Лука 5
5
1Иуахӕмы Йесо Геннисареты цады был лӕууыд, ӕмӕ Йӕм Хуыцауы ныхасмӕ байхъусынмӕ адӕм уырдӕм гуылф кодтой. 2Йесо фӕкасти ӕмӕ цады ауыдта дыууӕ бӕлӕгъы лӕугӕ — кӕсагахсджытӕ рахызтысты ӕмӕ сӕ хызтӕ ӕхсадтой. 3Йесо бӕлӕгътӕй иумӕ, Симоны чи уыд, уыцы бӕлӕгъмӕ бахызти ӕмӕ йын йӕ хицаумӕ бахатыд, былӕй иу чысыл адарддӕр уӕм, зӕгъгӕ. Сбадти бӕлӕгъы ӕмӕ афтӕмӕй ахуыр кодта адӕмы. 4Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд Симонӕн загъта: «Дон арфдӕр кӕм у, уырдӕм бацу, ӕмӕ дзы уӕ хызтӕ баппарут». 5Симон Ын дзуапп радта: «Ахуыргӕнӕг, мах ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕфыдӕбон кодтам ӕмӕ ницы ӕрцахстам. Фӕлӕ кӕд Дӕу афтӕ фӕнды, уӕд баппардзынӕн хызтӕ». 6Сӕ хызтӕ куы баппӕрстой, уӕд уый бӕрц кӕсаг ӕрцахстой, ӕмӕ ма суанг сӕ хызтӕ дӕр скъуыйын райдыдтой. 7Иннӕ бӕлӕгъы чи уыд, уыцы ӕмбӕлттӕм сӕ къухтӕ фӕтылдтой, цӕмӕй сын феххуыс кӕной. Ӕрбацыдысты сӕм, ӕмӕ дыууӕ бӕлӕгъы дӕр афтӕ байдзаг сты, ӕмӕ фӕцӕйдӕлдон кодтой. 8Симон Петр уый куы федта, уӕд Йесойы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ Йын ныллӕгъстӕ кодта: «Мӕ Хицау, ныууадз мӕ, ӕз тӕригъӕдджын адӕймаг дӕн». 9-10Уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ, йемӕ чи уыди, уыдон дӕр, се ’хсӕн — Симоны ӕмбӕлттӕ Йаков ӕмӕ Иоанн, Зеведейы фырттӕ, уый бӕрц кӕсӕгтӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты. Фӕлӕ Йесо загъта Симонӕн: «Ма тӕрс. Нырӕй фӕстӕмӕ адӕмахсӕг уыдзынӕ». 11Кӕсагахсджытӕ дыууӕ бӕлӕгъы дӕр былмӕ раластой, ӕд кӕсӕгтӕ ӕмӕ сӕ ӕд хызтӕ уым ныууагътой ӕмӕ сӕхӕдӕг Йесойы фӕдыл ацыдысты.
12Сахартӕй иуы Йесо фембӕлд, йӕ буар ӕнӕхъӕнӕй дӕр хъотырӕй кӕмӕн нал зынди, ахӕм лӕгыл. Уый Йесойы куы федта, уӕд Йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом ис ӕмӕ Йын лӕгъстӕ кодта: «Бардарӕг, Дӕу куы бафӕнда, уӕд мӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕ». 13Йесо Йӕм Йӕ къух бадардта, бандзӕвыд ыл ӕмӕ загъта: «Фӕнды Мӕ, ссыгъдӕг у». Ӕмӕ рынчын уайтагъд йӕ хъотырӕй сдзӕбӕх ис. 14Йесо йын бафӕдзӕхста: «Макӕмӕн ӕй зӕгъ, фӕлӕ ацу, дӕхи сауджынӕн фенын кӕн ӕмӕ, кӕй ссыгъдӕг дӕ, уый тыххӕй, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ нывонд ӕрхӕсс, кӕй сдзӕбӕх дӕ, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн». 15Фӕлӕ уӕддӕр Йесойӕн Йӕ кой дӕрдтыл айхъуысти, ӕмӕ Йӕм адӕм гуылф кодтой — байхъусынмӕ ӕмӕ сӕхи сдзӕбӕх кӕнынмӕ. 16Йесо-иу Йӕхи ӕдзӕрӕг рӕттӕм айста ӕмӕ куывта.
