Марк 1
1
Аргъауӕг Иоанн
1Хуыцауы Фырт Йесо Чырыстийы Фарны Уацы райдайӕн.
2Пехуымпар Исайамӕ афтӕ фыст ис: «Мӕнӕ Ӕз Мӕ фидиуӕджы ӕрвитын Дӕ разӕй, ӕмӕ Дын уый ӕрцӕттӕ кӕндзӕни Дӕ фӕндаг.#Мал 3:1; Мт 11:10; Лк 7:27. 3Ӕдзӕрӕг быдыры хъуысы фидиуӕджы хъӕлӕс: „Ӕрцӕттӕ кӕнут Бардарӕгӕн фӕндаг, сӕмраст Ын кӕнут Йӕ цӕуӕнтӕ“».#Ис 40:3; Мт 3:3; Лк 3:4; Ин 1:23.
4Ӕдзӕрӕг быдыры фӕзынд Иоанн. Уый аргъуыдта донӕй ӕмӕ амыдта, зӕгъгӕ, адӕм куы ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ уый нысанӕн донаргъуыд куы райсой, уӕд сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕудзысты.#Мт 3:1; Лк 3:3; Ин 1:31. 5Цыдысты йӕм адӕм Иудейы алы кӕрӕттӕй ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ иууылдӕр, ӕргом састысты сӕ тӕригъӕдтыл, ӕмӕ сыл Иоанн аргъуыдта Иорданы цӕугӕдоны.
6Иоаннӕн йӕ уӕлӕдарӕс уыди теуайы хъуынӕй, йӕ астӕуыл дардта гӕрзӕй рон, хъӕддаг мыдыбындзыты мыд ӕмӕ мӕтыхтӕ уыдысты йӕ хойраг.#Мт 3:4. 7Уый адӕмӕн дзырдта: «Мӕ фӕстӕ ӕрбацӕуы мӕнӕй Тыхджындӕр. Ӕз, ӕргуыбыр кӕнон ӕмӕ Йын Йӕ дзабыры бос райхалон, уый аккаг дӕр нӕ дӕн.#Лк 3:16; Ин 1:27. 8Ӕз сымахыл аргъуыдтон донӕй, Уый та уыл аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй».#Хъуыд 1:5; 2:4; 1 Кор 12:13.
Йесойы донаргъуыд
9Уыцы рӕстӕг Йесо ӕрцыди галилейаг Назаретӕй, ӕмӕ Йыл Иоанн донӕй саргъуыдта Иорданы.#Мт 3:13; Лк 3:21. 10Йесо донӕй куы рацӕйхызт, уӕд федта, арвы дуар куыд фегом ис ӕмӕ Йӕм бӕлоны хуызы Сыгъдӕг Уд куыд ӕрцӕйцыди, уый.#Мт 3:16; Лк 3:21; Ин 1:32. 11Ӕмӕ уӕларвӕй ӕрыхъуысти: «Ды Мӕ уарзон Фырт дӕ, Ӕз Дӕуыл аудын».
12Ӕмӕ уайсахат Сыгъдӕг Уд Йесойы ӕдзӕрӕг быдырмӕ акодта.#Мт 4:1; Лк 4:1. 13Ӕдзӕрӕг быдыры Йесо фӕци дыууиссӕдз боны, ӕмӕ Йӕ уым сайтан фӕлвӕрдта. Йесо уыди сырдты ӕхсӕн, зӕдтӕ Йын лӕггад кодтой.
Йесойы фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ
14Иоанны куы ӕрцахстой, уӕд Йесо ӕрбацыди Галилеймӕ ӕмӕ хъусын кодта Хуыцауы Фарны Уац:#Мт 4:12; Лк 4:14; Ин 4:43. 15«Ӕрцыдис афон ӕмӕ ӕрхӕстӕг ис Хуыцауы Паддзахад! Ӕрфӕсмон кӕнут уӕ тӕригъӕдтыл ӕмӕ Фарны Уацыл ӕууӕндут!»#Мт 4:17.
16Йесо Галилейы денджызы былгӕрӕтты фӕцӕйцыд ӕмӕ федта, Симон ӕмӕ йе ’фсымӕр Андрей сӕ хызтӕ денджызмӕ куыд ӕппӕрстой, уый — кӕсагахсджытӕ уыдысты.#Мт 4:18. 17Йесо сын загъта: «Рацӕут Мӕ фӕдыл, ӕмӕ уӕ Ӕз адӕймагахсджытӕ сараздзынӕн». 18Уыдон сӕ хызтӕ фӕуагътой ӕмӕ Йӕ фӕдыл ацыдысты. 19Йесо уырдыгӕй чысыл фалдӕр куы бауад, уӕд кӕсы, ӕмӕ Зеведейы фырт Йаков йе ’фсымӕр Иоаннимӕ бӕлӕгъы сӕ хызтӕ ӕмпъузынц. 20Йесо сӕм ӕвӕстиатӕй фӕсидти. Уыдон сӕ фыд Зеведейы йе ’ххуырст кусджытимӕ бӕлӕгъы ныууагътой ӕмӕ Йӕ фӕдыл ацыдысты.
