Лука 24

24
Чырыстийы райгас
1Къуырийӕн йӕ фыццаг бон сылгоймӕгтӕ, цы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕрцӕттӕ кодтой, уыдон семӕ райстой, афтӕмӕй сӕумӕйӕ зӕппадзмӕ атындзыдтой.#Мт 28:1; Мк 16:1; Ин 20:1. 2Зӕппадзы дур иуварс фӕлдӕхтӕй баййӕфтой. 3Бацыдысты мидӕмӕ, фӕлӕ Хицау Йесойы мард уым нӕ разынди, 4ӕмӕ джихӕй аззадысты. Ӕваст сӕ разы дыууӕ лӕджы цӕхӕркалгӕ дарӕсы февзӕрдысты. 5Сылгоймӕгтӕ афтӕ фӕтарстысты, ӕмӕ сӕ сӕртӕ уӕлӕмӕ нал истой, фӕлӕ сын уыдон загътой: «Удӕгасы мӕрдтимӕ цы агурут? 6Ам нӕй, райгас ис. Галилейы ма куы уыди, уӕд уын цы дзырдта, уый-ма ӕрхъуыды кӕнут:#Мт 17:22. 7„Адӕймаджы Фырт хъуамӕ лӕвӕрд ӕрцӕуа тӕригъӕдджын адӕмы къухмӕ. Уыдон Ӕй дзуарыл байтындздзысты, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕни“». 8Уӕд сылгоймӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты Йесойы ныхӕстӕ. 9Раздӕхтысты зӕппадзӕй ӕмӕ ӕппӕт дӕр радзырдтой иуӕндӕс ахуыргӕнинагӕн, стӕй иннӕтӕн дӕр. 10Уыцы сылгоймӕгтӕ уыдысты магдалӕйаг Мариа, Иоаннӕ ӕмӕ Йаковы мад Мариа. Семӕ ма уыдис ӕндӕр сылгоймӕгтӕ, ӕмӕ уыдон дӕр апостолтӕн хабар афтӕ радзырдтой. 11Фӕлӕ сыл нӕ баууындыдысты, афтӕ сӕм фӕкаст, цыма уыдон ӕрмӕст афтид ныхӕстӕ сты.
12Петр уӕддӕр фестад ӕмӕ зӕппадзмӕ азгъордта. Ӕргуыбыр кодта, йӕ хуылфмӕ йын бакаст ӕмӕ дзы мардӕмбӕрзӕн йеддӕмӕ куы ницы федта, уӕд фӕстӕмӕ раздӕхти, цы ӕрцыди, ууыл хинымӕр дисгӕнгӕйӕ.#Ин 20:6.
Эммаусмӕ фӕндагыл Йесо раргом ис Йӕ дыууӕ ахуыргӕнинагмӕ
13Раст уыцы бон ахуыргӕнинӕгтӕ дыууӕйӕ, Йерусалимӕй ӕртиссӕдз стадийы#24:13 60 стадийы — 11 километры бӕрц. дарддӕр цы Эммаусы хъӕу уыдис, уырдӕм фӕцӕйцыдысты#Мк 16:12. 14ӕмӕ фӕндагыл, цы цаутӕ ӕрцыди, уыдоныл дзырдтой. 15Ныхас куы кодтой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн сӕ хъуыдытӕ куы дзырдтой, уӕд сӕм Йесо Йӕхӕдӕг ӕрбаввахс ӕмӕ семӕ бамбал ис. 16Фӕлӕ Йӕ уыдон, цыма сӕ цӕстытӕй рӕстмӕ ницыуал уыдтой, уыйау нӕ базыдтой. 17Йесо сӕ бафарста: «Уый цӕуыл дзурут цӕугӕ-цӕуын?» Уыдон ӕнкъардӕй ӕрлӕууыдысты, 18ӕмӕ Йын сӕ иу, Клеопа, дзуапп радта: «Йерусалиммӕ ӕрцӕуджытӕй, ӕвӕццӕгӕн, иунӕг Ды нӕ зоныс, ацы бонты уым цы ӕрцыди, уыдӕтты тыххӕй?» 