Лука 2
2
1Уыцы рӕстӕг кесӕр Август уынаффӕ рахаста ӕппӕт бӕстӕйы цӕрджыты сфыссыны тыххӕй. 2Ацы сфыст уыди фыццаг; арӕзт ӕрцыди, Сирийӕн Квирини хицауиуӕг куы кодта, уыцы заманы. 3Алчи йӕхи ныффыссын кӕнынмӕ цыди йӕхи сахармӕ. 4Йосиф дӕр галилейаг сахар Назаретӕй араст ис Иудеймӕ, Вифлеем кӕй хонынц, Давиды уыцы сахармӕ, уымӕн ӕмӕ Давиды байзӕддаг уыди. 5Йемӕ ракодта йӕ усаг Мариайы дӕр, цӕмӕй сӕхи ныффыстаиккой. Мариа та йӕхи бар нӕ уыди, 6ӕмӕ Вифлеемы йӕ арыны афон ӕрцыд. 7Уыйадыл Фырт ныййардта. Хӕцъилты Йӕ батыхта ӕмӕ Йӕ кӕвдӕсы нывӕрдта, уымӕн ӕмӕ сӕм фысымуаты бынат не ’рхаудис.
8Уырдӕм ӕввахс, быдыры, уыдысты фыййӕуттӕ ӕмӕ ӕхсӕвы сӕ фосы дзуг хъахъхъӕдтой. 9Ӕвиппайды Хуыцауы зӕд сӕ разы февзӕрди, ӕмӕ Хуыцауы кадӕй бӕстӕ ныррухс ис. Фыййӕуттӕ фыр тӕссӕй сӕхи дӕр нал ӕмбӕрстой. 10Зӕд сын загъта: «Ма тӕрсут, ӕз уӕм ӕрцыдтӕн, ӕппӕт адӕмӕн дӕр стыр циндзинад чи ӕрхӕсдзӕн, уыцы Фарны Уац фехъусын кӕнынмӕ: 11абон Давиды сахары райгуырди уӕ Ирвӕзынгӕнӕг — Бардарӕг Чырысти. 12Сывӕллоны баййафдзыстут хӕцъилты тыхтӕй, кӕвдӕсы хуысгӕйӕ, ӕмӕ Йӕ базондзыстут уыцы нысанӕй». 13Зӕды фарсмӕ ӕваст фегуырди ӕнӕнымӕц уӕларвон ӕфсад. Уыдон кадджын кодтой Хуыцауы: 14«Кад Хуыцауӕн бӕрзӕндты, зӕххыл та фарнимӕ уӕнт, Хуыцау кӕуыл ауды, уыдон!» 15Зӕдтӕ сӕ цурӕй уӕларвмӕ куы ссыдысты, уӕд фыййӕуттӕ сӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Уӕдӕ фӕцӕуӕм Вифлееммӕ ӕмӕ нӕхи цӕстӕй фенӕм, цы дзы ӕрцыди ӕмӕ нын Хуыцау цӕй тыххӕй фехъусын кодта, уый». 16Атындзыдтой ӕмӕ дзы Мариа ӕмӕ Йосифы баййӕфтой. Сывӕллон хуыссыди кӕвдӕсы. 17Куы сӕм бакастысты, уӕд радзырдтой, Сывӕллоны тыххӕй сын цы загъдӕуыди, уый. 18Фыййӕутты ныхӕстӕ, чи сӕ фехъуыста, уыдоны се ’ппӕты дӕр стыр дисы бафтыдтой. 19Мариа та сӕ йӕ зӕрдыл бадардта ӕмӕ сыл арф ныхъхъуыды кодта. 20Фыййӕуттӕ фӕстӕмӕ аздӕхтысты, цы фехъуыстой ӕмӕ цы федтой, уыдӕтты тыххӕй кадджын кодтой Хуыцауы. Алцы дӕр рауад, зӕд сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.
21Аст боны фӕстӕ, Сывӕллонӕн Йӕ сунӕты афон куы ралӕууыд, уӕд Ӕй схуыдтой Йесо. Зӕд Ын уыцы ном рагацау радта, Йӕ мады гуыбыны дӕр куы нӕма сӕвзӕрди, уӕд.
22Моисейы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, ссыгъдӕг кӕныны фӕтк ахицӕн кӕныны афон куы ӕрцыди, уӕд Йесойы ахастой Йерусалиммӕ, Хуыцауы размӕ, 23уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Ӕгъдауы фыст ис: «Алы хистӕр зӕнӕг дӕр, лӕппу куы уа, уӕд лӕвӕрд ӕрцӕуӕд Хуыцауӕн». 24Уыимӕ, Хуыцауы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, нывондӕн хъуамӕ ӕрхастаиккой «дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны».
