Лука 4:5-8

Лука 4:5-8 ОССБ

Уӕд Ӕй хӕйрӕг бӕрзонд ранмӕ скодта, цӕсты фӕныкъуылдмӕ Йын дунейы паддзахӕдтӕ иууылдӕр февзӕрын кодта Йӕ разы ӕмӕ Йын загъта: «Ӕз Дын ратдзынӕн ӕппӕт ацы паддзахӕдтӕ сӕ кад ӕмӕ сӕ хъомысимӕ, уымӕн ӕмӕ мӕнӕн лӕвӕрд сты, ӕмӕ сӕ раттын, кӕмӕн мӕ бафӕнды, уымӕн. Уӕдӕ мӕм куы бакувай, уӕд иууылдӕр уыдзысты Дӕу». Йесо йын дзуапп радта: «Фыст ис: „Кув дӕ Хицау Хуыцаумӕ ӕмӕ лӕггад кӕн ӕрмӕстдӕр Уымӕн“».