Иоанн 9
9
Ӕрдзӕй куырм цӕстӕй ракаст
1Йесо фӕцӕйцыд ӕмӕ федта, ӕрдзӕй куырм чи уыди, ахӕм адӕймаджы. 2Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йӕ бафарстой: «Равви, куырмӕй цӕмӕн райгуырд? Йӕхӕдӕг у тӕригъӕдджын ӕви йӕ ныййарджытӕ?» 3Йесо сын дзуапп радта: «Нӕдӕр йӕхӕдӕг тӕригъӕд ракодта, нӕдӕр йӕ ныййарджытӕ, фӕлӕ куырм у Хуыцауы хъару йыл равдисыны тыххӕй. 4Цалынмӕ бон у, уӕдмӕ хъуамӕ аразон, Чи Мӕ рарвыста, Уый хъуыддӕгтӕ. Тагъд ралӕудзӕн ӕхсӕв, ӕмӕ уӕд ничиуал ницы сараздзӕн.#Ин 4:34; 12:35. 5Цалынмӕ Ӕз дунейы дӕн, уӕдмӕ Ӕз дунейӕн дӕн рухс».#Ин 1:5; 8:12.
6Афтӕ зӕгъыны фӕстӕ ӕрту кодта зӕхмӕ, сыджыт йӕ сӕтимӕ азмӕста, куырмы цӕстытӕ дзы айсӕрста#Ин 11:37. 7ӕмӕ йын загъта: «Ацу ӕмӕ дӕ цӕсгом Силоамы найӕны цӕхс». («Силоам» нысан кӕны «ӕрвыст».) Уый ацыд, йӕхи цӕхсадта ӕмӕ фӕстӕмӕ, йӕ цӕстӕй ракаст, афтӕмӕй ӕрбаздӕхти.
8Йӕ сыхӕгтӕ, стӕй йӕ раздӕр мӕгуыргурӕй чи уыдта, уыдон дзырдтой: «Ам-иу чи бадти, уыцы мӕгуыргур нӕу, ӕви?» 9Иннӕтӕ дзырдтой: «Уый у». Аннӕтӕ та: «Нӕу, фӕлӕ уый хуызӕн у». Йӕхӕдӕг та-иу загъта: «Уый ӕз дӕн». 10Уӕд ӕй фарстой: «Цӕстӕй куыд ракастӕ?» 11Уый сын дзуапп лӕвӕрдта: «Йесо Кӕй хонынц, Уый сыджыт сӕтимӕ сызмӕста, мӕ цӕстытӕ мын дзы байсӕрста ӕмӕ мын загъта: „Ацу Силоамы найӕнмӕ ӕмӕ дӕхи цӕхс“. Ӕз ацыдтӕн, мӕхи цӕхсадтон ӕмӕ цӕстӕй ракастӕн». 12Бафарстой йӕ: «Кӕм ис уыцы Адӕймаг?» Уый сын дзуапп радта: «Нӕ зонын».
Фарисейты нӕ уырны, ӕрдзӕй куырм кӕй сдзӕбӕх ис, уый
13Уӕд раздӕры куырмы фарисейтӕм акодтой. 14Йесо сыджыт куы сызмӕста ӕмӕ йӕ цӕстӕй куы ракӕсын кодта, уӕд уыди сабат. 15Цӕстӕй куыд ракасти, уымӕй йӕ фарисейтӕ дӕр бафарстой. Уый сын загъта: «Уыцы Адӕймаг мын сыджыты змӕст ӕрӕвӕрдта мӕ цӕстытыл, ӕз мӕхи цӕхсадтон ӕмӕ уынын райдыдтон». 16Уӕд фарисейтӕй иутӕ загътой: «Уыцы Адӕймаг Хуыцауӕй нӕу, уымӕн ӕмӕ сабаты ӕгъдау халы». Иннӕтӕ та дзырдтой: «Тӕригъӕдджын адӕймагӕн йӕ бон куыд у ахӕм диссӕгтӕ аразын?» Ӕмӕ сӕм иу хъуыды нал уыд.#Ин 7:43. 17Уӕд та ногӕй фӕрсынц куырмы: «Ды та уыцы Адӕймаджы тыххӕй цы зӕгъдзынӕ? Цӕстӕй дӕ куы ракӕсын кодта». Уый сын дзуапп радта: «Пехуымпар у».#Лк 7:16; Ин 4:19.
18Фӕлӕ куырм кӕй уыд ӕмӕ цӕстӕй кӕй ракаст, уый уӕддӕр иудейӕгты нӕ уырныдта. Йӕ ныййарджытӕм ын фӕсидтысты 19ӕмӕ сӕ бафарстой: «Ай уӕ фырт у? Афтӕ зӕгъут, куырмӕй райгуырд? Ӕмӕ уӕдӕ ныр цӕстӕй куыд ракаст?» 20Уыдон сын дзуапп радтой: «Нӕ фырт кӕй у ӕмӕ ӕрдзӕй куырм кӕй рахаста, уый зонӕм. 21Цӕстӕй куыд ракаст ӕмӕ йын йӕ цӕстытӕ чи байгом кодта, уый та нӕ зонӕм. Йӕхи йын бафӕрсут, сывӕллон нал у, йӕхӕдӕг зӕгъӕд йӕхи тыххӕй».
