Лука 19
19
Йесо ӕмӕ хъалонисӕг Закхей
1Йесо бахӕццӕ ис Йерихонмӕ ӕмӕ уынджы фӕцӕйцыди. 2Уым та уыдис иу адӕймаг, йӕ ном Закхей — хъалонисджыты хицау ӕмӕ хъӕздыг лӕг. 3Йесойы фенын ӕй фӕндыди, фӕлӕ асӕй ныллӕг уыд, ӕмӕ йӕм адӕмӕй нӕ зынди. 4Уӕд азгъордта размӕ ӕмӕ Йӕ кӕд афтӕмӕй фенин, зӕгъгӕ, легъуи бӕласмӕ схызти, уымӕн ӕмӕ Йесойӕн Йӕ фӕндаг ууылты уыди. 5Йесо уырдӕм куы бахӕццӕ ис, уӕд ӕм уӕлӕмӕ скасти ӕмӕ загъта: «Закхей, рӕвдздӕр ӕрхиз, Ӕз абон дӕ хӕдзары хъуамӕ уон». 6Уый рӕвдзгомау ӕрхызти ӕмӕ Йӕ, цингӕнгӕ, суазӕг кодта. 7Адӕм уый куы федтой, уӕд сӕ хъуыр-хъуырӕй нал ӕнцадысты, уыцы тӕригъӕдджын адӕймагмӕ уазӕгуаты куыд бацыд, зӕгъгӕ. 8Закхей та сыстад ӕмӕ Йесойӕн загъта: «Хицау, мӕ мулкӕн йе ’мбис мӕгуыртӕн байуардзынӕн ӕмӕ, кӕд искӕй хъыджы бацыдтӕн, уӕд ӕй уымӕн та цыппар ахӕмӕй бафиддзынӕн». 9Йесо йын загъта: «Абон ацы хӕдзармӕ ирвӕзындзинад ӕрцыд, уымӕн ӕмӕ ацы адӕймаг дӕр Авраамы байзӕддагӕй у. 10Адӕймаджы Фырт ӕрцыд сӕфтыты бацагурынмӕ ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕнынмӕ».#Мт 18:11.
Ӕмбӕхст ӕхцайы ӕмбисонд
11Адӕм уыцы ныхӕстӕм куы хъуыстой, уӕд ма сын Йесо иу ӕмбисонд ӕрхаста, уымӕн ӕмӕ Йӕ бирӕ нал хъуыди Йерусалиммӕ, ӕмӕ адӕм ӕнхъӕл уыдысты, Хуыцауы Паддзахад рӕхджы ӕрцӕудзӕни, зӕгъгӕ.
12Йесо загъта: «Иу лӕг, уӕздан мыггагӕй, дард бӕстӕм цӕуинаг уыди, цӕмӕй уым паддзахы бартӕ райстаид ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхтаид.#Мт 25:14. 13Йӕ дӕс цагъармӕ фӕдзырдта, дӕс минӕйы сын радта ӕмӕ загъта: „Ӕфтиаг сӕ куыд райсат, афтӕ сӕ спайда кӕнут ме ’рцыдмӕ“. 14Фӕлӕ, йе ’мбӕстӕгтӕн ӕнӕуынон кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ уыдон бавдӕлдысты ӕмӕ йын йӕ фӕдыл минӕвӕрттӕ арвыстой ахӕм ныхӕстимӕ: „Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нын ацы адӕймаг паддзахиуӕг кӕна“.
15Паддзахӕй йӕ куы сӕвӕрдтой ӕмӕ фӕстӕмӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд, чи цас ӕфтиаг райста, уый базоныны тыххӕй фӕсидти, ӕхца кӕмӕн радта, уыцы цагъартӕм.
16Уыдонӕн сӕ фыццаг ӕрбацыд ӕмӕ загъта: „Хицау, дӕ минӕ ӕфтиаг ӕрхаста дӕс минӕйы“. 17Уый йын загъта: „Хорз, мӕ дзӕбӕх цагъар! Чысыл хъуыддаджы иузӕрдион кӕй разындтӕ, уымӕ гӕсгӕ дӕ хицауӕй ӕвӕрын дӕс сахарӕн“.#Лк 16:10. 18Ӕрбацыди дыккаг ӕмӕ загъта: „Хицау, дӕ минӕ ӕфтиаг ӕрхаста фондз минӕйы“. 19Уымӕн дӕр загъта: „Дӕу та хицауӕй ӕвӕрын фондз сахарӕн“. 20Ӕрбацыд ӕртыккаг ӕмӕ загъта: „Хицау, мӕнӕ дӕ минӕ, хӕцъилы тыхтӕй йӕ фӕдардтон. 21Тӕрсгӕ дӕ кодтон, уымӕн ӕмӕ карз лӕг дӕ: цы нӕ нывӕрдтай, уый исыс, цы нӕ байтыдтай, уый кӕрдыс“. 22Хицау ын загъта: „Дӕхи дзыхӕй дын тӕрхон кӕндзынӕн, ӕвзӕр цагъар! Ӕз карз лӕг кӕй дӕн ӕмӕ, цы нӕ нывӕрдтон, уый кӕй исын, цы нӕ байтыдтон, уый кӕй кӕрдын, уыдӕттӕ куы зыдтай,#Мт 25:26. 23уӕд мын ме ’хца пайда дзы скӕнынмӕ цӕуылнӕ радтай, цӕмӕй йӕ, фӕстӕмӕ ӕрыздӕхгӕйӕ, ӕфтиагимӕ райстаин?“
24Ӕмӕ, уым чи лӕууыди, уыдонӕн загъта: „Райсут ын йӕ минӕ ӕмӕ йӕ раттут, дӕс минӕйы кӕмӕ ис, уымӕн“. 25Уыдон ын загътой: „Хицау, ӕмӕ уымӕ дӕс минӕйы куы ис“. 26Уый дзуапп радта: „Зӕгъын уын, кӕмӕ ис, уымӕн ма ноджыдӕр рардӕуыдзӕни; кӕмӕ нӕй, уымӕй та, цы йӕм ис, уый дӕр ист ӕрцӕудзӕни.#Мт 13:12; 25:29; Мк 4:25; Лк 8:18. 27Паддзах сын уон, уый кӕй нӕ фӕндыди, мӕ уыцы знӕгты та ӕрбакӕнут ӕмӕ сӕ ам мӕ разы амарут“».#Мт 22:7.
Йесо бацыди Йерусалиммӕ
28Уыцы ныхӕсты фӕстӕ та Йесо ногӕй Йӕ фӕндаг сарӕзта Йерусалиммӕ. 29Елеон, зӕгъгӕ, уыцы хохы фахсыл Виффаги ӕмӕ Вифанимӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодтой, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕмӕ фӕдзырдта#Мт 21:1; Мк 11:1. 30ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут, уартӕ нӕ ныхмӕ цы хъӕу ис, уырдӕм. Хъӕугӕрон фендзыстут баст къӕлӕу, адӕймаг кӕуыл нӕма сбадти, ахӕм. Суадзут-иу ӕй ӕмӕ йӕ ардӕм ӕркӕнут. 31Исчи уӕ куы бафӕрса, цӕмӕн ӕй уӕгъд кӕнут, зӕгъгӕ, уӕд-иу ын зӕгъут: „Хицауы хъӕуы“».
32Ахуыргӕнинӕгтӕ ацыдысты ӕмӕ ӕппӕт дӕр, Йесо сын куыд загъта, афтӕмӕй баййӕфтой. 33Къӕлӕуы куы уӕгъд кодтой, уӕд сӕ йӕ хицӕуттӕ бафарстой: «Цӕмӕн ӕй уӕгъд кӕнут?» 34Уыдон сын дзуапп радтой: «Хицауы хъӕуы». 35Ӕркодтой къӕлӕуы Йесомӕ, ӕрӕппӕрстой йыл сӕ дарӕстӕ ӕмӕ йыл Йесойы сбадын кодтой.#Мт 21:7; Мк 11:7; Ин 12:14.
36Йесо куы фӕцӕйцыд, уӕд Ын адӕм Йӕ развӕндагыл сӕ дарӕстӕ тауын райдыдтой. 37Елеоны хохы ӕрхизӕнмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕд Йӕ бирӕ ахуыргӕнинӕгтӕ иууылдӕр Хуыцауы стауын райдыдтой, сӕхи цӕстӕй кӕй федтой, ӕппӕт уыцы диссӕгты тыххӕй: 38«Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй ӕрцӕуӕг Паддзах! Фарн — уӕлӕрвты ӕмӕ кад — бӕрзӕндты!»#Лк 2:14; Эф 2:14. 39Адӕмимӕ чи уыди, уыцы фарисейтӕй Йын чидӕртӕ загътой: «Ахуыргӕнӕг, Дӕ ахуыргӕнинӕгты ныхъхъус кӕн». 40Фӕлӕ сын Йесо дзуапп радта: «Зӕгъын уын: уыдон куы ныхъхъус уой, уӕд дуртӕ ныхъхъӕр кӕндзысты».
Йесойы хъарӕг Йерусалимыл
41Йесо сахармӕ куы ӕрбахӕстӕг ӕмӕ йӕм куы акасти, уӕд ыл ныккуыдта 42ӕмӕ загъта: «Тӕхуды, ӕмӕ ды дӕр уӕд та ацы бон куы базонис, фарны хос дын цы у, уый! Фӕлӕ уый ныр дӕуӕй ӕмбӕхст у. 43Уымӕн ӕмӕ дыл ахӕм бонтӕ акӕндзӕн, ӕмӕ де знӕгтӕ дӕ къулты алыварс сыджытбырутӕ самайдзысты, ӕрхъула дыл кӕндзысты ӕмӕ дӕ алырдыгӕй ӕрбалвасдзысты.#Мт 22:7; Лк 21:6. 44Ныппырх дӕ кӕндзысты, дӕ цӕрджыты дын ныццӕгъддзысты дӕ мидӕг ӕмӕ дӕ дур дурыл нал ныууадздзысты, Хуыцауы ӕрцыды афон кӕй нӕ базыдтай, уый тыххӕй».
Йесо уӕйгӕнджыты тӕры Кувӕндонӕй
45Йесо Кувӕндонмӕ бацыд ӕмӕ уырдыгӕй уӕйгӕнджыты тӕрын райдыдта.#Мт 21:12; Мк 11:15; Ин 2:15. 46Дзырдта сын: «Фыст ис: „Мӕ Хӕдзар уыдзӕни кувӕн хӕдзар“, сымах та дзы абырджыты лӕгӕт сарӕзтат».
47Йесо алы бон дӕр Кувӕндоны адӕмы ахуыр кодта. Алчертӕ, динамонджытӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ та Йӕ амарынвӕнд кодтой, 48фӕлӕ уымӕн ницы амал ардтой, уымӕн ӕмӕ адӕм иудадзыг иууылдӕр Йемӕ уыдысты ӕмӕ Йын Йӕ алы ныхасмӕ дӕр хъуыстой.
Currently Selected:
Лука 19: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy
Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022