Лука 11
11
1Иуахӕмы Йесо куывта ӕмӕ, куывд куы фӕци, уӕд Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу бахатыд: «Хицау, сахуыр нӕ кӕн кувын, Иоанн йӕ ахуыргӕнинӕгты куыд сахуыр кодта, афтӕ».
2Йесо сын загъта: «Куы фӕкувут, уӕд-иу дзурут:
„Нӕ Фыд!
Кадджын уӕд Дӕ ном!
Ӕрцӕуӕд Дӕ Паддзахад.
Уӕлӕрвты куыд у, афтӕ зӕххыл дӕр
сӕххӕст уӕд Дӕ фӕндон.
3Ратт нын абон цӕрынваг къӕбӕр.
4Ныббар нын нӕ хӕстӕ,
мах нӕ хӕсджынтӕн куыд барӕм, афтӕ.
Ма нӕ бафтау фыдӕвзарӕны,
фӕлӕ нӕ бахиз сайтанӕй“».
5Йесо сын загъта: «Ныр, зӕгъӕм, сымахӕй искӕмӕн ис хӕлар, ӕмбисӕхсӕв ӕм бацыдыстут ӕмӕ йын загътат: „Мӕ хӕлар, ӕртӕ дзулы мын ӕфстау авӕр. 6Мӕ хӕлар мӕм фӕндагӕй фездӕхт, ӕмӕ йӕ цӕмӕй суазӕг кӕнон, уый мӕм нӕй“. 7Ӕмӕ уӕм уый мидӕгӕй куы радзурид: „Ма мӕ хъыгдар, мӕ дуар ныридӕгӕн ӕхгӕд у, мӕхӕдӕг дӕр хуысгӕ кӕнын ӕмӕ мӕ сывӕллӕттӕ дӕр хуыссӕны мемӕ сты. Фестон ӕмӕ дын дзул раттон, уый ныртӕккӕ мӕ бон нӕу“.
8Зӕгъын уын: уӕ хӕлардзинад нымайгӕйӕ, уый уайтагъд куынӕ феста ӕмӕ уын уӕ къух куынӕ сараза, фӕлӕ йӕ сымах уӕддӕр куынӕ уадзат, уӕд иуафон сыстдзӕнис ӕмӕ уын ратдзӕн, цы дзы курут, уый.
9Уӕдӕ уын Ӕз дӕр зӕгъын: курут ӕмӕ райсдзыстут, агурут ӕмӕ ссардзыстут, хойут ӕмӕ уын байгом уыдзӕн. 10Уымӕн ӕмӕ алы курӕг дӕр райсы, алы агурӕг дӕр ссары ӕмӕ алы хойӕгӕн дӕр дуар байгом вӕййы. 11Йӕ фырт дзы дзул куы кура, уӕд ын дур чи ратта, уе ’хсӕн ахӕм фыд ис? Кӕнӕ кӕсаг куы кура, уӕд ын калм ратдзӕн? 12Айк дзы куы кура, уӕд ын йӕ къухы къӕдздым фӕсадздзӕн? 13Уӕдӕ сымах фыдзӕрдӕтӕ куы стут ӕмӕ уӕддӕр уӕ зӕнӕгӕн хорзы цӕуын куы зонут, уӕд Уӕларвон Фыд куыннӕ ратдзӕни Сыгъдӕг Уд, чи Дзы куры, уыдонӕн!»
14Иу хатт Йесо иу лӕгӕй сырдта ӕгомыггӕнӕг дӕлимоны. Куы дзы рацыди, уӕд гоби йӕ дзыхӕй сдзырдта, ӕмӕ адӕм дисы бафтыдысты. 15Иуӕй-иутӕ ма афтӕ дӕр загътой: «Уый дӕлимонты суры дӕлимонты ӕлдар Веелзевулы хъаруйӕ». 16Иннӕтӕ та Дзы Йӕ бафӕлварыны тыххӕй уӕларвӕй ӕвдисӕйнаг равдисын домдтой. 17Фӕлӕ сын Йесо зыдта сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ сын загъта: «Цыфӕнды паддзахад дӕр, йӕ адӕм кӕрӕдзийы ныхмӕ куы ралӕууой, уӕд федзӕрӕг уыдзӕни, хӕдзары бинонтӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ куы суой, уӕд хӕдзар ныккӕлдзӕн. 18Уӕдӕ кӕд сайтан йӕхи ныхмӕ тох кӕны, уӕд йӕ паддзахад куыд фӕлӕудзӕни? Сымах та афтӕ дзурут, цыма Ӕз Веелзевулы хъаруйӕ сурын дӕлимонты. 19Кӕд Ӕз дӕлимонты Веелзевулы хъаруйӕ сурын, уӕд сӕ уӕ фырттӕ та кӕй хъаруйӕ сурынц? Уыдон уын тӕрхонгӕнӕг уӕнт. 20Фӕлӕ кӕд Хуыцауы хъаруйӕ сурын дӕлимонты, уӕд уӕм, бӕгуыдӕр, ӕрхӕццӕ ис Хуыцауы Паддзахад. 21Тыхджын йӕ хӕдзар ӕд хӕцӕнгарз куы хъахъхъӕна, уӕд йӕ исбонӕн тас нӕу. 22Фӕлӕ йӕм йӕхицӕй тыхджындӕр куы бабырса, уӕд ыл фӕуӕлахиз уыдзӕн, йӕ зӕрдӕ цы хӕцӕнгӕрзтыл дардта, уыдон ын байсдзӕн ӕмӕ йын йӕ мулк байуардзӕн. 23Мемӕ чи нӕй, уый Мӕ ныхмӕ у. Мемӕ чи не ’мбырд кӕны, уый хӕлӕттаг кӕны.
24Ӕнӕзӕгъинаг адӕймагӕй куы рацӕуы, уӕд ӕнцой агурӕг фӕзилы ӕнӕдон рӕтты ӕмӕ, йӕхицӕн бынат куы не ссары, уӕд фӕзӕгъы: „Аздӕхон, цы хӕдзарӕй рацыдтӕн, уырдӕм“. 25Ӕмӕ йӕм фӕстӕмӕ куы баздӕхы, уӕд ӕй марзт ӕмӕ ӕфснайдӕй баййафы. 26Уӕд ацӕуы ӕмӕ йемӕ ӕркӕны ӕндӕр авд ӕнӕзӕгъинаджы, йӕхицӕй фыддӕрты, бацӕуынц уырдӕм ӕмӕ дзы ӕрцӕрынц; ӕмӕ уыцы адӕймаг бахауы, раздӕр цы уыди, уымӕй ноджы фыддӕр уавӕры».
27Йесо Йӕ ныхас куы нӕма фӕци, уӕд Ын адӕмы ’хсӕнӕй иу сылгоймаг хъӕрӕй загъта: «Тӕхудиаг у, Дӕу чи ныййардта ӕмӕ Дӕу йӕ риуы ӕхсырӕй чи фӕхаста, уыцы ныййарӕг!»
28Йесо та загъта: «Тӕхудиаг сты, Хуыцауы дзырдмӕ чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон».
29Адӕм Йӕ алыварс куы ӕрӕмбырд сты, уӕд Йесо райдыдта дзурын: «Ацы фӕлтӕр тынг фехӕлди, ӕвдисӕйнаг домы. Фӕлӕ Ионӕйы диссагӕй дарддӕр ницы диссаг фендзӕни. 30Уымӕн ӕмӕ Ионӕ ниневиӕгтӕн ӕвдисӕйнаг куыд уыди, Адӕймаджы Фырт дӕр ацы фӕлтӕрӕн афтӕ уыдзӕни. 31Хуссары ус-паддзах Тӕрхоны Бон мӕрдтӕй растдзӕни ацы фӕлтӕримӕ тӕрхон кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ фӕзылынджын кӕндзӕни, уымӕн ӕмӕ уый зӕххы кӕронӕй ӕрцыд Соломоны куырыхон зондмӕ байхъусынмӕ; ныр та, Соломонӕй уӕлдӕр Чи у, Уый ам ис. 32Ниневиӕгтӕ Тӕрхоны Бон мӕрдтӕй растдзысты ацы фӕлтӕры ныхмӕ ӕмӕ йӕ фӕзылынджын кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон Ионӕйы пехуымпар ныхасӕй ӕрфӕсмон кодтой сӕ митыл. Ныр та, Ионӕйӕ уӕлдӕр Чи у, Уый ам ис.
33Цырагъ чи ссудзы, уый йӕ сусӕг ран кӕнӕ дурыны нӕ бавӕры, фӕлӕ йӕ цырагъдарӕныл, бацӕуджытӕ рухс куыд уыной, афтӕ сӕвӕры. 34Буарӕн йӕ рухсгӕнӕн цӕст у. Ӕмӕ дӕ цӕст сыгъдӕг куы уа, уӕд дӕ буар ӕгасӕй дӕр рухс уыдзӕн. Фӕлӕ дӕ цӕст чъизи куы уа, уӕд дӕ буар дӕр талынг уыдзӕн. 35Уӕдӕ дӕхимӕ кӕс, цӕмӕй дӕм цы рухс ис, уый талынг ма разына. 36Кӕд дӕ буар иууылдӕр рухс у ӕмӕ дӕм талынгӕй ӕппындӕр ницы ис, уӕд сӕрӕй къӕхтӕм уыдзынӕ рухс, цыма дӕ рухсгӕнӕн рухс кӕны, афтӕ».
