Иоанн 1
1
Бацӕуӕн хай. Царды Дзырд
1Райдианы уыди Дзырд, ӕмӕ Дзырд уыди Хуыцаумӕ, ӕмӕ Дзырд уыди Хуыцау. 2Уый райдианы уыди Хуыцаумӕ. 3Ӕппӕт дӕр Уый фӕрцы сфӕлдыстӕуыд, ӕмӕ, цыдӕриддӕр ис, уыдонӕй ӕнӕ Уымӕй ницы сфӕлдыстӕуыд. 4Уый уыди царддӕттӕг, ӕмӕ уыцы цард адӕмӕн уыди сӕ рухс. 5Рухс талынджы рухс кӕны, ӕмӕ йыл талынг нӕ фӕтых ис.#Ин 3:19.
6Уыди Хуыцауӕй ӕрвыст лӕг, йӕ ном Иоанн.#Мт 3:1. 7Уый ӕрцыдис ӕвдисӕнӕн, цӕмӕй зӕгъа Рухсы тыххӕй ӕмӕ Йыл адӕм иууылдӕр баууӕндой йӕ фӕрцы. 8Уый йӕхӕдӕг Рухс нӕ уыд, фӕлӕ ӕрвыст уыди Рухсы тыххӕй зӕгъынмӕ.
9Уыцы Рухс уыди ӕцӕг, дунемӕ ӕрцӕуджытӕй алкӕй дӕр Чи срухс кӕны, ахӕм.
10Уый уыдис, Йӕ фӕрцы чи фӕзынди, уыцы дунейы, фӕлӕ Йӕ дуне нӕ базыдта. 11Ӕрцыд йӕхионтӕм, ӕмӕ Йӕ йӕхионтӕ нӕ айстой.#Мт 15:24. 12Фӕлӕ Йӕ чи айста ӕмӕ Йыл чи баууӕндыд, уыдонӕн та радта Хуыцауы хъӕбултӕ суӕвыны бар.#Ром 8:15; Гал 3:26. 13Уыдон нӕдӕр тугӕй, нӕдӕр буары монцӕй, нӕдӕр зӕххон адӕймаджы фӕндӕй райгуырдысты — Хуыцауӕй рантыстысты.#Ин 3:5.
14Дзырд сси Адӕймаг ӕмӕ царди не ’хсӕн, хорзӕх ӕмӕ ӕцӕгадӕй ӕххӕстӕй. Ӕмӕ Йын мах федтам Йӕ кад — Фыдӕй иунӕг Фыртӕн цы кад ис, уый.#Мт 1:16; 17:2; Ин 17:24; 2 Кор 3:9; Дзут 2:11. 15Иоанн Ын ӕвдисӕн лӕууы ӕмӕ хъӕрӕй сиды: «Уый у, ӕз афтӕ Кӕмӕй загътон: „Мӕ фӕстӕ Чи цыди, Уый фӕци мӕ разӕй, уымӕн ӕмӕ ӕз нӕма уыдтӕн, Уый та уыди“».#Мт 3:11. 16Ӕмӕ Йӕ ӕгӕрон ӕххӕстдзинадӕй мах не ’ппӕт дӕр хорзӕх хорзӕхы фӕдыл райстам,#Эф 1:6; Кол 1:19. 17уымӕн ӕмӕ нын Ӕгъдау Моисейы фӕрцы лӕвӕрд уыд, Хуыцауы хорзӕх, фарн ӕмӕ ӕцӕгад та нын раргом кодта Йесо Чырысти.#Ром 3:24. 18Хуыцауы никуы ничи федта, фӕлӕ нын Ӕй Йӕ иунӕг Фырт — Фыдимӕ иу Чи у ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау Чи у, Уый раргом кодта.#1 Ин 4:12; 1 Тим 6:16.
