕм, Ды, Хуыцауӕй Чи ӕрцыд, ахӕм Ахуыргӕнӕг кӕй дӕ. Уымӕн ӕмӕ, Ды цы диссӕгтӕ аразыс, уыдон саразын никӕй бон бауыдзӕн, Хуыцау йемӕ куынӕ уа, уӕд». 3Йесо йын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: ногӕй чи нӕ райгуыра, уымӕн йӕ бон нӕ бауыдзӕн Хуыцауы Паддзахад фенын».#Йак 1:18; 1 Пет 1:23; 2 Кор 5:17; Гал 6:15; Тит 3:5. 4Никодим бадис кодта: «Карджын адӕймаг ма ногӕй куыд хъуамӕ райгуыра? Ау, дыккаг хатт мады гуыбынмӕ бацӕудзӕн ӕмӕ ногӕй райгуырдзӕн?»
5Йесо йын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: дон ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй чи нӕ райгуыра, уымӕн йӕ бон нӕ бауыдзӕни Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын. 6Адӕймагӕй райгуыры адӕймаг, Удӕй та райгуыры уд.#Ром 8:5. 7Ма дис кӕн, ногӕй хъуамӕ райгуырат, зӕгъгӕ, дын кӕй загътон, ууыл. 8Дымгӕ дымы, кӕм ӕй фӕнды, уым, йӕ уынӕр ын хъусыс, фӕлӕ, кӕцӕй ӕрцӕуы ӕмӕ кӕдӕм ацӕуы, уый нӕ зоныс. Афтӕ вӕййы йӕ хабар, Удӕй чи райгуыры, уымӕн дӕр».#Кол 3:3.
9Никодим Ӕй бафарста: «Уымӕн гӕнӕн куыд ис?» 10Йесо йын дзуапп радта: «Ды Израилы адӕмы ахуыргӕнӕг куы дӕ, уӕд ӕй нӕ зоныс? 11Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: мах, цы зонӕм, ууыл дзурӕм, ӕмӕ ӕвдисӕн лӕууӕм, цы федтам, уымӕн, сымах та не ’вдисӕнадыл не ’ууӕндут. 12Ӕз уын, зӕххон цы у, уый тыххӕй загътон, ӕмӕ уӕ куы нӕ уырны, уӕд уын, уӕларвон цы у, уый тыххӕй куы дзурон, уӕд уӕ куыд бауырндзӕн?
13Ничима ссыди уӕларвмӕ, уырдыгӕй Чи ӕрцыд, Уымӕй фӕстӕмӕ, — Уый у Адӕймаджы Фырт.#Ин 6:62. 14Ӕмӕ Моисей ӕдзӕрӕг быдыры ӕрхуы калмы уӕлӕмӕ куыд систа, афтӕ Адӕймаджы Фырт дӕр хъуамӕ уӕлӕмӕ ист ӕрцӕуа,#Ин 12:32. 15цӕмӕй Йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уыдонӕн уа мыггагмӕйы цард.
16Хуыцау афтӕ бауарзта дуне, ӕмӕ радта Йӕ Иунӕг Фырты, цӕмӕй Йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уыдон ма фесӕфой, фӕлӕ сын уа мыггагмӕйы цард.#Мк 16:16; Ин 6:40; 1 Ин 4:9-10. 17Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ Фырты дунейӕн тӕрхон рахӕссынмӕ нӕ рарвыста, фӕлӕ дуне Уый фӕрцы фервӕзын кӕнынмӕ. 18Чи Йыл ӕууӕнды, уый тӕрхонгонд нӕ уыдзӕн, чи Йыл не ’ууӕнды, уымӕн та ныридӕгӕн тӕрхон рахастӕуыд, уымӕн ӕмӕ нӕ баууӕндыди Хуыцауы Иунӕг Фыртыл. 19Тӕрхон та уый мидӕг ис, ӕмӕ рухс ӕрцыди дунемӕ, фӕлӕ адӕм рухсӕй фылдӕр бауарзтой талынг, уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам уыдысты. 20Йӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам кӕмӕн сты, уый рухсӕй йе сӕфт уыны ӕмӕ рухсмӕ нӕ цӕуы, цӕмӕй йӕ хъуыддӕгтӕ ма раргом уой. 21Фӕлӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ чи цӕры, уый та цӕуы рухсмӕ, йӕ хъуыддӕгтӕ ӕргом куыд уой, афтӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон Хуыцауӕн фӕндон сты».
Йесо ӕмӕ Аргъауӕг Иоанн
22Уый фӕстӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ацыди Иудейы зӕхмӕ. Уым семӕ иу цасдӕр фӕци ӕмӕ аргъуыдта донӕй. 23Иоанн дӕр дарддӕр аргъуыдта Еноны, Салиммӕ хӕстӕг, уымӕн ӕмӕ уым дон бирӕ уыди. Ӕмӕ йӕм адӕм цыдысты донаргъуыд райсынмӕ. 24Уӕд Иоанны ахӕстоны нӕма бакодтой.
25Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ иу иудейагимӕ фӕбыцӕу сты хи ссыгъдӕг кӕныны фӕдыл. 26Уӕд бацыдысты Иоаннмӕ ӕмӕ йын загътой: «Равви, Иорданы фаллаг фарс демӕ Чи уыдис ӕмӕ ды Кӕй тыххӕй дзырдтай, Уый аргъауы донӕй, ӕмӕ адӕм иууылдӕр Уымӕ цӕуынц».#Ин 1:27. 27Иоанн сын дзуапп радта: «Адӕймагӕн йӕ бон аразын ницы у, уӕларвӕй йын лӕвӕрд куынӕ уа, уӕд. 28Ӕз цы дзырдтон, уымӕн уӕхӕдӕг стут ӕвдисӕнтӕ: „Ӕз Чырысти нӕ дӕн, фӕлӕ Йӕ разӕй ӕрвыст дӕн“.#Ин 1:20; Хъуыд 13:25. 29Усаг кӕмӕн ис, уый сиахсаг у. Сиахсаджы хӕлар та лӕууы йӕ фарсмӕ, хъусы йын йӕ райгӕ хъӕлӕсмӕ ӕмӕ йын цин кӕны йӕ циныл. Гъе ахӕм цин ныр ӕрцыди мӕнмӕ дӕр.#Мт 22:2; Эф 5:25. 30Уымӕн рӕзын ӕмбӕлы, мӕнӕн та — къаддӕрӕй-къаддӕр кӕнын.
Уӕларвӕй Ӕрцӕуӕг
31Уӕларвӕй Ӕрцӕуӕг алкӕмӕй дӕр уӕлдӕр у; зӕххӕй чи у, уый та зӕххон у ӕмӕ ныхас кӕны зӕххонау. Уӕларвӕй Ӕрцӕуӕг алкӕмӕй уӕлдӕр у.#Ин 8:23; Ром 9:5; Эф 1:21. 32Уый, Йӕхӕдӕг цы федта ӕмӕ цы фехъуыста, уыдӕтты тыххӕй лӕууы ӕвдисӕн, фӕлӕ Йын Йӕ ныхасыл ничи ӕууӕнды.#Ин 8:26. 33Йӕ ныхасыл ын чи ӕууӕнды, уый та уымӕй ӕвдисы, Хуыцау ӕцӕг кӕй у, уый.#1 Ин 5:10; Ром 3:4. 34Хуыцау Кӕй рарвыста, Уый Хуыцауы ныхӕстӕ дзуры, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ Удӕй барстӕй нӕ дӕтты. 35Фыд уарзы Фырты ӕмӕ Йын ӕппӕт дӕр радта Йӕ къухмӕ.#Мт 28:18. 36Фыртыл чи ӕууӕнды, уый хайджын у мыггагмӕйы цардӕй, Фыртмӕ чи нӕ хъусы, уый та цард нӕ фендзӕн — Хуыцауы азар ӕй баййӕфта».

Currently Selected:

Иоанн 3: ИрББЛ2022

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in