Лука 7
7
1Йесо адӕмимӕ Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд ацыди Капернауммӕ. 2Иу сӕдӕйыхицауӕн йӕ лӕггадгӕнӕг фӕрынчын ис ӕмӕ мӕлӕты къахыл ныллӕууыд. Йӕ лӕггадгӕнӕг ын тынг зынаргъ уыд, ӕмӕ, 3Йесойы кой куы фехъуыста, уӕд Ӕм иудейӕгты хистӕрты хонӕг арвыста, цӕмӕй йӕм ӕрцӕуа ӕмӕ йын йӕ лӕггадгӕнӕджы сдзӕбӕх кӕна. 4Уыдон ацыдысты Йесомӕ ӕмӕ Йын ныллӕгъстӕ кодтой: «Сӕдӕйыхицау уый аккаг у, ӕмӕ йын Ды баххуыс кӕнай — 5нӕ адӕмыл нын ауды ӕмӕ нын синагогӕ дӕр уый сарӕзта». 6Йесо рацыди семӕ. Йӕ хӕдзармӕ йын куы баввахс ис, уӕд Ын сӕдӕйыхицау Йӕ размӕ йӕ хӕлӕртты рарвыста афтӕ зӕгъынмӕ: «Хицау, Дӕхи ма тыхсын кӕн. Ӕз уый аккаг нӕ дӕн, ӕмӕ Ды мӕ хӕдзармӕ бацӕуай. 7Уымӕ гӕсгӕ ӕз мӕхи дӕр нӕ банымадтон Дӕумӕ фӕцӕуыны аккагыл. Фӕлӕ Дӕ дзыхӕй ӕрмӕст ныхас рацӕуӕд, ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнӕг сдзӕбӕх уыдзӕн. 8Уымӕн ӕмӕ ӕз мӕхӕдӕг дӕр дӕлбар лӕг дӕн, ӕмӕ мӕ дӕлбар дӕр ис ӕфсӕддонтӕ. Иуӕн дзы фӕзӕгъын: „Ацу уырдӕм“, ӕмӕ ацӕуы; иннӕмӕн: „Ардӕм рацу“, ӕмӕ ӕрбацӕуы. Мӕ цагъарӕн фӕзӕгъын: „Уый бакӕн“, ӕмӕ йӕ бакӕны». 9Йесо уый куы фехъуыста, уӕд бадис кодта, разылди, Йӕ фӕдыл цы бирӕ адӕм цыдис, уыдонмӕ ӕмӕ загъта: «Зӕгъын уын, Израилы дӕр Ӕз ахӕм уырнындзинад нӕ федтон». 10Ӕрвыст лӕгтӕ хӕдзармӕ куы раздӕхтысты, уӕд рынчыны дзӕбӕхӕй баййӕфтой.
11Уый фӕстӕ Йесо ацыди, Наин кӕй хуыдтой, уыцы сахармӕ. Йемӕ ацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр адӕм. 12Сахары кулдуармӕ куы баввахс ис, уӕд дзы мард рацӕйхастой — идӕдз усы иунӕг лӕппуйы. Сылгоймагимӕ сахарӕй рацыди бирӕ адӕм. 13Йесо идӕдз усы куы федта, уӕд ын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын загъта: «Ма ку». 14Бацыд ӕмӕ сынтмӕ Йӕ къухӕй бавнӕлдта. Сынтхӕсджытӕ ӕрлӕууыдысты. Уӕд Йесо загъта: «Лӕппу, дӕумӕ дзурын, рабад». 15Мард йӕхиуыл схӕцыди, рабадт ӕмӕ райдыдта дзурын. Уӕд ӕй Йесо йӕ мады бар ныууагъта. 16Адӕмы зӕрдӕты тас бацыд, ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн: «Стыр пехуымпар фӕзынди не ’хсӕн, ӕмӕ Хуыцау ӕркасти Йӕ адӕммӕ». 17Йесойы кой айхъуыст ӕгас Иудейы ӕмӕ йӕ алфамбылай.
18Иоаннӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй фехъусын кодтой. 19Иоанн дзы дыууӕмӕ фӕсидти ӕмӕ сӕ арвыста Хицау Йесойы бафӕрсынмӕ: «Ӕрцӕуинаг Чи у, Уый Ды дӕ, ӕви ӕндӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?» 20Уыдон ӕрбацыдысты Йесомӕ ӕмӕ Йын загътой: «Аргъауӕг Иоанн нӕ Дӕумӕ рарвыста бафӕрсынмӕ: „Ӕрцӕуинаг Чи у, Уый Ды дӕ, ӕви ӕндӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?“» 21Уӕдмӕ Йесо бирӕ адӕмы фервӕзын кодта алыхуызон низтӕй, ӕнӕзӕгъинӕгтӕй, бирӕ куырмыты цӕстӕй ракӕсын кодта. 22Ӕмӕ ӕрвыст лӕгтӕн дзуапп радта: «Цӕут ӕмӕ зӕгъут Иоаннӕн, цы федтат ӕмӕ цы фехъуыстат, уый: куырмытӕ райдыдтой уынын, къуылыхтӕ слӕууыдысты сӕ къахыл, хъотырджынтӕ сдзӕбӕх сты, къуырматӕ райдыдтой хъусын, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, мӕгуыртӕ Фарны Уац хъусынц. 23Ӕмӕ тӕхудиаг у, Мӕныл чи нӕ фӕдызӕрдыг уа, уый!»
24Иоанны минӕвӕрттӕ куы аздӕхтысты, уӕд Йесо адӕмӕн Иоанны тыххӕй дзурын райдыдта: «Ӕдзӕрӕг быдыры цы фенын ӕнхъӕл уыдыстут? Дымгӕ кӕй ӕнкъусы, уыцы хъӕз? 25Уӕддӕр цы фенын ӕнхъӕл уыдыстут? Зынаргъ дарӕс кӕуыл ис, ахӕм адӕймаджы? Фырхъӕздыг дарӕсы чи цӕуы ӕмӕ хъал цард чи кӕны, уыдон паддзӕхты галуанты цӕрынц. 26Фӕлӕ сымах уӕддӕр кӕй фенын ӕнхъӕл уыдыстут? Пехуымпары? О, зӕгъын уын, пехуымпарӕй дӕр уӕлдӕры. 27Иоанн у, афтӕ кӕй тыххӕй фыст ис: „Мӕнӕ Ӕз Мӕ фидиуӕджы ӕрвитын Дӕ разӕй, ӕмӕ Дын уый ӕрцӕттӕ кӕндзӕни Дӕ развӕндаг“. 28Зӕгъын уын: сылгоймагӕй чи райгуырд, уыдоны ӕхсӕн Аргъауӕг Иоаннӕй стырдӕр нӕй, фӕлӕ, Хуыцауы Паддзахады ӕппӕты къаддӕр чи у, уый та у Иоаннӕй стырдӕр.
29Иоаннмӕ чи хъуыста, ӕппӕт уыцы адӕм, суанг хъалонисджытӕ дӕр, Хуыцауы фӕндон банымадтой растыл ӕмӕ донаргъуыд райстой Иоаннӕй. 30Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ та Хуыцауы коммӕ нӕ бакастысты ӕмӕ донаргъуыд нӕ райстой.
31Уӕдӕ кӕуыл абарон ацы адӕмы фӕлтӕр? Кӕй хуызӕн сты? 32Сывӕллӕтты хуызӕн сты, сахары фӕзы чи бады ӕмӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ чи зӕгъы: „Мах уын уадындзӕй цагътам, ӕмӕ сымах нӕ кафыдыстут; мах уын хъарджытӕ кодтам, ӕмӕ сымах нӕ куыдтат“. 33Уымӕн ӕмӕ ӕрцыд Аргъауӕг Иоанн, дзул дӕр нӕ хӕры, сӕн дӕр нӕ нуазы, ӕмӕ дзы зӕгъут: „Хӕйрӕджджын у“. 34Ӕрцыдис Адӕймаджы Фырт, хӕры ӕмӕ нуазы, ӕмӕ Дзы зӕгъут: „Мӕнӕ гуыбындзӕл ӕмӕ расыггӕнаг, хъалонисджыты ӕмӕ тӕригъӕдджынты лымӕн“. 35Фӕлӕ Хуыцауы уӕлзондӕн йӕ цот се ’ппӕт дӕр ӕвдисӕн сты».
