Лука 8

8
1Уымӕй чысыл фӕстӕдӕр Йесо зилын райдыдта сахартӕ ӕмӕ хъӕутыл ӕмӕ хъусын кодта Фарны Уац Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Йемӕ уыдысты Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинаджы, 2стӕй ма, ӕнӕзӕгъинӕгты ахӕстӕй кӕй фервӕзын кодта ӕмӕ сӕ низтӕ кӕмӕн фӕсырдта, уыцы сылгоймӕгтӕ — авд дӕлимоны кӕмӕй фӕсырдӕуыд, уыцы Мариа, магдалӕйаг кӕй хуыдтой, уый; 3Хузайы ус Иоаннӕ — Ироды хӕдзары уынаффӕгӕнӕг; уыдонимӕ ма — Сусаннӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр сылгоймӕгтӕ. Се ’ппӕт дӕр сӕхи хардзӕй лӕггад кодтой Йесойӕн ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн.
4Иуахӕмы, тынг бирӕ адӕм Ӕм куы ӕрӕмбырд ис — цӕугӕ та Йӕм кодтой ӕппӕт сахартӕй, — уӕд сын Йесо ӕмбисонд ӕрхаста: 5«Рацыди тауӕг йӕ тауинагимӕ хуыммӕ. Таугӕ-тауын иугай нӕмгуытӕ ӕрхаудысты фӕндаггӕрон ӕмӕ кӕм къӕхты бын фесты, кӕм сӕ уӕларвон мӕргътӕ рауыгътой. 6Нӕмгуытӕй ӕрхауди дурджын ран дӕр ӕмӕ, куы сӕвзӕрдысты, уӕд бахус сты, уымӕн ӕмӕ сын дон фаг нӕ уыди. 7Иннӕ нӕмгуытӕ ӕрхаудысты сындзыты ӕхсӕн, ӕмӕ сӕ уыдон, куы сзадысты, уӕд сӕ быны фӕкодтой. 8Фӕлӕ тауинаджы иу хай ӕрхауди бӕзнаг мӕрыл, нӕмгуытӕ сзадысты ӕмӕ радтой, цы уыдысты, уымӕй фондзыссӕдз хатты фылдӕр тыллӕг».
Йесо уыцы ӕмбисонд ӕрхаста ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!»
9Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йӕ бафарстой: «Цы амоны ацы фӕсномыг ныхас?» 10Йесо сын загъта: «Сымахӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд у Хуыцауы Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын, фӕлӕ иннӕтӕн уыцы фӕсномыг ныхӕсты баззадысты ӕмбӕхстӕй, уымӕн ӕмӕ
„уыдон цӕстӕй кӕсынц,
фӕлӕ нӕ уынынц,
хъусӕй хъусынц, фӕлӕ не ’мбарынц“.
11Ацы фӕсномыг ныхас мӕнӕ цы амоны: тауинаг у Хуыцауы ныхас, 12фӕндаггӕрон цы нӕмгуытӕ ӕрхауд, уыдон та сты ахӕм хъусджытӕ: фехъусынц ныхас, фӕлӕ сӕм уый фӕстӕ ӕрбацӕуы хӕйрӕг ӕмӕ сын ӕй сӕ зӕрдӕйӕ фелвасы, цӕмӕй ма баууӕндой ӕмӕ ма фервӕзой. 13Дурджын ран чи ӕрхауд, уыдон та фехъусынц ныхас, ӕхсызгонӕй йӕ айсынц сӕ зӕрдӕмӕ, фӕлӕ ӕнӕуидаг сты — рӕстӕгмӕ ӕууӕндынц, фӕлварӕнты куы бахауынц, уӕд сӕ уырнындзинад уайтагъд фӕцыдӕр вӕййы. 14Сындзыты ӕхсӕн чи ӕрхауд, уыдон та фехъусынц ныхас, фӕлӕ царды мӕт, мулк ӕмӕ зӕххон хиирхӕфсӕнтӕн сӕ быны фӕвӕййынц, ӕмӕ сын ницы пайда ӕрхӕссы. 15Сойджын мӕрыл чи ӕрхауди, уыдон та сты ахӕм адӕм — фехъусынц ныхас, арф ӕй бавӕрынц сӕ фӕлмӕн ӕмӕ сыгъдӕг зӕрдӕйы ӕмӕ фӕразон кӕй сты, уый фӕрцы стыр пайда ӕрхӕссынц.
16Цырагъ чи ссудзы, уый йыл мигӕнӕн не ’рфӕлдахы, сынтӕджы бын дӕр ӕй нӕ бавӕры, фӕлӕ йӕ сӕвӕры цырагъдарӕныл, цӕмӕй бацӕуджытӕн рухс кӕна. 17Уымӕн ӕмӕ ахӕм сусӕгдзинад нӕй, ӕмӕ ма раргом уа, афтӕ бамбӕхсӕн ницы ис, ӕмӕ ма рахъӕр уа. 18Уӕдӕ, куыд хъусут, уымӕ лӕмбынӕг ӕркӕсут, уымӕн ӕмӕ, кӕмӕ ис, уымӕн рардӕуыдзӕн; кӕмӕ нӕй, уымӕн та, ис мӕм, зӕгъгӕ, ӕнхъӕл цӕмӕй у, уый дӕр байстӕуыдзӕн».