22Йӕ ныййарджытӕ иудейӕгтӕй тарстысты ӕмӕ ахӕм дзуапп уымӕн радтой, уымӕн ӕмӕ иудейӕгты уынаффӕмӕ гӕсгӕ, Йесойы ӕргомӕй Чырыстийыл чи банымайа, уый хъуамӕ синагогӕйӕ тард ӕрцыдаид.#Ин 12:42. 23Гъе уымӕ гӕсгӕ загътой йӕ ныййарджытӕ: «Сывӕллон нал у, йӕхи йын бафӕрсут».
24Ӕмӕ та уӕд дыккаг хатт фӕдзырдтой раздӕры куырммӕ ӕмӕ дзы домдтой: «Раст зӕгъ Хуыцауы раз. Мах зонӕм, уыцы Адӕймаг тӕригъӕдджын кӕй у, уый». 25Уый сын загъта: «Тӕригъӕдджын у ӕви нӕ, уымӕн ӕз ницы зонын. Ӕз иу хъуыддаг зонын — уыдтӕн куырм, ныр та уынын». 26Ногӕй та йӕ бафарстой: «Уыцы Адӕймаг дын цы бакодта? Цӕстӕй дӕ цы амалӕй ракӕсын кодта?» 27Дзуапп сын радта: «Ӕз уын ӕй загътон, фӕлӕ мӕм сымах нӕ хъуыстат. Уымӕ ма уӕ дыккаг хатт хъусын цӕй тыххӕй фӕнды? Ӕви сымах дӕр Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ суӕвынмӕ хъавут?»
28Уыдон ӕй ӕфхӕрын райдыдтой ӕмӕ йын загътой: «Уый ды дӕ Йӕ ахуыргӕнинаг, мах та Моисейы ахуыргӕнинӕгтӕ стӕм. 29Моисеимӕ Хуыцау кӕй ныхас кодта, уый мах зонӕм, фӕлӕ Ай кӕцӕй у, уымӕн ницы зонӕм». 30Уыцы лӕг та сын загъта: «Диссаг дӕр уый у, ӕмӕ кӕцӕй у, уый нӕ зонут, афтӕмӕй мӕн та цӕстӕй ракӕсын кодта. 31Фӕлӕ мах зонӕм, Хуыцау тӕригъӕдджынтӕм кӕй нӕ хъусы, уый. Чи Йӕ нымайы ӕмӕ Йын Йӕ фӕндон чи ӕххӕст кӕны, Хуыцау уымӕ хъусы. 32Незамантӕй нырмӕ, ӕрдзӕй куырмы исчи цӕстӕй ракӕсын кодта, зӕгъгӕ, ахӕм диссаг ничима фехъуыста. 33Уый Хуыцауӕй куы нӕ уаид, уӕд Ын ницы ӕнтысид». 34Уыдон ын загътой: «Сӕрӕй къӕхтӕм тӕригъӕдджынӕй куы райгуырдтӕ, уӕд ды мах ахуыр кӕныс?» Ӕмӕ йӕ ратардтой.
35Кӕй йӕ ратардтой, уый Йесо куы фехъуыста, уӕд ӕй ссардта ӕмӕ йын загъта: «Хуыцауы Фыртыл ӕууӕндыс?» 36Уый дзуапп радта: «Уый та чи у, Хицау? Зӕгъ мын ӕй, ӕмӕ Йыл баууӕндон». 37Йесо йын загъта: «Уынгӕ дӕр Ӕй фӕкодтай, ӕмӕ ныхас дӕр Уый кӕны демӕ». 38Уӕд уый загъта: «Ӕууӕндын, Хицау!» — ӕмӕ Йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауди.
39Йесо йын загъта: «Ӕз ацы дунемӕ тӕрхон кӕнынмӕ ӕрцыдтӕн, цӕмӕй куырмытӕ цӕстӕй ракӕсой, цӕстджынтӕ та бакуырм уой».#Мт 11:25; 2 Кор 3:14.
40Фарисейтӕй уым Йӕ разы чи уыди, уыдон уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд Ӕй бафарстой: «Ау, мах дӕр куырмытӕ стӕм?» 41Йесо сын загъта: «Куырм куы уаиккат, уӕд уыл тӕригъӕд нӕ уаид. Фӕлӕ уӕхи цӕстджынтыл кӕй нымайут, уымӕ гӕсгӕ сымахыл нырма дӕр ис тӕригъӕд».#Ин 15:22.
Currently Selected:
Иоанн 9: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy
Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022