25Йерусалимы цардис иу рӕстгӕнӕг, йӕ ном — Симеон. Уый уыди Хуыцауыл ӕнувыд адӕймаг ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ касти, Хуыцау Израилы кӕд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ. Симеон хайджын уыди Сыгъдӕг Удӕй. 26Сыгъдӕг Уд ын раргом кодта, Хуыцау Кӕй рарвита, цалынмӕ уыцы Чырыстийы фенай, уӕдмӕ нӕ амӕлдзынӕ, зӕгъгӕ. 27Сыгъдӕг Уд ӕй сразӕнгард кодта Кувӕндонмӕ ацӕуынмӕ, ӕмӕ, Моисейы Ӕгъдау сӕххӕст кӕныны тыххӕй Йесойы ныййарджытӕ Сабийы Кувӕндонмӕ куы бахастой, 28уӕд Ӕй Симеон йӕ хъӕбысмӕ райста, арфӕ ракодта Хуыцауӕн ӕмӕ загъта: 29«Бардарӕг Хуыцау, Дӕ цагъарӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдтай, афтӕ мӕ ӕрвитыс ныр фарнимӕ: 30мӕхи цӕстӕй федтон Дӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, 31ӕппӕт адӕмты сӕрвӕлтау Кӕй ӕрцӕттӕ кодтай, уый. 32Муртаттӕгтӕн Уый уыдзӕни Дӕу ӕргомгӕнӕг рухс, Дӕ адӕмӕн, Израилӕн та — йӕ кад». 33Йесойы тыххӕй цы загъта, уый диссаг фӕкасти Сабийы фыд ӕмӕ мадмӕ. 34Симеон сӕ Хуыцауыл бафӕдзӕхста ӕмӕ Йесойы мад Мариайӕн загъта: «Ацы Сывӕллоны тыххӕй израилӕгтӕй бирӕтӕ дӕлӕмӕ ӕрхаудзысты ӕмӕ бирӕтӕ сбӕрзонд уыдзысты. Уый расайдзӕни быцӕутӕ, 35ӕмӕ афтӕмӕй бирӕтӕн сӕ сусӕг хъуыдытӕ раргом уыдзысты. Дӕуӕн дӕхицӕн дӕр цыргъаг дӕ риуы иннӕрдӕм ахиздзӕн».
36Уыди ма уым пехуымпар Аннӕ дӕр, Фануилы чызг, Асиры хӕдзарвӕндагӕй, хӕрз зӕронд сылгоймаг. Йӕ лӕгимӕ авд азы йеддӕмӕ нӕ ацард, 37афтӕмӕй идӕдзӕй баззад ӕмӕ йыл ныр цыппар ӕмӕ цыппарыссӕдз азы рацыд. Кувӕндонӕй ӕддӕмӕ нӕ цыди, ӕхсӕвӕй-бонӕй, ком даргӕйӕ ӕмӕ кувгӕйӕ, лӕггад кодта Хуыцауӕн. 38Уый дӕр сӕм уыцы рӕстӕг бацыди, кадджын кодта Хуыцауы, Йерусалимы фервӕзтмӕ ӕнхъӕлмӕ чи касти, уыдонӕн дзырдта Йесойы тыххӕй.
39Йосиф ӕмӕ Мариа Хуыцауы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ӕппӕт дӕр куы бакодтой, уӕд раздӕхтысты Галилеймӕ, кӕм цардысты, уыцы сахар Назаретмӕ. 40Сывӕллон рӕзыд ӕмӕ фидар кодта, бонӕй-бонмӕ ӕфтыди Йӕ зондыл, Хуыцауы фарнӕй хайджын уыди.
41Йесойы ныййарджытӕ Куадзӕны бӕрӕгбоны ӕрвылаз Йерусалиммӕ цыдысты. 42Лӕппуйыл дыууадӕс азы куы сӕххӕст ис, уӕд дӕр та иннӕ хӕттытау ацыдысты. 43Бӕрӕгбоны фӕстӕ сӕхимӕ куы раздӕхтысты, уӕд ӕнахъом Йесо баззади Йерусалимы, Йӕ ныййарджытӕ йӕ нӕ зыдтой, афтӕмӕй. 44Уыдон ӕнхъӕлдтой, иннӕтимӕ ӕрбацӕуы, зӕгъгӕ, ӕмӕ, иу бонцау куы адард сты, уӕд Ӕй хӕстӕджытӕ ӕмӕ зонгӕты ӕхсӕн агурын райдыдтой. 45Куы никуы уыди, уӕд Йӕ агурӕг фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ аздӕхтысты. 46Ӕртӕ боны фӕстӕ Йӕ Кувӕндоны ссардтой. Йесо бадтис ахуыргӕнджыты ӕхсӕн, хъуыста сӕм ӕмӕ сӕ алцӕмӕйты фарста. 47Чи Йӕм хъуыста, уыдон Ын иууылдӕр Йӕ зонд ӕмӕ дзуаппытыл дис кодтой. 48Ныййарджытӕ Йӕ уым куы федтой, уӕд сӕ дисӕн кӕрон нал уыд. Мад Ын загъта: «Хъӕбул, уый нын цы бакодтай? Тынг Дыл мӕт кодтам ӕмӕ Дӕ агуырдтам Дӕ фыдимӕ». 49Йесо сын загъта: «Ӕмӕ Мӕ цӕмӕн агуырдтат? Нӕ йӕ зыдтат, Ӕз Мӕ Фыды хӕдзары кӕй хъуамӕ уон, уый?» 50Фӕлӕ Йӕ уыдон нӕ бамбӕрстой.
51Йесо рацыди семӕ, Назаретмӕ ӕрбаздӕхтысты, ӕмӕ алцӕмӕй дӕр касти сӕ коммӕ. Мад та уыцы цау йӕ зӕрдыл бадардта. 52Йесо куыд рӕзыд, афтӕ ӕнтыстджындӕр уыди уӕлзондӕй, ӕмӕ Йӕм фылдӕр кодта Хуыцау ӕмӕ адӕмы уарзондзинад.
Valgt i Øjeblikket:
Лука 2: ОссБ
Markering
Del
Kopiér
Vil du have dine markeringer gemt på tværs af alle dine enheder? Tilmeld dig eller log ind
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.