Иоанн 5
5
Ӕндзыгнизӕй рынчын найӕны цур сдзӕбӕх
1Уый фӕстӕ уыди иудейаг бӕрӕгбон, ӕмӕ Йесо ацыди Йерусалиммӕ.
2Йерусалимы, Фысты кулдуары раз, ис найӕн бынат фондз ӕхгӕдсӕр тыргъимӕ, дзуттагау ӕй хонынц Вефесда. 3Тыргъты хуыссыди бирӕ рынчынтӕ: куырмытӕ, къуылыхтӕ ӕмӕ цӕнкуылтӕ. [Уыдон ӕнхъӕлмӕ кастысты доны базмӕлдмӕ — 4Хуыцауы зӕд-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ йӕхи ӕруагъта найӕнмӕ ӕмӕ-иу дон азмӕста; уый фӕстӕ-иу фыццаг чи ныххызт, уый-иу сдзӕбӕх ис цыфӕнды низӕй дӕр.]
5Уыдис дзы, ӕстдӕс ӕмӕ ссӕдз азы дӕргъы чи сади, иу ахӕм лӕг. 6Йесо йӕ уым хуысгӕйӕ куы федта ӕмӕ рагӕй кӕй у рынчын, уый куы базыдта, уӕд ӕй бафарста: «Фӕнды дӕ, ӕмӕ ӕнӕниз уай?» 7Рынчын Ын дзуапп радта: «Ме ’лдар, дон гуылфӕнтӕ кӕнын куы райдайы, уӕд мӕ найӕнмӕ чи ныйиса, ахӕм мын ничи ис. Цалынмӕ ӕз уырдӕм ныххизыныл фӕцархайын, уӕдмӕ ӕндӕр исчи мӕ разӕй фӕвӕййы». 8Уӕд ӕм Йесо дзуры: «Рабад, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу». 9Ӕмӕ уыйадыл рынчын адзӕбӕх ис, систа йӕ хуыссӕн ӕмӕ ацыди.
Уыцы цау ӕрцыди сабаты. 10Ӕмӕ, чи сдзӕбӕх ис, уыцы лӕгӕн иудейӕгтӕ дзырдтой: «Абон сабат у, дӕ хуыссӕн хӕссын дын не ’мбӕлы». 11Уый сын дзуапп радта: «Чи мӕ сдзӕбӕх кодта, Уый мын загъта: „Сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу“». 12Уӕд ӕй бафарстой: «Афтӕ дын Чи загъта: „Сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу“, уыцы Адӕймаг чи у?» 13Чи сдзӕбӕх ис, уый та Йӕ нӕ зыдта, уымӕн ӕмӕ Йесо, цы бирӕ адӕм дзы уыди, уыдоны ӕхсӕн Йӕхи фӕаууон кодта.
14Фӕстӕдӕр ыл Йесо Кувӕндоны амбӕлд ӕмӕ йын загъта: «Ныр ды сдзӕбӕх дӕ. Тӕригъӕд мауал ракӕн, ноджы фыддӕр исты дыл куыннӕ ’рцӕуа, афтӕ». 15Уыцы лӕг ацыд ӕмӕ иудейӕгтӕн радзырдта, ме сдзӕбӕхгӕнӕг Йесо у, зӕгъгӕ.
16Уыйадыл иудейӕгтӕ Йесойы фӕдыл зилын райдыдтой, сабаты ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕй арӕзта, уый тыххӕй. 17Йесо та сын загъта: «Мӕ Фыд ӕдзух Йӕ хъуыддаг кӕны, ӕмӕ Ӕз дӕр кӕнын». 18Уӕд иудейӕгтӕ ноджы тынгдӕр Йӕ амарыныл архайын райдыдтой. Уымӕн ӕмӕ Уый канд сабаты ӕгъдау нӕ хӕлдта, фӕлӕ ма Хуыцауы дӕр хуыдта Йӕ Фыд ӕмӕ уымӕй Йӕхи кодта Хуыцауы ӕмсӕр.#Ин 7:30.
Фырты бартӕ
19Уый фӕдыл сын Йесо загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Фырт Йӕхи фӕндӕй ницы саразы, Фыд цы аразы, уый куынӕ уына, уӕд: Фыд цыдӕриддӕр аразы, уый аразы Фырт дӕр.
20Фыд уарзы Фырты ӕмӕ, Йӕхӕдӕг цыдӕриддӕр кӕны, уый Йын ӕвдисы. Ӕмӕ Йын ноджы стырдӕр хъуыддӕгтӕ дӕр фенын кӕндзӕн, ӕмӕ сымах дисы бафтдзыстут.
21Фыд мӕрдты куыд ӕгас кӕны ӕмӕ сын цард куыд дӕтты, афтӕ Фырт дӕр цард дӕтты, кӕмӕн Ӕй фӕнды, уыдонӕн.
22Фыд тӕрхон дӕр никӕмӕн кӕны, фӕлӕ тӕрхоны бартӕ иууылдӕр радта Йӕ Фырты къухмӕ,#Мт 28:18; Хъуыд 17:31; 1 Пет 4:5. 23цӕмӕй, Фыды куыд нымайынц, Фырты дӕр афтӕ нымайой. Фырты чи нӕ нымайы, уый Йын Йӕ рарвитӕг Фыды дӕр нӕ нымайы.#1 Ин 2:23.
24Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕ ныхас Мын чи хъусы ӕмӕ, Мӕн Чи рарвыста, Ууыл чи ӕууӕнды, уымӕн ис мыггагмӕйы цард ӕмӕ тӕрхонгонд нӕ уыдзӕни — ныридӕгӕн мӕлӕтӕй бахызти цардмӕ.
25Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, уӕвгӕ, цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ мӕрдтӕ фехъусдзысты Хуыцауы Фырты хъӕлӕс, ӕмӕ йӕ куы фехъусой, уӕд райгас уыдзысты.
26Фыд Йӕхӕдӕг царддӕттӕг куыд у, афтӕ Йӕ Фырты дӕр скодта царддӕттӕг 27ӕмӕ Йын радта тӕрхон кӕныны бар, уымӕн ӕмӕ Уый у Адӕймаджы Фырт.
28Ма дис кӕнут ууыл; уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуы уыцы рӕстӕг, ӕмӕ, ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон Ын фехъусдзысты Йӕ хъӕлӕс,#1 Кор 15:52. 29ӕмӕ хӕрзгӕнджытӕ райгас уыдзысты цӕрынӕн, фыдгӕнджытӕ та — ӕфхӕрд баййафынӕн.#Мт 25:46; Ӕрг 14:11.
30Мӕнӕн Мӕхи фӕндӕй мӕ бон саразын ницы у. Куыд загъд Мын уыди, афтӕ тӕрхон кӕнын, ӕмӕ Мӕ тӕрхон раст у, уымӕн ӕмӕ, Мӕхи цы фӕнды, уый нӕ кӕнын, фӕлӕ, Мӕ Рарвитӕджы цы фӕнды, уый.#Мт 26:39.
Йесойы ӕвдисӕнтӕ
31Мӕхи тыххӕй Мӕхӕдӕг куы дзурин, уӕд Мӕ ныхас ӕцӕг нӕ уаид. 32Фӕлӕ Мын ис ӕндӕр Ӕвдисӕн, ӕмӕ Ӕз зонын: Мӕн тыххӕй цы зӕгъы, уый ӕцӕг у.#Мт 3:17. 33Сымах арвыстат Иоаннмӕ, ӕмӕ уый ӕцӕгады тыххӕй загъта.#Ин 1:19. 34Ӕниу, Мӕн адӕймаджы ӕвдисӕнады сӕр нӕ хъӕуы, фӕлӕ йӕ уымӕн дзурын, цӕмӕй сымах фервӕзат. 35Иоанн уыди цырагъ — сыгъди ӕмӕ рухс кодта, сымах та уыцы цыбыр рӕстӕг фӕндыди йӕ рухсмӕ цин кӕнын.
36Мӕнӕн ис, Иоанн цы загъта, уымӕй тыхджындӕр ӕвдисӕйнаг. Мӕ Фыд Мын цы хъуыддӕгтӕ бафӕдзӕхста, Ӕз уыцы хъуыддӕгтӕ ӕххӕст кӕнын, ӕмӕ уыдон ӕвдисӕн сты, Мӕ Фыд Мӕ кӕй рарвыста, уымӕн.#Ин 10:25. 37Мӕ рарвитӕг Фыд Йӕхӕдӕг ӕвдисӕн лӕууы Мӕн тыххӕй. Сымах та Йын Йӕ хъӕлӕс дӕр никуы фехъуыстат ӕмӕ Йын Йӕ цӕсгом дӕр никуы федтат;#Мт 3:17. 38ӕмӕ Йӕ ныхас уӕ зӕрдӕты нӕй, уымӕн ӕмӕ, Кӕй рарвыста, Ууыл не ’ууӕндут.
39Сымах лӕмбынӕг иртасут Сыгъдӕг Фыст, ӕмӕ йӕ фӕрцы мыггагмӕйы цард райсын ӕнхъӕл стут, афтӕмӕй уый та Мӕныл дзурӕг у. 40Фӕлӕ уӕ нӕ фӕнды Мӕнмӕ ӕрцӕуын ӕмӕ мыггагмӕйы цард райсын.#Ин 1:11; 3:19. 41Мӕн адӕмӕй кад нӕ хъӕуы, 42уымӕн ӕмӕ уӕ зонын: сымах Хуыцауы нӕ уарзут. 43Ӕз Мӕ Фыды номӕй ӕрцыдтӕн, ӕмӕ Мыл не ’ууӕндут, фӕлӕ уӕм ӕндӕр исчи йӕхи номӕй куы ’рцӕуа, уӕд ууыл та баууӕнддзыстут. 44Ӕниу Мыл куыд хъуамӕ баууӕндат, кӕд кӕрӕдзийӕ кадмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, иунӕг Хуыцау цы кад дӕтты, уымӕ та нӕ тырнут?#Ин 12:43.
45Афтӕ ма банхъӕлут, ӕмӕ уӕ Ӕз Мӕ Фыды раз зылын кӕндзынӕн. Моисей, ныфсджын кӕмӕй стут, уый — уӕ зылынгӕнӕг. 46Уӕвгӕ, Моисейыл куы ӕууӕндиккат, уӕд Мӕныл дӕр баууӕндыдаиккат, уымӕн ӕмӕ уый Мӕн тыххӕй фыста. 47Ӕмӕ кӕд, Моисей цы ныффыста, ууыл не ’ууӕндут, уӕд Мӕ ныхӕстыл куыд баууӕнддзыстут?»
Currently Selected:
Иоанн 5: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy
Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022