Марк 15
15
1Куыддӕр ӕрбабон ис, афтӕ алчертӕ, адӕмы хистӕртӕ, динамонджытӕ ӕмӕ ӕппӕт синедрион ӕрӕмбырд сты ӕмӕ уынаффӕ рахастой. Йесойы сбастой, акодтой Йӕ ӕмӕ Йӕ Пилаты къухмӕ радтой. 2Пилат Ӕй бафарста: «Ды иудейӕгты Паддзах дӕ?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй зӕгъыс». 3Ӕмӕ Йӕ алчертӕ бирӕ хъуыддӕгты азымджын кодтой. 4Пилат та Йӕ бафарста: «Ницы дзуапп дӕттыс? Уыныс, куыд бирӕ азым Дӕм хӕссынц». 5Фӕлӕ йын Йесо ницыуал загъта, ӕмӕ Пилат дисы бафтыди.
6Пилат-иу алы бӕрӕгбоны дӕр, адӕмы курдиатмӕ гӕсгӕ, иу ахӕсты ссӕрибар кодта. 7Уыцы рӕстӕг сӕм ахӕстоны йӕ хъузӕттимӕ — змӕстыты рӕстӕг туг чи ныккалдта, уыдонимӕ — бадти иу лӕг, йӕ ном — Вараввӕ. 8Адӕм ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Пилатӕй куырдтой, цӕмӕй та сын ацы хатт дӕр, раздӕр куыд кодта, афтӕ бакӕна. 9Пилат сӕ бафарста: «Фӕнды уӕ, цӕмӕй уын иудейаг Паддзахы суӕгъд кӕнон?» 10Уый зыдта, алчертӕ йын Йесойы йӕ къухмӕ сӕ фыр хӕлӕгӕй кӕй радтой, уый. 11Фӕлӕ алчертӕ адӕмы сардыдтой, Вараввӕйы сын рауадзыныл куыд дзурой, афтӕ. 12Пилат сӕ ногӕй бафарста: «Уӕдӕ, сымах иудейаг Паддзах Кӕй хонут, Уымӕн та цы бакӕнон?» 13Уыдон ныхъхъӕр кодтой: «Байтындз Ӕй!» 14Пилат сын загъта: «Уагӕр ӕвзӕрӕй цы ракодта?» Фӕлӕ уыдон ноджы тынгдӕр ныхъхъӕр кодтой: «Байтындз Ӕй!» 15Уӕд Пилат, адӕмы зӕрдӕ балхӕныны охыл, Вараввӕйы ахӕстонӕй рауагъта, Йесойы та ехсӕй фӕнӕмын кодта ӕмӕ Йӕ дзуарыл байтындзынмӕ радта.
16Ӕфсӕддонтӕ Йесойы акодтой бӕстыхицауы галуаны мидӕггаг кӕртмӕ, ӕмӕ ӕгас ӕфсӕддон хаймӕ дӕр уырдӕм фӕсидтысты. 17Сӕнт сырх пӕлӕз Ыл скодтой, сындзытӕй кады худ сбыдтой, Йӕ сӕрыл Ын ӕй ӕркодтой 18ӕмӕ дзырдтой: «Ӕгас цӕуӕд иудейаг Паддзах!» 19Йӕ сӕр Ын лӕдзӕгӕй цавтой, тутӕ Йыл кодтой, Йӕ разы-иу сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ-иу зӕххыл ныддӕлгом сты. 20Сӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн сӕхи куы фӕирхӕфстой, уӕд Ын Йӕ сӕнт сырх пӕлӕз раластой, фӕстӕмӕ Йыл Йӕхи дарӕс скодтой ӕмӕ Йӕ дзуарыл байтындзынмӕ акодтой.
21Уыцы рӕстӕг фӕссахарӕй ӕрбацӕйцыди иу киренӕйаг лӕг, Симон, Александр ӕмӕ Руфы фыд; ӕмӕ Йесойы дзуар уымӕн ахӕссын кодтой. 22Йесойы ӕркодтой, Голгофӕ (ома Сӕргӕхцы бынат) кӕй хонынц, уырдӕм. 23Ӕмӕ Йын сӕн лӕвӕрдтой смирнӕимӕ хӕццӕйӕ, фӕлӕ йӕ Уый нӕ бакуымдта. 24Дзуарыл Ӕй чи байтыгъта, уыдон Ын Йӕ дарӕстыл хӕлттӕ сӕппӕрстой ӕмӕ сӕ се ’хсӕн байуӕрстой. 25Ӕртыккаг сахат уыди, афтӕ Йӕ дзуарыл байтыгътой#15:25 Сахӕттӕ амынд сты рагон нымадӕй (кӕс дзырдуаты). . 26Цӕй тыххӕй Йӕ азымджын кодтой, уый уыди Йӕ сӕрмӕ фыст: «Иудейӕгты Паддзах». 27Йемӕ ма дзуӕрттыл байтыгътой дыууӕ абырӕджы, иуы — Йӕ рахизфарс, иннӕйы та — Йӕ галиуфарс.