19Йесо сӕ бафарста: «Цы нӕ зонын?» Уыдон Ын загътой: «Назаретаг Йесойы хабар. Хъуыддагӕй дӕр ӕмӕ ныхасӕй дӕр Уый уыди тыхджын пехуымпар Хуыцауы ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз.#Мт 21:11; Лк 7:16; Ин 3:2; 6:14; Хъуыд 2:22. 20Нӕ хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ Йын нӕ хицӕуттӕ марыны тӕрхон рахӕссын кодтой, ӕмӕ Йӕ дзуарыл байтыгътой. 21Мах та нӕ зӕрдӕ дардтам, Израилы Чи фервӕзын кӕндзӕн, Уый кӕй у, ууыл. Йӕ байтыгъдыл ныр ӕртыккаг бон цӕуы,#Лк 2:25; Хъуыд 26:6. 22ӕмӕ нӕ сылгоймӕгтӕй чидӕртӕ мах дисы бафтыдтой — сӕумӕйӕ уыдысты зӕппадзы цур, 23фӕлӕ Йын Йӕ мард не ссардтой. Ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ радзырдтой, зӕдтӕ, дам, нӕм фӕзындысты ӕмӕ нын загътой, Йесо удӕгас у, зӕгъгӕ. 24Уӕд махӕй чидӕртӕ ацыди зӕппадзмӕ, ӕмӕ алцы дӕр, сылгоймӕгтӕ куыд радзырдтой, афтӕ разынди, Йӕхи та Йын нӕ федтой».
25Уӕд сын Йесо загъта: «О ӕнӕмбаргӕтӕ! Куыд зынтӕй ӕууӕндут, пехуымпартӕ рагуацы хуызы цы загътой, ӕппӕт уыдӕттыл! 26Чырысти цӕмӕй Йӕ кады бӕрзӕндмӕ схиза, уый тыххӕй Йын ӕппӕт уыцы хъизӕмӕрттӕ бавзаринаг нӕ уыдысты, ӕви?» 27Ӕмӕ сын, Моисей ӕмӕ ӕппӕт пехуымпартӕй райдайгӕйӕ, бамбарын кодта, ӕппӕт Фыстыты Йӕхи тыххӕй цы загъд ис, уыдӕттӕ.
28Цы хъӕумӕ цыдысты, уымӕ куы баввахс сты, уӕд Йесойы фӕндыд дарддӕр цӕуын. 29Фӕлӕ Йӕ уыдон урӕдтой ӕмӕ Йын лӕгъстӕ кодтой: «Баззай немӕ, тагъд баизӕр уыдзӕн, бон фӕивгъуыйы». Уӕд Уый дӕр бацыди хъӕумӕ ӕмӕ семӕ баззади. 30Ӕмӕ Йесо фынгыл семӕ куы ӕрбадти, уӕд райста дзул, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, ӕрсаста йӕ ӕмӕ сӕм ӕй алӕвӕрдта. 31Уӕд Ӕм бакастысты ӕмӕ Йӕ базыдтой, фӕлӕ Йӕ цӕстӕй нал уыдтой. 32Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Фӕндагыл немӕ куы ныхас кодта ӕмӕ нын Сыгъдӕг Фыст куы амыдта, уӕд нӕ риуы нӕ зӕрдӕтӕ нӕ сыгъдысты, ӕви?» 33Уыйадыл фестадысты ӕмӕ фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ аздӕхтысты.
Йесо Йӕ райгасы фӕстӕ раргом ис иуӕндӕс апостолмӕ ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм
Иуӕндӕс ахуыргӕнинаджы иннӕтимӕ иумӕ уым ӕмбырдӕй баййӕфтой. 34Уыдон дзырдтой, Хицау бӕлвырд райгас ис ӕмӕ Йӕхи Симонмӕ раргом кодта, зӕгъгӕ. 35Ацы дыууӕ дӕр сын радзырдтой, фӕндагыл сыл цы ӕрцыди, уый, стӕй Йесойы куыд базыдтой, дзул куы ӕрсаста, уӕд.
36Уыдӕттыл куы ныхас кодтой, уӕд Йесо Йӕхӕдӕг се ’хсӕн ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Фӕрнӕйдзаг ут!»#Мк 16:14; Ин 20:19; Хъуыд 13:31; 1 Кор 15:5. 37Уыдон фыр тӕссӕй сагъдау аззадысты — афтӕ фенхъӕлдтой, цыма ӕндӕрг уынынц. 38Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Афтӕ тынг цӕмӕй фӕтарстыстут, ӕмӕ уӕм ахӕм хъуыдытӕ цӕмӕн ӕвзӕры? 39Фенут Мын Мӕ къухтӕ ӕмӕ Мӕ къӕхтӕ: уый Ӕз Мӕхӕдӕг дӕн. Басгарут Мӕ ӕмӕ сбӕлвырд кӕнут: ӕндӕргӕн буар ӕмӕ стджытӕ нӕй, Ӕз та, куыд уынут, афтӕмӕй буардзыд дӕн». 40Уыцы ныхӕсты фӕстӕ сын фенын кодта Йӕ къухтӕ ӕмӕ Йӕ къӕхтӕ. 41Фыр цинӕй сӕ куы нӕ уырныдта ӕмӕ дисы куы бафтыдысты, уӕд сын загъта: «Хӕринаг уӕм ницы ис?» 42Физонӕггонд кӕсаджы кӕрдих Ӕм радтой. 43Уый йӕ райста ӕмӕ йӕ сӕ разы бахордта.
44Уый фӕстӕ сын загъта: «Уемӕ ма куы уыдтӕн, уӕд уын Ӕз уымӕн дзырдтон, Моисейы Ӕгъдау, пехуымпарты чингуытӕ ӕмӕ псаломты Мӕн тыххӕй цы загъд ис, ӕппӕт уыдӕттӕ хъуамӕ сӕххӕст уой, зӕгъгӕ».#Мт 16:21. 45Раргом сын кодта, Сыгъдӕг Фыст куыд ӕмбарын хъӕуы, уый 46ӕмӕ загъта: «Фыст ис, Чырысти хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ ӕртыккаг бон мӕрдтӕй райгас уыдаид, зӕгъгӕ.#Лк 24:27. 47Ӕмӕ, Йерусалимӕй райдайгӕйӕ, ӕппӕт адӕмтӕм фӕсидын хъӕуы Йӕ номӕй, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ сын барст ӕрцӕуой. 48Ӕппӕт уыдӕттӕн сымах ут ӕвдисӕн. 49Ӕз уын рарвитдзынӕн, Мӕ Фыд уын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. Ӕмӕ уал ацы сахары баззайут, цалынмӕ уӕларвон тыхӕй не схайджын уат, уӕдмӕ».#Ин 14:16; 15:26; Хъуыд 1:4,8.
Йесо ссыди уӕларвмӕ
50Ӕмӕ сӕ сахарӕй Вифанийы онг ракодта. Йӕ къухтӕ хӕрдмӕ систа ӕмӕ сын арфӕ ракодта. 51Арфӕгӕнгӕйӕ сӕ адард ис ӕмӕ уӕларвмӕ ссыди.#Мк 16:19; Хъуыд 1:9. 52Уыдон Ын зӕххы онг ныллӕг акуывтой ӕмӕ уый фӕстӕ стыр цинимӕ раздӕхтысты Йерусалиммӕ. 53Уӕдӕй фӕстӕмӕ иудадзыг уыдысты Кувӕндоны ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн.

Tällä hetkellä valittuna:

Лука 24: ИрББЛ2022

Korostus

Jaa

Kopioi

None

Haluatko, että korostuksesi tallennetaan kaikille laitteillesi? Rekisteröidy tai kirjaudu sisään