17Иуахӕмы та Йесо адӕмы ахуыр кодта, ӕмӕ се ’хсӕн фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ дӕр уыди — уыдон ӕрбамбырд сты Галилей ӕмӕ Иудейы алы хъӕутӕй, стӕй Йерусалимӕй. Хуыцауы хъаруйӕ Йесо дзӕбӕх кодта рынчынты. 18Уӕд Ӕм чидӕртӕ ӕндзыгнизӕй рынчын адӕймаджы хуыссӕныл ӕрбахастой, цӕмӕй йӕ бахӕссой хӕдзармӕ ӕмӕ йӕ Йесойы раз ӕрӕвӕрой. 19Фӕлӕ дзы адӕмӕй бацӕуӕн нӕ уыди, ӕмӕ уӕлхӕдзармӕ схызтысты, ӕмбӕрзӕндуртӕ фелвӕстой ӕмӕ рынчыны ӕд хуыссӕн царӕй уаты хӕд астӕумӕ, Йесойы размӕ, ӕруагътой. 20Йесо сын федта сӕ уырнындзинад ӕмӕ рынчынӕн загъта: «Хорз лӕг, хатыргонд дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ». 21Динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ сӕхимидӕг райдыдтой дзурын: «Уый хӕрам ныхас нӕу? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын кӕй бон у?» 22Йесо сын бамбӕрста сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн уӕм афтӕ кӕсы? 23Хатыргонд дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ, зӕгъгӕ, ӕнцондӕр у зӕгъын ӕви: „Рабад ӕмӕ райдай цӕуын“? 24Уӕдӕ зонут: Адӕймаджы Фыртӕн зӕххыл ис тӕригъӕдтӕ хатыр кӕныны бар». Ӕмӕ загъта ӕндзыгнизӕй рынчынӕн: «Дӕумӕ дзурын, рабад, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ дӕ хӕдзармӕ ацу». 25Рынчын уайтагъд рабадти, фелвӕста йӕ хуыссӕн ӕмӕ, Хуыцауӕн кад кӕнгӕйӕ, ацыди йӕ хӕдзармӕ. 26Уӕд се ’ппӕт дӕр дисы бафтыдысты ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн. Тас сӕ бацыди ӕмӕ дзырдтой: «Абон федтам диссаджы хъуыддӕгтӕ».
27Уый фӕстӕ Йесо уырдыгӕй рацыди. Кӕсы, ӕмӕ иу хъалонисӕг, Левий, хъалонисӕн бынаты бады. Йесо йын загъта: «Мӕ фӕдыл рацу». 28Левий алцыдӕр фӕуагъта, фестад ӕмӕ ацыди Йӕ фӕдыл.
29Левий Йесойӕн йӕ хӕдзары ӕрӕвӕрдта хъӕздыг фынг. Фынгыл Йемӕ бадти бирӕ хъалонисджытӕ, стӕй ма дзы ӕндӕр адӕм дӕр дзӕвгар уыд. 30Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ хъуыр-хъуыр кодтой ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдтой: «Хъалонисджытимӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ цӕмӕн хӕрут ӕмӕ нуазут?» 31Йесо сын дзуапп радта: «Дохтыр ӕнӕнизты нӕ, фӕлӕ рынчынты хъӕуы. 32Ӕз ӕрцыдтӕн рӕстытӕм нӕ, фӕлӕ тӕригъӕдджынтӕм фӕсидынмӕ, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕной».
33Уӕд Ын фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ загътой: «Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ ӕдзухдӕр ком дарынц ӕмӕ кувынц, афтӕ — фарисейты ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр, Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та хӕрынц ӕмӕ нуазынц». 34Йесо сын загъта: «Сиахсаг цалынмӕ чындзхӕсджытимӕ уа, уӕдмӕ сӕ ком дарыныл бафтаудзыстут, мыййаг? 35Фӕлӕ сын иу афон сиахсаджы куы акӕной, уӕд дардзысты ком». 36Фӕсномыг ныхас дӕр сын ракодта: «Ног дарӕсӕй гӕппӕл ничи скъуыны ӕмӕ дзы зӕронд дарӕс не ’мпъузы. Науӕд ног дарӕс дӕр ныскъуыдтӕ уыдзӕн, зӕронд дарӕсыл дӕр ӕмпъузӕн не сбаддзӕн. 37Ногдыгъд сӕн дӕр зӕронд лалымты ничи кӕны, уымӕн ӕмӕ ног сӕн лалымтӕ арӕмудздзӕн, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕнӕ ӕфтиагӕй баззайдзӕн, стӕй лалымтӕ дӕр фесӕфдзысты.
38Ногдыгъд сӕн ног лалымты ныккӕнын хъӕуы, цӕмӕй сӕ дыууӕ дӕр баззайой ӕнӕхъӕнӕй. 39Зӕронд сӕнӕй чи бануазы, уый ног сӕн нал фӕхъӕуы, уымӕн ӕмӕ фӕзӕгъы: „Зӕронд хуыздӕр у“».
Valgt i Øjeblikket:
Лука 5: ОссБ
Markering
Del
Kopiér
Vil du have dine markeringer gemt på tværs af alle dine enheder? Tilmeld dig eller log ind
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

: