Марк 13

13
1Йесо Кувӕндонӕй куы рацӕйцыд, уӕд Ын Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу загъта: «Ахуыргӕнӕг, акӕс-ма ацы дуртӕ ӕмӕ ацы бӕстыхӕйттӕм!» 2Йесо йын дзуапп радта: «Ацы стыр бӕстыхӕйттӕ уыныс? Уыдон афтӕ ныппырх уыдзысты, ӕмӕ дзы дур дурыл нал баззайдзӕн».
3Йесо Елеоны хохыл Кувӕндоны бакомкоммӕ куы бадти, уӕд Ӕй Петр, Йаков, Иоанн ӕмӕ Андрей хибарӕй бафарстой: 4«Зӕгъ-ма нын, уый кӕд уыдзӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕн се ’рцыды афон цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕнис?»
5Йесо сын райдыдта дзурын: «Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ мачи фӕсайа. 6Уымӕн ӕмӕ Мӕ номӕй бирӕтӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: „Ӕз Чырысти дӕн“, ӕмӕ бирӕты фӕсайдзысты. 7Хӕстӕг ӕмӕ дард хӕстыты кой куы фехъусат, уӕд-иу ма фӕтӕрсут — ӕппӕт уыдӕттӕн ӕнӕ ӕрцӕугӕ нӕй, фӕлӕ уый нырма кӕрон нӕ уыдзӕни.
8Иу адӕм сыстдзӕнис иннӕйы ныхмӕ ӕмӕ паддзахад — паддзахады ныхмӕ, ранӕй-рӕтты уыдзӕни зӕххӕнкъуыстытӕ, стонг заман скӕндзӕнис. Ӕппӕт уыдӕттӕ, сылгоймаг аргӕ-арын цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзары, уый ӕнгӕс сты.
9Фӕлӕ сымах уӕхи цӕттӕ дарут: синагогӕты уын тӕрхон кӕндзысты ӕмӕ уӕ уым нӕмдзысты; ӕвдисӕн Мын лӕудзыстут хицӕуттӕ ӕмӕ паддзӕхты раз. 10Фӕлӕ уал уыдӕтты размӕ ӕппӕт адӕмтӕм хъуамӕ фӕхӕццӕ уа Фарны Уац. 11Тӕрхонмӕ уӕ куы кӕной, уӕд-иу, цы зӕгъдзыстут, ууыл рагацау ма тыхсут — дзурут-иу, тӕккӕ уыцы уысм уын цы рардӕуа, уый, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг нӕ, фӕлӕ Сыгъдӕг Уд дзурдзӕни уӕ дзыхӕй. 12Ӕфсымӕр ӕфсымӕры ратдзӕн мӕлӕтмӕ, фыд — йӕ хъӕбулты; цот рацӕудзысты сӕ ныййарджыты ныхмӕ ӕмӕ сӕ амардзысты. 13Мӕн тыххӕй алкӕмӕн дӕр ӕнӕуынон суыдзыстут, фӕлӕ, кӕронмӕ чи бафӕраза, уый фервӕздзӕн.
14Кӕм не ’мбӕлы, уым „ӕлгъаг заууат“ куы фенат (ацы ныхӕстӕ чи кӕсы, уый сӕ йӕхӕдӕг бамбарӕд), уӕд, Иудейы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм. 15Уӕлхӕдзар чи уа, уый уырдыгӕй йӕ хӕдзармӕ исты рахӕссынмӕ мауал ӕрхизӕд; 16быдыры чи уа, уый дӕр хӕдзармӕ йӕ дарӕс рахӕссынмӕ мауал баздӕхӕд. 17Мӕгуыры бон акӕндзӕни уыцы бонты сывӕрджын ӕмӕ дзидзидарӕг сылгоймӕгтыл! 18Кувут, цӕмӕй уӕ зымӕджы ма бахъӕуа лидзын. 19Уымӕн ӕмӕ уыцы бонты ӕрцӕудзӕн, дунесфӕлдыстӕй нырмӕ чи нӕма ӕрцыд ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕр чи нал ӕрцӕудзӕн, ахӕм ӕвирхъау бӕллӕх. 20Ӕмӕ Бардарӕг уыцы бонтӕ куы нӕ фӕкъаддӕр кодтаид, уӕд удӕгасӕй ничиуал баззадаид. Фӕлӕ Йе ’взӕрст адӕмы — Йӕхӕдӕг кӕй равзӕрста, уыдоны сӕраппонд сӕ фӕкъаддӕр кодта.
21Уӕд уын исчи афтӕ куы зӕгъа: „Мӕнӕ ам ис Чырысти“ кӕнӕ: „Уӕртӕ уым ис“, — ма уӕ бауырнӕд. 22Уымӕн ӕмӕ фӕзындзысты мӕнгчырыститӕ ӕмӕ мӕнгпехуымпартӕ, равдисдзысты ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ, цӕмӕй гӕнӕн ӕмӕ амалӕй ӕвзӕрстыты дӕр асайой. 23Уӕхи хизут — ӕппӕт уыдӕттӕ уын Ӕз рагацау зӕгъын.
24Уӕд, уыцы бӕллӕхты фӕстӕ, „хур аныгуылдзӕн ӕмӕ мӕй нал ратдзӕн йӕ рухс, 25стъалытӕ арвӕй дӕлӕмӕ ӕрхаудзысты, ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ нынкъуысдзысты“. 26Уӕд „Адӕймаджы Фырты фендзысты стыр хъомыс ӕмӕ кадимӕ ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ“. 27Ӕмӕ уӕд арвитдзӕни Йӕ зӕдты ӕмӕ алы рӕттӕй — зӕххы кӕронӕй арвы кӕронмӕ — Йе ’взӕрстыты ӕрӕмбырд кӕндзӕн.
28Райсут цӕвиттонӕн легъуи бӕлас: йӕ къалиутӕ куы ракъуыбар вӕййынц ӕмӕ сыл сыфтӕр куы фӕзыны, уӕд фӕзонут, сӕрдмӕ бирӕ кӕй нал ис. 29Уӕдӕ сымах ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕстгӕнгӕ куы фенат, уӕд-иу зонут, афон кӕй ӕрӕввахс ис ӕмӕ ныридӕгӕн къӕсӕрыл кӕй лӕууы. 30Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ацы фӕлтӕр нӕма аивгъуыйдзӕн, афтӕ ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцӕудзысты. 31Арв ӕмӕ зӕхх нал уыдзысты, Мӕ ныхӕстӕ та мыггагмӕ дӕр уыдзысты сӕ тыхы.
32Уыцы бон кӕнӕ уыцы сахат ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт — ӕрмӕст ӕй Фыд зоны. 33Уӕдӕ уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ уыцы афон кӕд ӕрцӕудзӕни, уый нӕ зонут.
34Цӕвиттон, иу лӕг цыди балцы ӕмӕ йӕ хӕдзар йӕ цагъарты бар ныууагъта, алкӕмӕн дӕр дзы бӕлвырд хъуыддаг бахӕс кодта ӕмӕ дуаргӕсӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй къӕрцхъус уа. 35Афтӕ сымах дӕр уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ нӕ зонут, хӕдзары хицау кӕд ӕрбаздӕхдзӕн, уый: изӕрӕй, ӕмбисӕхсӕв, кӕркуасӕнты ӕви сӕумӕрайсом. 36Ӕнӕнхъӕлӕджы куы фӕзына, уӕд уӕ фынӕйӕ ма ӕрбаййафӕд! 37Сымахӕн цы зӕгъын, уый алкӕмӕ дӕр хауы: уӕхи цӕттӕ дарут!»

Valgt i Øjeblikket:

Марк 13: ОссБ

Markering

Del

Kopiér

None

Vil du have dine markeringer gemt på tværs af alle dine enheder? Tilmeld dig eller log ind