1
Райдиан 19:26
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
Лоты ус фӕстӕмӕ фӕкаст ӕмӕ цӕххы цӕджындз фестад.
አወዳድር
{{ጥቅስ}} ያስሱ
2
Райдиан 19:16
Фӕлӕ Лот фӕстиат кодта, ӕмӕ йын лӕгтӕ йӕ къухыл рахӕцыдысты. Рахӕцыдысты йын йӕ ус ӕмӕ йӕ дыууӕ чызджы къухтыл дӕр ӕмӕ сӕ фӕссахар балӕууын кодтой, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг тӕригъӕд кодта Лотӕн.
3
Райдиан 19:17
Куы сӕ ракодтой, уӕд Лотӕн загътой: «Гъеныр дӕ сӕр бафснай! Фӕстӕмӕ дӕр мауал фӕкӕс, дӕлвӕзы макуы ӕрлӕуу! Хӕхты ’рдӕм цӕугӕ, науӕд сӕфыс!»
4
Райдиан 19:29
Гъе афтӕ, Хуыцау Иорданы дӕлвӕзы сахартӕ куы бабын кодта, уӕд нӕ ферох кодта Авраамы — Лоты рагацау рарвыста уыцы фыдохы ранӕй, йӕ цӕрӕнбынатӕй.
ቤት
መጽሐፍ ቅዱስ
እቅዶች
ቪዲዮዎች