36Фарисейтӕй иу чидӕр Йесойы йӕ хӕдзармӕ сихор хӕрынмӕ фӕхуыдта. Йесо бацыди фарисейы хӕдзармӕ ӕмӕ фынгыл ӕрбадти. 37Уыцы сахары иу тӕригъӕдджын сылгоймаг базыдта, Йесо фарисейы хӕдзары фынджы уӕлхъус кӕй бады, уый ӕмӕ ӕрбахаста миррӕйӕ йедзаг дурын. 38Йесойы фӕстӕ, Йӕ къӕхты цур, ӕрлӕууыд ӕмӕ куыдта. Йӕ цӕссыгтӕ Йесойы къӕхтыл калдысты, ӕмӕ сӕ йӕ дзыккутӕй сӕрфта, Йӕ къӕхтӕн Ын батӕ кодта ӕмӕ сӕ миррӕйӕ сӕрста. 39Йесойы фысым, фарисей, уый куы федта, уӕд ахъуыды кодта: «Ай ӕцӕгдӕр пехуымпар куы уаид, уӕд ӕй зонид, цавӕр сылгоймаг Ӕм ӕвналы, уый, уымӕн ӕмӕ ацы сылгоймаг тынг тӕригъӕдджын у». 40Уӕд ын Йесо загъта: «Симон, иу ныхас дын куы зӕгъин, уый Мӕ фӕнды». Уый дзуапп радта: «Зӕгъ ӕй, Ахуыргӕнӕг».
41Йесо загъта: «Иу чидӕр дыууӕ лӕгӕн ӕфстау радта: иу дзы дардта фондзсӕдӕ динары, иннӕ та — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз. 42Цӕмӕй сӕ бафыстаиккой, уый сӕ иумӕ дӕр нӕ уыди, ӕмӕ дыууӕйӕн дӕр ныххатыр кодта. Зӕгъ-ма, уыдонӕй йӕ кӕцы бауарздзӕн фылдӕр?» 43Симон дзуапп радта: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, фылдӕр кӕмӕн ныххатыр кодта, уый». Йесо йын загъта: «Дӕ хъуыды раст у». 44Йесо разылди сылгоймагмӕ ӕмӕ Симонӕн загъта: «Уыныс ацы сылгоймаджы? Ӕз ӕрбацыдтӕн дӕ хӕдзармӕ, ӕмӕ Мын ды Мӕ къӕхтӕ цӕхсынӕн дон дӕр нӕ радтай, уый та Мын йӕ цӕссыгтӕй ӕрӕхсадта Мӕ къӕхтӕ ӕмӕ сӕ йӕ дзыккутӕй ныссӕрфта. 45Ды Мын нӕ аба кодтай, уый та Мын Ме ’рбацыдӕй нырмӕ Мӕ къӕхтӕн батӕ кӕнынӕй не ’нцайы. 46Ды Мын Мӕ сӕр оливӕйы сойӕ нӕ байсӕрстай, уый та Мын Мӕ къӕхтӕ байсӕрста хӕрздӕфгӕнӕнӕй. 47Цӕмӕн, уый дӕр дын зӕгъдзынӕн: бирӕ тӕригъӕдтӕ йын барст ӕрцыд, ӕмӕ бирӕ дӕр уымӕн бауарзта. Чысыл тӕригъӕдтӕ барст кӕмӕн ӕрцыд, уымӕн та йӕ уарзт дӕр чысыл у». 48Сылгоймагӕн та загъта: «Барст дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ».
49Йесоимӕ иу фынгыл чи бадт, уыдон хъуыды кодтой: «Уый Чи у, суанг тӕригъӕдтӕ дӕр куы хатыр кӕны?» 50Йесо та загъта сылгоймагӕн: «Дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта, цу фарнимӕ».
Valgt i Øjeblikket:
Лука 7: ОссБ
Markering
Del
Kopiér
Vil du have dine markeringer gemt på tværs af alle dine enheder? Tilmeld dig eller log ind
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.