Лука 3
3
1Уыцы цау ӕрцыди кесӕр Тиверийы паддзахиуӕджы фынддӕсӕймаг аз. Уӕд Понтий Пилат хицауиуӕг кодта Иудейы, Ирод — Галилейы, йе ’фсымӕр Филипп — Итурей ӕмӕ Трахониты, Лисани — Абилинийы, 2Анна ӕмӕ Каиафӕ та алчертӕ уыдысты. Захариайы фырт Иоаннӕн ӕдзӕрӕг быдыры раргом ис Хуыцауы Дзырд. 3Уыйадыл Иоанн Иорданы алфамбылай зилын райдыдта ӕмӕ адӕмӕн ӕмбарын кодта, сӕ тӕригъӕдтӕ сын хатыргонд кӕй ӕрцӕудзысты, куы сыл ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ уый нысанӕн донаргъуыд куы райсой, уӕд. 4Пехуымпар Исайайы чиныджы афтӕ фыст ис: «Ӕдзӕрӕг быдыры хъуысы фидиуӕджы хъӕлӕс: „Ӕрцӕттӕ кӕнут Бардарӕгӕн фӕндаг, сӕмраст Ын кӕнут Йӕ цӕуӕнтӕ. 5Алы дӕлвӕз дӕр уӕлӕмӕ схӕцӕд йӕхиуыл, алы хох ӕмӕ алы къуыбыр дӕр ӕрныллӕг уӕд, гакъӕттӕ сӕмраст уӕнт ӕмӕ гуыргъахъхъ фӕндӕгтӕ сӕмлӕгъз уӕнт. 6Уӕд алы адӕймаг дӕр фендзӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд ирвӕзындзинад“».
7Аргъауынмӕ йӕм цы бирӕ адӕм цыди, уыдонӕн Иоанн дзырдта: «Калмы цот! Чи уын загъта, ӕмӕ сымах сомбоны азарӕй аирвӕздзыстут? 8Зӕрдиагӕй кӕй ӕрфӕсмон кодтат, уый равдисут хъуыддагӕй! Махӕн нӕ фыдӕл Авраам у, зӕгъгӕ, ахӕм хъуыды уӕм ма ӕрцӕуӕд. Зӕгъын уын: Хуыцауӕн ацы дуртӕй дӕр Йӕ бон у Авраамӕн цот скӕнын. 9Фӕрӕт ныридӕгӕн бӕласы рӕбын цӕттӕйӕ лӕууы: йӕ дыргъ цы бӕласӕн нӕ фӕбӕззы, уый акалынц ӕмӕ йӕ арты баппарынц».
10Адӕм фарстой Иоанны: «Цы гӕнгӕ нын у?» 11Уый сын дзуапп лӕвӕрдта: «Дыууӕ хӕдоны кӕмӕн ис, уый дзы иу, ӕппындӕр кӕмӕн нӕй, уымӕн раттӕд; хойраг кӕмӕ ис, уый дӕр бакӕнӕд афтӕ». 12Хъалонисджытӕ дӕр ӕм аргъуыд райсынмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йӕ бафарстой: «Ахуыргӕнӕг, цы гӕнгӕ нын у?» 13Уый сын дзуапп радта: «Цы уын ӕмбӕлы, уымӕй уӕлдай адӕмӕй мацы домут». 14Фарстой йӕ ӕфсӕддонтӕ дӕр: «Махӕн та цы гӕнгӕ у?» Иоанн сын загъта: «Макӕй стигъут ӕмӕ тыхӕй макӕмӕй мацы исут — разы ут уӕ мыздӕй».
15Адӕм Чырыстимӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кастысты, ӕмӕ дзы алчи йӕхимидӕг хъуыды кодта, кӕд Иоанн, мыййаг, Чырысти у, зӕгъгӕ.
16Иоанн се ’ппӕтӕн дӕр дзуапп лӕвӕрдта: «Ӕз уыл аргъауын донӕй, фӕлӕ ӕрбацӕуы мӕнӕй Тыхджындӕр, ӕз Уымӕн Йӕ дзабыры бос райхалыны аккаг дӕр нӕ дӕн. Уый уыл аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ артӕй. 17Йӕ фыййаг Йӕ къухы ис, ӕмӕ Йӕ мус ссыгъдӕг кӕндзӕн. Мӕнӕу бафснайдзӕни Йӕ хордоны, зыгуым та басудздзӕн ӕнӕхуысгӕ арты».
18Иоанн ма адӕмы разӕнгард кодта ноджы бирӕ ӕндӕр ныхӕстӕй, Фарны Уац сын ӕмбарын кодта. 19Фӕлӕ хицау Иродӕн йе ’фсымӕры ус Иродиадӕйы йӕ цӕстмӕ куы бадардта, стӕй ма йын йӕ иннӕ фыдракӕндты тыххӕй куы бауайдзӕф кодта, 20уӕд ӕй Ирод ахӕстоны бакодта ӕмӕ ма уымӕй йӕ тӕригъӕдтӕ ноджы фӕфылдӕр сты.
21Иоанн, иннӕ адӕмыл куы аргъуыдта, уӕд Йесойыл дӕр саргъуыдта. Аргъуыд исгӕйӕ, Йесо куывта, афтӕмӕй арвы дуар фегом ис, 22Сыгъдӕг Уд Ӕм бӕлоны хуызы ӕрцыд ӕмӕ уӕларвӕй ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Ды Мӕ уарзон Фырт дӕ, Ӕз Дӕуыл аудын».
23Йесо Йӕ лӕггадмӕ куы бавнӕлдта, уӕд Ыл цыди дӕс ӕмӕ ссӕдз азы бӕрц. Адӕм куыд ӕнхъӕл уыдысты, афтӕмӕй Уый уыди Йосифы фырт, Йосиф та — Елиайы. Йӕ фыдӕлтӕ: 24Матфат, Левий, Мелхи, Ианнай, Йосеф, 25Маттафи, Амос, Наум, Еслиа, Наггей, 26Мааф, Маттафи, Семеин, Иосих, Иода, 27Иоанан, Риса, Зоровавел, Шеалтиел, Нери, 28Мелхи, Адди, Косам, Элмадам, Ир, 29Йесо, Елиезер, Иорим, Матфат, Левий, 30Симеон, Иудӕ, Йосеф, Ионам, Елиаким, 31Мелеа, Менна, Маттафа, Нафан, Давид, 32Йессей, Овед, Боаз, Шелах, Нахшон, 33Аминадав, Админ, Арни, Есром, Парец, Иудӕ, 34Йаков, Исаак, Авраам, Терах, Нахор, 35Серух, Рагав, Пелег, Евер, Шелах, 36Каинан, Арфахсад, Сим, Ной, Ламех, 37Мефушал, Енох, Йаред, Махалаел, Кеинан, 38Енош, Шет, Адам, Хуыцау.
Valgt i Øjeblikket:
Лука 3: ОссБ
Markering
Del
Kopiér
Vil du have dine markeringer gemt på tværs af alle dine enheder? Tilmeld dig eller log ind
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

: