1
Лука 24:49
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
Ӕз уын рарвитдзынӕн, Мӕ Фыд уын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. Ӕмӕ уал ацы сахары баззайут, цалынмӕ уӕларвон тыхӕй не схайджын уат, уӕдмӕ».
Compara
Explorar Лука 24:49
2
Лука 24:6
Ам нӕй, райгас ис. Галилейы ма куы уыди, уӕд уын цы дзырдта, уый-ма ӕрхъуыды кӕнут
Explorar Лука 24:6
3
Лука 24:31-32
Уӕд Ӕм бакастысты ӕмӕ Йӕ базыдтой, фӕлӕ Йӕ цӕстӕй нал уыдтой. Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Фӕндагыл немӕ куы ныхас кодта ӕмӕ нын Сыгъдӕг Фыст куы амыдта, уӕд нӕ риуы нӕ зӕрдӕтӕ нӕ сыгъдысты, ӕви?»
Explorar Лука 24:31-32
4
Лука 24:46-47
ӕмӕ загъта: «Фыст ис, Чырысти хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ ӕртыккаг бон мӕрдтӕй райгас уыдаид, зӕгъгӕ. Ӕмӕ, Йерусалимӕй райдайгӕйӕ, ӕппӕт адӕмтӕм фӕсидын хъӕуы Йӕ номӕй, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ сын барст ӕрцӕуой.
Explorar Лука 24:46-47
5
Лука 24:2-3
Зӕппадзы дур иуварс фӕлдӕхтӕй баййӕфтой. Бацыдысты мидӕмӕ, фӕлӕ Хицау Йесойы мард уым нӕ разынди
Explorar Лука 24:2-3
Inici
La Bíblia
Plans
Vídeos