Logoja YouVersion
Ikona e kërkimit

Райдиан 3

3
Фыццаг тӕригъӕд
1Дунедарӕг Хуыцау кӕй рафӕлдыста, уыцы зӕххон цӕрӕгойты ’хсӕн калмӕй хиндӕр ӕмӕ кӕлӕндӕр нӕ уыд. Ӕмӕ уый сылгоймаджы бафарста: «Ӕцӕг уын загъта Хуыцау, дыргъдоны цы бӕлӕстӕ ис, уыдонӕй макӕцыйы дыргътӕй фӕхъӕстӕ ут, зӕгъгӕ?» 2Сылгоймаг дзуапп радта: «Дыргътӕй нын хӕрыны бар ис. 3Дыргъдоны астӕу цы бӕлас зайы, ӕрмӕст нын уымӕй загъта Хуыцау, йӕ дыргътӕй йын ма бахӕрут, ӕвналгӕ дӕр сӕм ма бакӕнут, науӕд амӕлдзыстут, зӕгъгӕ». 4«Нӕ амӕлдзыстут, — загъта калм сылгоймагӕн. — 5Фӕлӕ Хуыцау зоны: куыддӕр уыдонӕй фӕхъӕстӕ уат, афтӕ байгом уыдзысты уӕ цӕстытӕ, ӕмӕ Хуыцауы ӕмсӕр суыдзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы сты, уый базондзыстут».
6Сылгоймаг федта: бӕласы дыргътӕ хӕрынӕн бӕззынц, сӕ уындӕй цӕст рӕвдауынц ӕмӕ ма уыимӕ зондыл дӕр ӕфтауынц. Ӕртыдта ӕмӕ дзы бахордта, йӕ мойӕн дӕр дзы радта, ӕмӕ уый дӕр бахордта. 7Уыйадыл сӕ дыууӕ дӕр ракастысты сӕ цӕстӕй, бӕгънӕг кӕй сты, уый федтой, ӕмӕ легъуи бӕласы сыфтӕй сӕхицӕн синӕмбӕрзӕнтӕ скодтой. 8Изӕры уддзӕф куы ӕрбадымдта, уӕд хъусынц, ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау дыргъдоны рацӕуы. Адам ӕмӕ йӕ ус бӕлӕсты фӕстӕ амбӕхстысты. 9Фӕлӕ Дунедарӕг Хуыцау фӕсидт Адаммӕ: «Кӕм дӕ?» 10Уый Йын дзуапп радта: «Дӕ къахдзӕфтӕ дын куы айхъуыстон дыргъдоны, уӕд фыр тӕссӕй бамбӕхстӕн, уымӕн ӕмӕ бӕгънӕг дӕн». 11Хуыцау ӕй фӕрсы: «Чи дын загъта, бӕгънӕг дӕ, уый? Тобӕ дын цы бӕласӕй загътон, уымӕй ма саходай?» 12Адамы дзуапп уыди: «Ды мын цы усы радтай, уый мын бахӕрын кодта уыцы бӕласы дыргътӕй». 13Дунедарӕг Хуыцау сылгоймаджы бафарста: «Уый цы бакуыстай?» Сылгоймаг загъта: «Калм мӕ фӕрӕдийын кодта, ӕмӕ дзы уымӕн бахордтон».
14Уӕд Дунедарӕг Хуыцау калмӕн загъта:
«Афтӕ кӕй бакодтай, уый тыххӕй
ӕппӕт цӕрӕгойты ’хсӕн
ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлӕг ис,
уыдоны ’хсӕн ӕлгъыст дӕ.
Дӕ гуыбыны цъарыл бырдзынӕ,
цард-цӕрӕнбонты рыг хӕрдзынӕ.
15Мыггагмӕ кӕрӕдзийӕн знаг кӕнын дӕу ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаг ӕмӕ йӕ байзӕддаджы. Уый дын цъӕл кӕндзӕни дӕ сӕр, ды та йын йӕ зӕвӕтыл хӕцдзынӕ».
16Сылгоймагӕн Дунедарӕг Хуыцау загъта:
«Де ’нхъӕлцауы бонтӕ
хъизӕмаргӕнгӕ ’рвитдзынӕ,
тухӕнтӕгӕнгӕ цот ардзынӕ.
Дӕ моймӕ дӕ ласдзӕн дӕ зӕрдӕ,
ӕмӕ дын уый хицау уыдзӕни».
17Адамӕн Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Дӕ усы коммӕ кӕй бакастӕ ӕмӕ дын тобӕ цы бӕласӕй загътон, уый дыргътӕй кӕй бахордтай, уый тыххӕй ӕлгъыст у зӕхх дӕу тыххӕй.
Цӕрӕнбонты дзы исдзынӕ дӕ къӕбӕр,
хъизӕмӕрттӕ ’взаргӕйӕ.
18Хӕмпӕлгӕрдӕг ӕмӕ сындзытӕ дын
ӕрзайын кӕндзӕн зӕхх.
Сӕтдзынӕ де стонг быдыры кӕрдӕгӕй.
19Тыллӕгмондагӕй калдзынӕ дӕ сау хид,
цалынмӕ, цы зӕххӕй ист ӕрцыдтӕ,
уыцы зӕхмӕ бацӕуай, уӕдмӕ,
уымӕн ӕмӕ ды сыджыт дӕ
ӕмӕ бафтдзынӕ дӕ сыджытыл».
20Адам йӕ усӕн радта ном Евӕ, уымӕн ӕмӕ уый сси ӕппӕт цӕрджыты рагмад#3:20 Евӕ у, дзуттагау «цард» чи амоны, уыцы дзырды ӕнгӕс.. 21Дунедарӕг Хуыцау Адам ӕмӕ йӕ усӕн скодта цӕрмын дарӕстӕ.
22Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Ныр адӕймаг сси Мах хуызӕн, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы сты, уый зоны. Ӕмӕ ныр царды бӕласмӕ дӕр куы фӕныхила, йӕ дыргъӕй йын куы бахӕра ӕмӕ ӕнусмӕ куы цӕра». 23Ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау рарвыста Адамы Едемы дыргъдонӕй, цы зӕххӕй ист ӕрцыди, ууыл кусынмӕ. 24Ратардта адӕймаджы ӕмӕ Едемы дыргъдоны цур, скӕсӕнӕрдыгӕй, сӕвӕрдта херувимты ӕмӕ, алырдӕм чи ӕвзиды, ахӕм судзгӕ-зилгӕ кард — царды бӕласмӕ фӕндаг хъахъхъӕнынӕн.

Aktualisht i përzgjedhur:

Райдиан 3: ИрББЛ2022

Thekso

Ndaje

Copy

None

A doni që theksimet tuaja të jenë të ruajtura në të gjitha pajisjet që keni? Regjistrohu ose hyr