Хӕйрӕджджын синагогӕйы сдзӕбӕх
21Ӕрцыдысты Капернауммӕ. Куыддӕр сабат ралӕууыд, афтӕ Йесо бацыди синагогӕмӕ ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнын райдыдта.#Мт 4:13; Лк 4:31. 22Ӕмӕ сӕ дисы ӕфтыдта Йӕ ахуырад, уымӕн ӕмӕ сын динамонджытау нӕ, фӕлӕ барджынӕй амыдта.#Мт 7:28; Лк 4:32. 23Синагогӕйы уыди хӕйрӕджджын адӕймаг ӕмӕ хъӕр систа:#Лк 4:33. 24«Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Назаретаг Йесо? Ды нӕ фесафынмӕ ӕрцыдтӕ! Ӕз зонын, Чи дӕ, уый — Ды Хуыцауы Сыгъдӕг дӕ».#Мт 8:29; Йак 2:19. 25Йесо ӕнӕзӕгъинагӕн карзӕй загъта: «Ныхъхъус у ӕмӕ ӕддӕмӕ рацу!» 26Ӕнӕзӕгъинаг ныууыгъта уыцы адӕймаджы, ныцъцъӕхахст кодта ӕмӕ дзы рацыди. 27Адӕм иууылдӕр дисы бафтыдысты ӕмӕ кӕрӕдзийы фарстой: «Уый цы уа? Уый цавӕр ног ахуырад у? Барджынӕй куы дзуры, ӕмӕ Йын ӕнӕзӕгъинӕгтӕ дӕр Йӕ бардзырд куы ӕххӕст кӕнынц».
28Ӕгас Галилейыл Йесойы кой уайтагъд айхъуысти.
Петры усы мад ӕмӕ иннӕ рынчынтӕ сдзӕбӕх сты
29Уыйадыл синагогӕйӕ рацыдысты, ӕмӕ Йесо Йаков ӕмӕ Иоаннимӕ ацыди Симон ӕмӕ Андрейы хӕдзармӕ.#Мт 8:14; Лк 4:38. 30Симоны усы мад сади тӕвднизӕй, ӕмӕ йӕ уайтагъд Йесойӕн загътой. 31Йесо йӕм бацыд, йӕ къухыл ын рахӕцыд ӕмӕ йӕ рабадын кодта. Сылгоймагӕн йӕ тӕвд ӕрхауд, ӕмӕ сын лӕггад кӕнын райдыдта.
32Хур куы аныгуылд ӕмӕ куы баизӕр ис, уӕд Ӕм райдыдтой рынчынтӕ ӕмӕ хӕйрӕджджынты кӕнын,#Мт 8:16; Лк 4:40. 33ӕмӕ ӕгас сахар сӕ дуармӕ ӕрӕмбырд ис. 34Йесо сдзӕбӕх кодта, алыхуызон низтӕй рынчын чи уыди, бирӕ ахӕм адӕмы. Бирӕтӕн фӕсырдта сӕ дӕлимонты, фӕлӕ ӕнӕзӕгъинӕгты дзурын нӕ уагъта, уымӕн ӕмӕ, Чи у, уый зыдтой.#Мк 3:12; Лк 4:41; Хъуыд 16:17; 19:15.
Йесо хъусын кӕны Фарны Уац
35Сӕударӕй Йесо сыстад ӕмӕ хӕдзарӕй рацыд, хибар ранмӕ Йӕхи айста ӕмӕ уым куывта. 36Симон йе ’мбӕлттимӕ Йӕ агурӕг ацыди. 37Куы Йӕ ссардтой, уӕд Ын загътой, адӕм иууылдӕр Дӕу агурынц, зӕгъгӕ. 38Йесо сын загъта: «Цомут ӕндӕр рӕттӕм, ӕмӕ ӕввахс хъӕуты дӕр Фарны Уац хъусын кӕнон, уымӕн ӕмӕ Ӕз уый тыххӕй ӕрцыдтӕн».#Лк 4:43. 39Ӕмӕ Галилейы ӕппӕт синагогӕты хъусын кодта Фарны Уац, адӕмы ирвӕзын кодта дӕлимонты ахӕстӕй.
Хъотырджын сдзӕбӕх
40Йесомӕ ӕрцыди хъотырджын, йӕ зонгуытыл ӕрхауди Йӕ разы ӕмӕ Йын ныллӕгъстӕ кодта: «Ӕрмӕст Дӕ бафӕндӕд, ӕмӕ мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ».#Мт 8:2; Лк 5:12. 41Йесо йын фӕтӕригъӕд кодта, къухӕй йыл бандзӕвыд ӕмӕ загъта: «Фӕнды Мӕ, сдзӕбӕх у». 42Хъотырджын уайтагъд фервӕзти йӕ низӕй ӕмӕ ссыгъдӕг ис. 43Уыйадыл ӕй Йесо уырдыгӕй рарвыста. Карзӕй йын загъта: 44«Хъусыс, ацы хабар макӕмӕн радзур, фӕлӕ ацу, дӕхи фенын кӕн сауджынӕн ӕмӕ Моисейы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ нывонд ӕрхӕсс де ссыгъдӕджы тыххӕй, цӕмӕй йӕ иууылдӕр феной».#Мт 8:4; Лк 5:14. 45Фӕлӕ уый ацыд ӕмӕ хабар дӕрдтыл айхъуысын кодта. Уыйадыл Йесойӕн сахартӕм ӕргомӕй бацӕуӕн нал уыд ӕмӕ-иу хибар рӕтты баззади. Фӕлӕ Йӕм уӕддӕр алырдыгӕй цыдысты.
Currently Selected:
Марк 1: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022