YouVersion Logo
Search Icon

Матфей 25

25
Зондджын ӕмӕ ӕнӕзонд чызджыты ӕмбисонд
1Уӕд Уӕларвон Паддзахад уыдзӕни, сиахсаджы размӕ цырӕгътимӕ чи рацыди, уыцы дӕс чызджы хуызӕн.#Мт 3:2; Лк 12:36. 2Уыдонӕй фондз зондджынтӕ уыдысты, фондз та — ӕнӕзӕндтӕ. 3Ӕнӕзонд чызджытӕ сӕ цырӕгътӕ рахастой, фӕлӕ семӕ сой нӕ райстой. 4Зондджынтӕ та сӕ цырӕгътимӕ сойы дурынтӕ дӕр рахастой.
5Сиахсаг афӕстиат ис, ӕмӕ чызджыты хуыссӕг ӕрцахста, се ’ппӕт дӕр бафынӕй сты. 6Ӕмбисӕхсӕв райхъуысти хъӕр: „Сиахсаг ӕрбацӕуы, йӕ размӕ рацӕут!“
7Чызджытӕ иууылдӕр фестадысты ӕмӕ сӕ цырӕгътӕ ӕрцӕттӕ кодтой.
8Ӕнӕзонд чызджытӕ зондджынтӕм бадзырдтой: „Авӕрут-ма нын уӕ сойӕ, науӕд нӕ цырӕгътӕ фӕхуыссынц“. 9Зондджынтӕ сын дзуапп радтой: „Цӕмӕй нӕ дыууӕтӕ дӕр сойхъуагӕй ма баззайӕм, уый тыххӕй фӕлтау уӕйгӕнджытӕм ауайут ӕмӕ балхӕнут уӕхицӕн“. 10Фӕлӕ куыддӕр ӕлхӕнынмӕ ацыдысты, афтӕ сиахсаг ӕрбахӕццӕ ис, ӕмӕ цӕттӕ цы чызджытӕ уыдысты, уыдон йемӕ бацыдысты чындзӕхсӕвмӕ, ӕмӕ дуар ӕхгӕд ӕрцыди.#Лк 13:25. 11Уӕдмӕ иннӕ чызджытӕ дӕр ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ хъӕр кӕнын райдыдтой: „Хицау, Хицау, дуар нын бакӕн!“#Мт 7:21. 12Фӕлӕ сын уый дзуапп радта: „Ӕцӕг уын зӕгъын: ӕз, чи стут, уый нӕ зонын“.
13Уӕдӕ ӕдзухдӕр уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ нӕ зонут нӕдӕр уыцы бон, нӕдӕр уыцы сахат [Адӕймаджы Фырт кӕд ӕрцӕудзӕни].#Мк 13:33; 1 Кор 16:13.
Ныгӕд ӕхцайы ӕмбисонд
14Уӕд уыдзӕнис уыцы ӕмбисондау: иу адӕймаг балцы ацӕуыны размӕ йӕ цагъартӕм фӕсидти ӕмӕ сын йӕ исбон бафӕдзӕхста.#Лк 19:12. 15Сӕ иуӕн радта фондз таланты, иннӕмӕн — дыууӕ, ӕртыккагӕн — иу, алкӕмӕн дӕр — йӕ арӕхстдзинадмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ ацыди.#Ром 12:6; 1 Кор 12:7-11.
16Фондз таланты чи райста, уый уайтагъд ацыд, спайда сӕ кодта ӕмӕ ма сӕ ноджы фондз таланты бакуыста. 17Дыууӕ таланты чи райста, уый дӕр ма бакуыста дыууӕ таланты. 18Иу талант чи райста, уый та ацыди, уӕрм скъахта ӕмӕ дзы йӕ хицауы ӕвзист баныгӕдта.
19Бирӕ рӕстӕджы фӕстӕ ӕрыздӕхти уыцы цагъарты хицау ӕмӕ сӕ дзуапп ӕрдомдта. 20Фондз таланты чи райста, уый бацыд, бахаста йӕм иннӕ фондз таланты ӕмӕ загъта: „Хицау, ды мын радтай фондз таланты, ӕз сӕ спайда кодтон ӕмӕ ма сӕм мӕнӕ фондз таланты бафтыдтон“. 21Йӕ хицау ын загъта: „Хорз, ды дзӕбӕх ӕмӕ иузӕрдион цагъар дӕ! Гыццыл хъуыддаджы иузӕрдион уыдтӕ, ӕмӕ дын ӕз стырдӕр хъуыддаг бабар кӕндзынӕн. Рацу мидӕмӕ ӕмӕ цин кӕн дӕ хицауимӕ“.
22Дыууӕ таланты чи райста, уый дӕр ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: „Хицау, ды мын радтай дыууӕ таланты, ӕз сӕ спайда кодтон ӕмӕ ма сӕм ноджы бафтыдтон дыууӕ таланты“. 23Йӕ хицау ын загъта: „Хорз, мӕ дзӕбӕх ӕмӕ иузӕрдион цагъар! Гыццыл хъуыддаджы иузӕрдион уыдтӕ, ӕмӕ дын ӕз стырдӕр хъуыддаг бабар кӕндзынӕн. Рацу мидӕмӕ ӕмӕ цин кӕн дӕ хицауимӕ“.
24Иу талант чи райста, уый дӕр бацыд ӕмӕ йын загъта: „Хицау, ӕз зыдтон, ды карз лӕг кӕй дӕ, уый. Кӕм нӕ байтыдтай, уым кӕрдыс, кӕм нӕ райдзӕгътай, уым ӕмбырд кӕныс. 25Ӕз тарстӕн, ацыдтӕн ӕмӕ дын дӕ талант баныгӕдтон зӕххы. Мӕнӕ айс дӕхион“.
26Йӕ хицау ын загъта: „Ӕвзӕр ӕмӕ зивӕггӕнаг цагъар! Кӕм нӕ байтыдтон, уым кӕй кӕрдын ӕмӕ, кӕм нӕ райдзӕгътон, уым кӕй ӕмбырд кӕнын, уый кӕд зыдтай, 27уӕд дын ӕмбӕлди ме ’взист сӕудӕджертӕм раттын, ӕмӕ уӕд, куы ӕрыздӕхтӕн, уӕд ӕй ӕфтиагимӕ райстаин.
28Райсут ын уӕдӕ йӕ талант ӕмӕ йӕ, дӕс таланты кӕмӕ ис, уымӕн раттут. 29Уымӕн ӕмӕ, кӕмӕ ис, уымӕн рардӕуыдзӕн ӕмӕ йӕм уыдзӕни бирӕ; кӕмӕ нӕй, уымӕй та ист ӕрцӕудзӕни, цы йӕм ис, уый дӕр.#Мт 13:12; Мк 4:25; Лк 8:18; 19:26. 30Ацы ницӕйаг цагъары та аппарут ӕддӕмӕ, талынгмӕ: кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс кӕцӕй хъуысдзӕни, уырдӕм“». [Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо хъӕрӕй загъта: «Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!»]#Мт 24:51.
Фӕстаг тӕрхон
31«Адӕймаджы Фырт ӕппӕт зӕдтимӕ Йӕ кадимӕ куы ’рцӕуа, уӕд сбаддзӕнис Йӕ кадджын бынаты.#Мт 13:49; 16:27; Хъуыд 1:11. 32Йӕ разы ӕрӕмбырд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ, ӕмӕ иуты фӕхицӕн кӕндзӕн иннӕтӕй, фыййау фысты сӕгътӕй куыд фӕхицӕн кӕны, афтӕ. 33Фысты ӕрлӕууын кӕндзӕн Йӕ рахизфарс, сӕгъты та — Йӕ галиуфарс.
34Уӕд, Йӕ рахизфарс чи ис, уыдонӕн Паддзах зӕгъдзӕн: „Ӕрцӕут, Мӕ Фыды арфӕйӕ хайджынтӕ, ӕмӕ райсут, дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ уын цӕттӕгонд цы Паддзахад у, уый.#Мт 20:23. 35Уымӕн ӕмӕ Ӕз уыдтӕн стонг, ӕмӕ Мӕ бафсӕстат; дойны Мын уыди, ӕмӕ Мын дон радтат; уыдтӕн бӕлццон, ӕмӕ Мӕ суазӕг кодтат;#2 Тим 1:18. 36уыдтӕн бӕгънӕг, ӕмӕ Мыл дарӕс скодтат; уыдтӕн рынчын, ӕмӕ Мыл батыхстыстут; уыдтӕн ахӕстоны, ӕмӕ Мӕ бабӕрӕг кодтат“.
37Уӕд Ӕй рӕстгӕнджытӕ фӕрсдзысты: „Хицау, кӕд Дӕ федтам стонгӕй ӕмӕ Дӕ кӕд бафсӕстам? Кӕнӕ Дын дойны кӕд уыди, ӕмӕ Дын дон кӕд радтам? 38Кӕд Дӕ федтам бӕлццонӕй ӕмӕ Дӕ кӕд суазӕг кодтам? Кӕнӕ Дӕ кӕд федтам бӕгънӕгӕй ӕмӕ Дыл дарӕс кӕд скодтам?
39Кӕд Дӕ федтам рынчынӕй кӕнӕ ахӕстоны бадгӕйӕ ӕмӕ Дӕ кӕд бабӕрӕг кодтам?“
40Ӕмӕ сын Паддзах дзуапп ратдзӕн: „Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕ ацы кӕстӕр ӕфсымӕртӕй иуӕн цы сарӕзтат, уый Мӕнӕн сарӕзтат“.#Мт 10:42.
41Уӕд, Йӕ галиуфарс чи ис, уыдонӕн та зӕгъдзӕн: „Ацӕут Мӕнӕй, ӕлгъыстытӕ, хӕйрӕгӕн ӕмӕ йӕ зӕдтӕн цӕттӕгонд цы мыггагмӕйы арт ис, уырдӕм.#Лк 13:27. 42Уымӕн ӕмӕ Ӕз уыдтӕн стонг, ӕмӕ Мӕ нӕ бафсӕстат; уыди Мын дойны, ӕмӕ Мын дон нӕ радтат; 43уыдтӕн бӕлццон, ӕмӕ Мӕ не суазӕг кодтат; уыдтӕн бӕгънӕг, ӕмӕ Мыл дарӕс не скодтат; уыдтӕн рынчын ӕмӕ ахӕст, ӕмӕ Мыл нӕ батыхстыстут“.
44Уӕд Ӕй уыдон дӕр фӕрсдзысты: „Бардарӕг, кӕд Дӕ федтам стонгӕй, кӕнӕ Дын дойны кӕд уыди? Кӕд Дӕ федтам бӕлццонӕй кӕнӕ бӕгънӕгӕй, рынчынӕй кӕнӕ ахӕстӕй ӕмӕ Дын кӕд нӕ балӕггад кодтам?“
45Ӕмӕ сын Паддзах дзуапп ратдзӕн: „Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ацы кӕстӕртӕй иуӕн цы нӕ бакодтат, уый Мӕнӕн нӕ сарӕзтат“.
46Ӕмӕ уыдон ацӕудзысты ӕнусмӕ хъизӕмар кӕнынмӕ, рӕстудтӕ та — ӕнусон цардмӕ».

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in