1
Иоанн 11:25-26
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн мӕрдтӕй ӕгасгӕнӕг ӕмӕ царддӕттӕг. Мӕныл чи ӕууӕнды, уый куы амӕла, уӕддӕр райгас уыдзӕн. Мӕныл ӕууӕндгӕйӕ чидӕриддӕр цӕры, уый никуы амӕлдзӕн. Уырны дӕ?»
Karşılaştır
Иоанн 11:25-26 keşfedin
2
Иоанн 11:40
Йесо йын дзуапп радта: «Нӕ дын дзырдтон, куы дӕ уырна, уӕд Хуыцауы кад фендзынӕ, зӕгъгӕ?»
Иоанн 11:40 keşfedin
3
Иоанн 11:35
Йесойӕн йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты.
Иоанн 11:35 keşfedin
4
Иоанн 11:4
Йесо уый куы фехъуыста, уӕд загъта: «Уыцы низӕн йӕ кӕрон мӕлӕтмӕ нӕ цӕуы — Хуыцауы кадӕн у, цӕмӕй уый руаджы Хуыцауы Фырты кад раргом уа».
Иоанн 11:4 keşfedin
5
Иоанн 11:43-44
Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо хъӕрӕй загъта: «Лазыр, ӕддӕмӕ рацу!» Ӕмӕ мард рацыди, йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ — мӕрдӕмбӕрзӕн хӕцъилты тыхт, йӕ цӕсгом — цӕсгомӕмбӕрзӕнӕй ӕхгӕд. Йесо сын загъта: «Райхалут ӕй, ӕмӕ ацӕуа».
Иоанн 11:43-44 keşfedin
6
Иоанн 11:38
Йесойӕн йӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр суынгӕг ис, афтӕмӕй бацыди зӕппадзы размӕ. Уый уыди лӕгӕт, йӕ бацӕуӕныл ын дур бафӕлдӕхтӕуыд.
Иоанн 11:38 keşfedin
7
Иоанн 11:11
Уыцы ныхӕстыл ма Йесо бафтыдта: «Нӕ хӕлар Лазыр бафынӕй ис, ӕмӕ Ӕз цӕуын йӕ райхъал кӕнынмӕ».
Иоанн 11:11 keşfedin
Ana Sayfa
Kutsal Kitap
Okuma Planları
Videolar