19Йесомӕ ӕрбацыдысты Йӕ мад ӕмӕ Йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ Йӕм сӕ бон адӕмы ’хсӕнты бацӕуын нӕ уыди. 20Чидӕр Ын загъта: «Дӕ мад ӕмӕ Де ’фсымӕртӕ ӕдде лӕууынц, Дӕу фенын сӕ фӕнды». 21Йесо сын дзуапп радта: «Хуыцауы ныхасмӕ чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон сты Мӕ мад ӕмӕ Ме ’фсымӕртӕ».
22Иу хатт Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ бахызти бӕлӕгъмӕ ӕмӕ сын загъта: «Ахизӕм цады иннӕ фарсмӕ». Ӕмӕ араст сты. 23Сӕ фӕндаг дардтой, ӕмӕ уалынмӕ Йесо афынӕй. Ӕвиппайды тыхджын уад сыстади, дон калди бӕлӕгъмӕ, ӕмӕ бӕлццӕттӕ тӕссаг уавӕры бахаудтой. 24Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ Йесомӕ бацыдысты, райхъал Ӕй кодтой ӕмӕ Йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, Ахуыргӕнӕг, сӕфӕм!» Йесо сыстади, уад ӕмӕ уылӕнтӕн бардзырд радта, ӕмӕ банцадысты. Бӕстӕ ныссабыр. 25Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгты бафарста: «Кӕм ис уӕ уырнындзинад?» Уыдон фӕтарстысты ӕмӕ, дисгӕнгӕ, кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уый Чи уа, уад ӕмӕ донӕн бардзырд Чи дӕтты, ӕмӕ уыдон Кӕй коммӕ кӕсынц?»
26Галилейы акомкоммӕ, цады фаллаг фарс чи ис, Герасин, зӕгъгӕ, уыцы бӕстӕм бахӕццӕ сты. 27Йесо былмӕ куы рахызти, уӕд Йӕ размӕ фӕци, раздӕр хӕстӕг сахары чи цард, ахӕм хӕйрӕджджын лӕг. Уый рагӕй дӕр дарӕс нӕ дардта, царди хӕдзары нӕ, фӕлӕ зӕппӕдзты. 28Йесойы куы ауыдта, уӕд йӕхи Йӕ къӕхты бынмӕ баппӕрста ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Цы Дӕ хъӕуы мӕнӕй, Йесо, Иууылбӕрзонд Хуыцауы Фырт? Уый курӕг Дӕ дӕн, ӕмӕ мӕ хъизӕмарӕй ма мар!»
29Уымӕн ӕмӕ Йесо ӕнӕзӕгъинагӕн бардзырд радта, цӕмӕй уыцы адӕймагӕй рацӕуа. Ӕнӕзӕгъинаг ӕй рагӕй тухӕнӕй мардта. Йӕ къухтӕ ӕмӕ-иу ын йӕ къӕхтӕ рӕхыстӕй сбастой, хъахъхъӕдтой йӕ, фӕлӕ-иу уый арӕдывта йӕ рӕхыстӕ ӕмӕ-иу алыгъди, дӕлимон ӕй ӕдзӕрӕг рӕттӕм сырдта. 30Йесо йӕ бафарста: «Дӕ ном куыд у?» Уый загъта: «Легион»#8:30 Ома «ӕнӕнымӕц»., уымӕн ӕмӕ дзы бирӕ дӕлимонтӕ бацыд. 31Уыдон лӕгъстӕ кодтой Йесойӕн, цӕмӕй сӕ дӕлдзӕхмӕ ма фӕсура. 32Уырдӕм хӕстӕг хохыл хызти хуыты стыр дзуг, ӕмӕ дӕлимонтӕ Йесойӕн ныллӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сӕ уыдоны мидӕг бацӕуын бауадза. Йесо сын бар радта. 33Дӕлимонтӕ рацыдысты уыцы лӕгӕй ӕмӕ хуыты бахызтызты. Уыйадыл уыдон къардиуӕй цадмӕ сӕхи фехстой ӕмӕ фӕдӕлдон сты. 34Хуыгӕстӕ уый куы федтой, уӕд азгъордтой ӕмӕ хабар сахары ӕмӕ йӕ алфамбылай хъӕуты фехъусын кодтой.
35Цы ӕрцыди, зӕгъгӕ, адӕм рафӕдис сты. Йесомӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ, дӕлимонтӕй чи фервӕзти, уыцы лӕджы, йӕ дарӕс — йӕ уӕлӕ, йӕ зонд — йӕхимӕ, афтӕмӕй Йесойы къӕхты раз бадгӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты. 36Цы ӕрцыд, уый йӕхи цӕстӕй чи федта, уыцы адӕм сын радзырдтой, хӕйрӕджджын куыд сдзӕбӕх ис, уый. 37Уӕд Герасины алфамбылай цӕрджытӕ иууылдӕр стыр тасы бацыдысты ӕмӕ Йесойӕ куырдтой, цӕмӕй уырдыгӕй ацӕуа. Йесо бӕлӕгъмӕ бахызт ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхти. 38Дӕлимонтӕй кӕй фервӕзын кодта, уыцы лӕг Ын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ Йемӕ акӕна, фӕлӕ йын Йесо загъта: 39«Аздӕх дӕ хӕдзармӕ ӕмӕ радзур, Хуыцау дын цы сарӕзта, уый». Уыцы лӕг ацыд ӕмӕ ӕгас сахары хъусын кодта, Йесо йын цы хорздзинад ракодта, уый.
40Йесо фӕстӕмӕ куы раздӕхт, уӕд адӕм рацыдысты Йӕ размӕ, уымӕн ӕмӕ Йӕм се ’ппӕт дӕр ӕнхъӕлмӕ кастысты. 41Ӕрбацыди Йӕм иу лӕг, йӕ ном — Иаир, синагогӕйы хицау. Йӕхи зӕххыл ӕрӕппӕрста Йесойы къӕхты раз ӕмӕ Йын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын йӕ хӕдзармӕ бацӕуа, 42уымӕн ӕмӕ йӕ иунӕг чызг мӕлгӕ кодта; цыдаид ыл дыууадӕс азы. Йесо куы фӕцӕйцыд, уӕд Ӕй адӕм алырдыгӕй цъист кодтой.
43Иу сылгоймагӕн дыууадӕс азы дӕргъы йӕ туг йӕ цӕуынӕй не ’нцад. Йе ’ппӕт мулк дӕр дохтыртыл бахардз кодта, фӕлӕ йӕ сдзӕбӕх кӕнын никӕй бон баци. 44Сылгоймаг чъылдымы ’рдыгӕй бацыди Йесомӕ, Йӕ пӕлӕзы хаутыл Ын бандзӕвыд, ӕмӕ йӕ туг уайтагъд йӕ цӕуынӕй банцад. 45Йесо бафарста: «Чи Мыл бандзӕвыд?» Ӕмӕ адӕмӕй куы ничи састи, уӕд Ын Петр загъта: «Ахуыргӕнӕг, адӕм Дыл ӕмбырдтӕ кӕнынц ӕмӕ Дӕ алырдыгӕй ӕрбалхъывтой». 46Фӕлӕ Йесо загъта: «Чидӕр Мыл бандзӕвыди, уымӕн ӕмӕ Ӕз банкъардтон, тых Мӕ кӕй рацыди, уый». 47Сылгоймаг, кӕй нӕ басусӕг, уый куы бамбӕрста, уӕд Ӕм тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бацыди ӕмӕ йӕхи Йӕ къӕхты бынмӕ ӕрӕппӕрста. Афтӕ цӕмӕн бакодта ӕмӕ Йыл куы бандзӕвыд, уӕд уайтагъд куыд адзӕбӕх ис, уый ӕппӕт адӕмы раз радзырдта. 48Йесо йын загъта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Цу фарнимӕ». 49Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ синагогӕйы хицаумӕ чидӕр ӕрбацыди йӕ хӕдзарӕй ӕмӕ йын загъта: «Дӕ чызг амард. Ахуыргӕнӕджы мауал тыхсын кӕн». 50Фӕлӕ Йесо уый куы фехъуыста, уӕд синагогӕйы хицауӕн загъта: «Ма тӕрс, ӕрмӕст ӕууӕнд, ӕмӕ фервӕздзӕни». 51Ӕмӕ йын йӕ хӕдзармӕ куы бацыди, уӕд Петр, Иоанн ӕмӕ Йаков, стӕй сабийы фыд ӕмӕ мады йеддӕмӕ никӕй бауагъта Йемӕ мидӕмӕ бацӕуын. 52Адӕм иууылдӕр куыдтой ӕмӕ хъарӕг кодтой чызгыл. Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Ма кӕут — мард нӕу, фынӕй у». 53Уыдон Ыл худтысты, уымӕн ӕмӕ зыдтой, саби кӕй амарди, уый. 54Фӕлӕ йын Йесо рахӕцыд йӕ къухыл ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Мӕнӕ чызг, рабад!» 55Чызгӕн йӕ уд йӕ мидӕг ӕрцыд, ӕмӕ уайтагъд рабадти. Йесо йын хӕринаг раттын кодта. 56Чызджы ныййарджытӕ стыр дисы бафтыдысты, фӕлӕ сын Йесо бафӕдзӕхста, цы ӕрцыди, уый макӕмӕн радзурут, зӕгъгӕ.

Valgt i Øjeblikket:

Лука 8: ОссБ

Markering

Del

Kopiér

None

Vil du have dine markeringer gemt på tværs af alle dine enheder? Tilmeld dig eller log ind