19Иудейӕгтӕ#1:19 Иоанны Евангелийы дзырд «иудейаг» арӕх амоны «иудейаг хицау». Йерусалимӕй сауджынтӕ ӕмӕ левитты Иоаннмӕ, ды чи дӕ, зӕгъгӕ, бафӕрсынмӕ куы арвыстой,#Ин 5:33. 20уӕд ӕй уый нӕ басусӕг кодта ӕмӕ ӕргомӕй загъта: «Чырысти нӕ дӕн».#Ин 3:28; Хъуыд 13:25. 21Уӕд ӕй бафарстой: «Уӕдӕ чи дӕ? Илийа дӕ?» Уый сын загъта: «Нӕ дӕн». «Пехуымпар#1:21 Ам дзырдӕуы, уыцы заманы иудейӕгтӕ кӕмӕ ’нхъӕлмӕ кастысты, уыцы пехуымпарыл. дӕ?» Уый дзуапп радта: «Нӕ дӕн». 22Бафарстой та йӕ: «Уӕдӕ чи дӕ? Цы дзуапп раттӕм нӕ рарвитджытӕн? Дӕхӕдӕг дӕхи тыххӕй цы зӕгъдзынӕ?» 23Уый сын дзуапп радта пехуымпар Исайайы ныхӕстӕй: «Ӕз дӕн ӕдзӕрӕг быдыры фидиуӕджы хъӕлӕс: „Сӕмраст кӕнут Бардарӕгӕн Йӕ фӕндаг“».#Мт 3:3; Мк 1:3; Лк 3:4. 24Кӕй Йӕм арвыстой, уыдон та уыдысты фарисейтӕ. 25Ӕмӕ йӕ бафарстой: «Уӕдӕ кӕд нӕдӕр Чырысти дӕ, нӕдӕр Илийа, нӕдӕр пехуымпар, уӕд цӕмӕн аргъауыс?» 26Иоанн сын дзуапп радта: «Ӕз аргъауын донӕй, фӕлӕ уе ’хсӕн лӕууы иу Чидӕр, сымах Кӕй нӕ зонут, Уый — 27мӕ фӕстӕ Цӕуӕг, ӕмӕ ӕз Уымӕн Йӕ дзабыры бос райхалыны аккаг дӕр нӕ дӕн». 28Ацы ныхас рауади Вифанийы, Иорданы цӕугӕдоны фаллаг фарс, Иоанн кӕм аргъуыдта, уым.
29Дыккаг бон Иоанн кӕсы, ӕмӕ йӕм Йесо ӕрбацӕуы, ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ Хуыцауы Уӕрыкк, дунейы тӕригъӕдтӕ Чи ахӕсдзӕни, Уый. 30Ай тыххӕй уын загътон: „Мӕ фӕстӕ цы Адӕймаг цӕуы, Уый фӕци мӕ разӕй, уымӕн ӕмӕ ӕз нӕма уыдтӕн, Уый та уыди“. 31Ӕз Ӕй нӕ зыдтон, фӕлӕ донӕй аргъауынмӕ уымӕн ӕрцыдтӕн, цӕмӕй Йӕ Израилӕн раргом кӕнон».#Мк 1:4. 32Ӕмӕ Иоанн, ӕвдисӕн лӕугӕйӕ, дзырдта: «Ӕз федтон, Сыгъдӕг Уд уӕларвӕй бӕлоны хуызы Уымӕ куыд ӕрцӕйцыд ӕмӕ Йемӕ куыд баззади, уый.#Мт 3:16; Мк 1:10; Лк 3:22; Ин 6:27. 33Ӕз Ӕй нӕ зыдтон, фӕлӕ мӕ донӕй аргъауынмӕ Чи рарвыста, Уый мын загъта: „Уд ӕрцӕйцӕугӕ ӕмӕ ӕрӕнцайгӕ Кӕуыл фенай, Уый у Сыгъдӕг Удӕй аргъауӕг“. 34Ӕз уыдӕттӕ федтон ӕмӕ, Уый Хуыцауы Фырт кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн лӕууын».
35Дыккаг бон дӕр та Иоанн лӕууыд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕимӕ. 36Ӕмӕ Йесойы фӕцӕйцӕугӕ куы федта, уӕд загъта: «Мӕнӕ Хуыцауы Уӕрыкк». 37Ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд сӕ дыууӕ дӕр ацыдысты Йесойы фӕдыл. 38Йесо фӕстӕмӕ куы фӕзылд ӕмӕ сӕ Йӕ фӕдыл цӕугӕ куы федта, уӕд сӕ фӕрсы: «Цы уӕ хъӕуы?» Уыдон дӕр Ӕй бафарстой: «Равви (ома Ахуыргӕнӕг), кӕм цӕрыс?» 39Уый сын загъта: «Рацӕут ӕмӕ йӕ фендзыстут». Уыдон ацыдысты ӕмӕ федтой, Йесо кӕм цӕры, уый. Ӕмӕ уыцы бон уым Йемӕ баззадысты. Уыди дӕс сахатмӕ#1:39 Сахӕттӕ амынд сты рагон нымадӕй (кӕс дзырдуаты). ӕввахс.
40Иоаннӕй Йесойы кой чи фехъуыста ӕмӕ Йӕ фӕдыл чи ацыди, уыцы дыууӕйӕ иу уыдис Андрей, Симон Петры ӕфсымӕр. 41Андрей ӕвӕстиатӕй бацагуырдта йе ’фсымӕр Симоны ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам Мессиайы» (ома Чырыстийы). 42Ӕмӕ йӕ Йесомӕ ӕрбакодта. Йесо йӕм бакаст ӕмӕ йын загъта: «Иоанны фырт Симон, дӕ ном уыдзӕни Кифӕ» (ома «дур», бердзенагау — Петр)#1:42 Кифӕ арамейагау ӕмӕ Петр бердзенагау амонынц «дур»..#Мт 16:18.
43Дыккаг бон Йесо Галилеймӕ цӕуынвӕнд скодта. Ссардта Филиппы ӕмӕ йын загъта: «Цом Мемӕ». 44Филипп та уыди Вифсаидӕйӕ, Андрей ӕмӕ Петр кӕцӕй уыдысты, уыцы сахарӕй. 45Уӕд Филипп бацагуырдта Нафанаилы ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам, Моисейы Ӕгъдауы, стӕй пехуымпарты чингуыты Кӕй тыххӕй фыст ис, уыцы Назаретаг Йесойы, Йосифы фырты». 46Нафанаил ын дзуапп радта: «Назаретӕй дӕр хорзӕй исты рацӕудзӕн?» Филипп ын загъта: «Ацу ӕмӕ йӕ дӕхӕдӕг фен». 47Йесо Нафанаилы ӕрбацӕйцӕугӕ куы федта, уӕд загъта: «Мӕнӕ ӕцӕг израилаг, хиндзинад кӕмӕ нӕй, уый». 48Нафанаил Ӕй бафарста: «Ды мӕ кӕцӕй зоныс?» Йесо йын дзуапп радта: «Филипп дӕм нӕма фӕдзырдта, афтӕ дӕ Ӕз федтон легъуи бӕласы бын». 49Нафанаил Ын загъта: «Равви, Ды дӕ Хуыцауы Фырт, Израилы Паддзах!» 50Йесо йын дзуапп радта: «Ды ӕууӕндыс, уымӕн ӕмӕ дын загътон: „Ӕз дӕ федтон легъуи бӕласы бын“. Фендзынӕ ма уымӕй фылдӕр». 51Ноджы ма йын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: нырӕй фӕстӕмӕ уындзыстут, арвы дуар куыд байгом вӕййы ӕмӕ Хуыцауы зӕдтӕ Адӕймаджы Фыртмӕ куыд ӕрцӕуынц ӕмӕ фӕстӕмӕ уӕларвмӕ куыд ссӕуынц, уый».
Tällä hetkellä valittuna:
Иоанн 1: ИрББЛ2022
Korostus
Jaa
Kopioi
Haluatko, että korostuksesi tallennetaan kaikille laitteillesi? Rekisteröidy tai kirjaudu sisään
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022

: