1
Иоанн 13:34-35
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
ИрББЛ2022
Дӕттын уын ног фӕдзӕхст: уарзут кӕрӕдзийы. Ӕз уӕ куыд уарзын, афтӕ сымах дӕр кӕрӕдзийы уарзут. Уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат, уӕд алчидӕр базондзӕн, сымах Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый».
השווה
חקרו Иоанн 13:34-35
2
Иоанн 13:14-15
Уӕдӕ уын кӕд Ӕз, Хицау ӕмӕ Ахуыргӕнӕг, уӕ къӕхтӕ цӕхсадтон, уӕд сымах дӕр хъуамӕ ӕхсат уӕ кӕрӕдзийы къӕхтӕ. Ӕз уын равдыстон, сымах дӕр куыд хъуамӕ кӕнат, уый.
חקרו Иоанн 13:14-15
3
Иоанн 13:7
Йесо йын дзуапп радта: «Ӕз цы кӕнын, уый ды ныртӕккӕ нӕма ӕмбарыс, фӕлӕ йӕ фӕстӕдӕр бамбардзынӕ».
חקרו Иоанн 13:7
4
Иоанн 13:16
Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: цагъар йӕ хицауӕй уӕлдӕр нӕу, стӕй минӕвар дӕр йӕ рарвитӕгӕй уӕлдӕр нӕу.
חקרו Иоанн 13:16
5
Иоанн 13:17
Кӕд уый зонут, уӕд тӕхудиаг уыдзыстут, сымах дӕр афтӕ куы кӕнат, уӕд.
חקרו Иоанн 13:17
6
Иоанн 13:4-5
фынгӕй сыстади, раласта Йе ’ддаг дарӕс, райста хисӕрфӕн ӕмӕ йӕ ӕрбабаста Йӕ астӕуыл. Уый фӕстӕ дурыны дон ныккодта ӕмӕ райдыдта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ къӕхтӕ ӕхсын ӕмӕ сӕ Йӕ астӕуыл баст хисӕрфӕнӕй сӕрфын.
חקרו Иоанн 13:4-5
בית
כתבי הקודש
תכניות
קטעי וידאו