28[Афтӕ сӕххӕст ис, Сыгъдӕг Фысты цы загъдӕуыди, уый: «Фыдгӕнджыты хыгъдмӕ Йӕ бахастӕуыд».]
29Йӕ рӕзты-иу чи фӕцӕйцыд, уыдон сӕ сӕртӕ ӕнкъуыстой ӕмӕ Йын алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кодтой: «Гъей, Кувӕндон халӕг ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ аразӕг! 30Дӕхи фервӕзын кӕн — дзуарӕй ӕрхиз». 31Афтӕ Дзы хынджылӕг кодтой алчертӕ дӕр динамонджытимӕ ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Иннӕты ирвӕзын кодта, Йӕхи фервӕзын кӕнын та Йӕ бон нӕу! 32Чырысти, Израилы Паддзах! Ныр дзуарӕй ӕрхизӕд, цӕмӕй Йӕ нӕхи цӕстӕй фенӕм ӕмӕ Йыл баууӕндӕм». Йемӕ Йын кӕй байтыгътой, уыдон дӕр Ӕй фаудтой.
33Ӕхсӕзӕм сахат куы ралӕууыди, уӕд бӕстӕ ӕгасӕй дӕр баталынг ис, ӕмӕ афтӕ ахаста суанг фарӕстӕм сахаты онг. 34Фарӕстӕм сахатыл Йесо хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Элои, Элои, лема сабахтани?», ома: «Мӕ Хуыцау, Мӕ Хуыцау, цӕмӕн Мӕ ныууагътай?»
35Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, уым чи лӕууыди, уыдонӕй чидӕртӕ загътой: «Илийамӕ дзуры». 36Уӕд сӕ иу азгъордта, хырыз комраз туаг сӕны атылдта, лӕдзӕгыл ӕй ӕрсагъта ӕмӕ Йын ӕй йӕ дзыхмӕ схаста, афтӕ дзургӕйӕ: «Фӕлӕуут-ма, бакӕсӕм, кӕддӕра Йӕм Илийа ӕрцӕуид ӕмӕ Йӕ дзуарӕй ӕрисид». 37Йесо та хъӕрӕй ныууынӕргъыдта ӕмӕ Йӕ уд систа. 38Уӕд Кувӕндоны мидӕмбӕрзӕн уӕлейӕ дӕлӕмӕ дыууӕ дихы фӕцис. 39Йӕ бакомкоммӕ чи лӕууыди, уыцы сӕдӕйыхицау, Йесо хъӕрӕй куыд ныууынӕргъыдта ӕмӕ Йӕ уд куыд систа, уый куы федта, уӕд загъта: «Ацы Адӕймаг ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт уыди». 40Уым уыди сылгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ кастысты дардӕй: се ’хсӕн — магдалӕйаг Мариа, Иосет ӕмӕ кӕстӕр Йаковы мад Мариа, стӕй Саломи. 41Йесо ма Галилейы куы уыди, уӕд уыдон цыдысты Йӕ фӕдыл ӕмӕ Йын лӕггад кодтой. Уыди ма дзы, Йемӕ Йерусалиммӕ чи ӕрбацыд, бирӕ ахӕм ӕндӕр сылгоймӕгтӕ дӕр.
42Уӕдмӕ баизӕр ис, ӕмӕ, майрӕмбон кӕй уыди — сабатмӕ цӕттӕгӕнӕн бон, — 43уымӕ гӕсгӕ синедрионы уӕнг, нымад лӕг, аримафейаг Йосеф, йӕхӕдӕг дӕр Хуыцауы Паддзахадмӕ чи ӕнхъӕлмӕ касти, уый йӕ ныфс бахаста Пилатмӕ бацӕуын ӕмӕ дзы Йесойы мард ракурын. 44Йесо ныридӕгӕн кӕй амарди, уый Пилатмӕ диссаг фӕкаст, сӕдӕйыхицаумӕ фӕсидти ӕмӕ йӕ бафарста: «Раджы амард?» 45Ӕмӕ хабар бӕлвырд куы базыдта, уӕд Йесойы мард раттын кодта Йосефӕн.
46Йосеф балхӕдта мӕрдӕмбӕрзӕн, Йесойы мард ӕриста, батыхта Йӕ уыцы мӕрдӕмбӕрзӕны ӕмӕ Йӕ бавӕрдта, къӕдзӕхы цы зӕппадз къахт уыди, уым; йӕ бахизӕныл ын дур бафӕлдӕхта. 47Магдалӕйаг Мариа ӕмӕ Иосеты мад Мариа та кастысты ӕмӕ федтой, кӕм Ӕй бавӕрдтой, уый.
Valgt i Øjeblikket:
Марк 15: ОссБ
Markering
Del
Kopiér
Vil du have dine markeringer gemt på tværs af alle dine enheder? Tilmeld dig eller log ind
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.