37Йесо Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд Ӕй иу фарисей сӕхимӕ сихор хӕрынмӕ бахуыдта. Йесо бацыд ӕмӕ фынджы уӕлхъус ӕрбадти. 38Хӕрды размӕ Йӕ къухтӕ кӕй нӕ цӕхсадта, уый фарисей куы федта, уӕд бадис кодта. 39Фӕлӕ йын Хицау загъта: «Сымах, фарисейтӕ, уӕ къус ӕмӕ тӕбӕгъ ӕддейӕ сыгъдӕг кӕнут, мидӕгӕй та кӕрӕф ӕмӕ хӕрамӕй йедзаг стут. 40Ӕнӕзӕндтӕ! Ӕддейӕ цы ис, уый дӕр ӕмӕ, мидӕгӕй цы ис, уый дӕр иу Скӕнӕг не сфӕлдыста, мыййаг? 41Уӕ тӕбӕгъы цы ис, уымӕй искӕмӕн куы фӕхай кӕнат, уӕд уын алцыдӕр уыдзӕни сыгъдӕг. 42Фӕлӕ сар уӕ сӕр, фарисейтӕ! Моисейы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ суанг битъына, рутӕ ӕмӕ ӕппӕт иннӕ кӕрдӕджыты дӕсӕймаг хай дӕттут, фӕлӕ Хуыцауы рӕстдзинад ӕмӕ уарзт та ницӕмӕ дарут. Сымахӕн ӕмбӕлди адӕттӕ кӕнын ӕмӕ уыдӕттӕ дӕр рохуаты нӕ уадзын. 43Сар уӕ сӕр, фарисейтӕ! Сымах уарзут синагогӕты раззаг бынӕтты бадын ӕмӕ сахарты фӕзты адӕмы арфӕтӕм хъусын. 44Сар уӕ сӕр! Сымах стут, бӕрӕг чи нӕ дары ӕмӕ, уый нӕ зонгӕйӕ, адӕм кӕуыл рацу-бацу кӕнынц, уыцы рох ингӕнты хуызӕн».
45Уӕд Йесойы ныхӕстӕм иу динамонӕг загъта: «Ахуыргӕнӕг, афтӕ кӕй зӕгъыс, уымӕй Ды мах дӕр ӕфхӕрыс». 46Йесо йын дзуапп радта: «Сар уӕ сӕр сымахӕн дӕр, динамонджытӕ! Адӕмыл уӕззау уӕргътӕ ӕвӕрут, уӕхӕдӕг та уӕ къух дӕр ницӕмӕ бакӕнут, цӕмӕй сын феххуыс кӕнат.
47Сар уӕ сӕр! Уӕ фыдӕлтӕ цы пехуымпарты фӕцагътой, уыдонӕн сымах та аразут зӕппӕдзтӕ 48ӕмӕ уымӕй ӕвдисут, уӕ фыдӕлты митӕ растыл кӕй нымайут, уый: уыдон сӕ маргӕ акодтой, сымах та сын зӕппӕдзтӕ аразут. 49Хуыцауы уӕлзонд уымӕн загъта: „Пехуымпартӕ ӕмӕ фидиуджытӕ сӕм арвитдзынӕн, ӕмӕ дзы кӕй ӕфхӕргӕ кӕндзысты, кӕй — маргӕ“. 50Уӕдӕ ацы фӕлтӕрӕн фидинаг у, дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ цы пехуымпарты туг фӕкалди, уый: 51Авелы тугӕй, нывондхӕссӕнӕй Кувӕндоны ӕхсӕн кӕй амардӕуыд, уыцы Захариайы туджы онг. О, зӕгъын уын, уый ацы фӕлтӕрӕн фидинаг у.
52Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ! Сымах байстат зонынады дӕгъӕл; уӕхӕдӕг дӕр нӕ бацыдыстут ӕмӕ, бацӕуын кӕй фӕндыди, уыдоны дӕр нӕ бауагътат».
53Йесо уырдыгӕй куы ацыд, уӕд динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ райдыдтой Йӕ ныхмӕ дзурын ӕмӕ Йӕ фӕрстыты бын ныккодтой — 54къахтой Йӕ, цӕмӕй йын Йӕ ныхӕстӕ Йӕхи ныхмӕ фӕкӕной.
Valgt i Øjeblikket:
Лука 11: ОссБ
Markering
Del
Kopiér
Vil du have dine markeringer gemt på tværs af alle dine enheder? Tilmeld dig eller log ind
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.